Цард куыд ивы, афтæ адæймаджы миниуджытæ дæр ивгæ цæуынц, æрмæст, хъыгагæн, æвзæрæрдæм. Зæрдæ бариссы, нæ алыварс цытæ уынæм, уыдæттæм кæсгæйæ. Бынтон бæллæх та уый у, æмæ сæ аиуварс кæнынæн ницы мадзæлттæ агурæм. Æрмæст дзургæ тынг бирæ кæнæм. Зæгъæм, «… ай цы хабар у, хорз æвзæрæй куы нал иртасæм, кæстæр хистæр куы нал æмбарæм…»
Фынджы хабæрттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нывыл хъуамæ цæуой. Ардыгæй рацæуынц нæ фыдæлты фарн, æгъдау æмæ фæтк. Фæлæ сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр у нæ кæстæрты хъомыладмæ æркæсын. Нæ сæ ахуыр кæнæм хистæрæн кад кæныныл, сылгоймаджы раз фыддзыхæй нæ дзурын, мад, фыды сæр хъуыды кæнын, хæларæй цæрын, кæрæдзийæн æххуыс кæнын, нæ алыварс æрдз уарзын, мæргътæ æмæ цæрæгойтыл аудыныл.
Цæмæн сты нæ кæстæртæ ахæм æнæхатыр, цы аххосаг ис уыдæттæн? Нæ Ныхасты уæнгтæн бындуронæн сæ куысты ацы фарстатæ райсын хъæуы…
Чысыл дæнцæг æрхæсдзынæн. Æз арæх куыстмæ фæцæуын, автобус «Исток» кæй хонынц, уым. Райсомæй дзы тынг бирæ скъоладзаутæ вæййы. Æмæ мæ стыр дисы бафтауы иу хъуыддаг. Хистæр бахызт автобусмæ, уæд иу скъоладзау дæр йæ бынатæй нæ фезмæлдзæн. Омæ махæн ма стæнт, фæлæ ма фæндагыл бахизынц сæ ахуыргæнджытæ. Æмæ уæ цæстытыл ауайын кæнут: ахуыргæнджытæ лæууынц, скъоладзаутæ бадынц. Уыимæ нæ уайдзæф нæ иу дæр нæ кæны. Мæхицæй дæр зæгъын. Иу заман иу лæппуйæн бауайдзæф кодтон, æмæ уый фæстæ мæ зæрдæ дыууæ боны рисгæ фæкодта, ахæм дзыхы уагæй мæм сдзырдта… Уæдæй фæстæмæ нал уæндын сдзурын…
Дæ кæстæрмæ дзурын ма уæнд, уымæй ма кæуинагдæр хабар цы уа?!.
Мах-иу нæ ахуыргæнæджы уынгты æрцæйцæугæ куы федтам, уæд-иу хæдзармæ лыгъдыстæм, ам мæ дзæгъæл лæуд кæнгæ куы фена, зæгъгæ. Ахæм кадджын уыдысты нæ цæсты… Раст зæгъын хъæуы, сæхæдæг дæр ныл тынг тыхстысты. Лæмæгъдæр скъоладзаутимæ-иу урочыты фæстæ баззадысты æмæ сын æххуыс кодтой. Ныр та нæ репетитортæ æххуырсын хъæуы!
Ныридæгæн хистæрæн кад чи нæ кæны, уый ма фæстæдæр цы уыдзæн, уæлдайдæр чызджытæ? Искæй хæдзары цавæр æгъдау равдисдзысты? Чызг æндæр мыггагмæ куы бакъахдзæф кæны, уæд ыл бирæ хæстæ æвæрд вæййы. Зонын ахæм æфсинтæ, кæцытæ фæзæгъынц «æз современный æфсин дæн…» Нæ фыдæлтæ æнæзонд уыдысты, алы фæзилæны дæр хицæн æгъдау кæй домдтой, уымæй? Тынг раст уыд хицаумæ, сыхы хистæртæ æмæ тиутæм уайсадын. Чындз-иу йæ сæрбæттæнæй бæрæг дардта чызджыты æхсæн, æмæ йын-иу кад кодтой, лæппутæ-иу æм уæлдай дзырд нæ уæндыдысты, æфсæрмы дзы кодтой. Ныр та искуы-иу хатт ног чындзыл урс сæрбæттæн куы фенæм, уæд сагъдауæй, дисгæнгæ йæ фæдыл кæсгæйæ баззайæм…
Афтæ мачи хъуыды кæнæд, æмæ хорз æфсин цыфæнды æвзæр чындзы дæр раст фæндагыл сараздзæн. Уыцы чызг йæ хæдзарæй, йæ мадæй цы æгъдау рахаста, ууыл фидар хæцдзæн, ницавæр æфсин æй басæтдзæн.
Мæ карæнтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыды кæнынц, скъолайы ногдзаутæ æмæ фæскомцæдис цас ахъаз уыдысты кæстæр фæлтæры хъомылады. Куыд ерыс кодтам хорз ахуыр кæныныл, хистæртæн лæггад кæныныл, хуыздæр уæвыныл!.. Иу-æхсæз азы размæ дæр ма Олгинскæйы цы ногдзауты къорд уыд, уый-иу æз стыр диссагæн дæнцæгæн æрхастон. Сæ разамонæджы ном сын нæ хъуыды кæнын — тынг разæнгардæй куыста. Фæлæ, æвæццæгæн, сæ сырх галстуччытæ нæ «зондджын» хицауадæй, кæйдæр цæстытæ къахтой æмæ сывæллæтты хъуырæй стыдтой ацы диссаджы мадзал…
Кæнæ ма уæды чингуытæ райсæм æмæ ныр цытæ рауадзынц, уыдонимæ абарæм. Советон дуджы рæстæг алы хъуыдыйадмæ дæр нæ ахуыргæндтæ, фысджытæ лæмбынæг кастысты. Хуыцау бахизæд æмæ дзы æвзæрæрдæм чи сахада скъоладзауыл, ахæм исты хъуыды аирвæза!..
Мæнмæ гæсгæ, «Иры Стыр Ныхас» æмæ Ахуырад æмæ наукæйы министрад иумæ фылдæр æргом куы здахиккой æмæ куы кæсиккой скъолаты чингуыты æрмæг æмæ уавæрмæ, стæй хъомыладон куыстмæ, уæд нæ фæрæдииккой. Ацы фарстатæ нæ фынгæвæрдтыты хабæрттæй бирæ ахсджиагдæр сты. Стæй сæ кармæ куы ахæццæ уой, уæд фынджы æгъдæуттыл дæр сахуыр уыдзысты.
Афтæ нæ зæгъын, æмæ Ныхастæ ницы кусынц. Зилынц скъолатыл, дзурынц патриотон хъомыладыл (хæсты хабæрттыл) æмæ æгъдæуттыл. Махæн та нæ хъомылады уидæгтæ ныффидар сты нæ ахуыргæнджыты, ногдзаутæ æмæ фæскомцæдисон къордты руаджы. Уыдон нæ ахуыр кодтой хистæрæн кад кæнын, æххуыс ын кæнын, кæстæрты раст фæндагыл аразын. Гъе, уыцы кæнæ ахæм къордтæ скæныныл бацархайын хъæуы, уымæн æмæ стыр пайда йеддæмæ зиан ницы хастой.
Махæн Елхоты не скъолайы уыд дыргъдзæхæрадон. Ахуыр нæ кодтой бæлæстæм зилын. Суанг ма сæ æхсæдын дæр. Хуымтæ къахтам, халсартæ сагътам, рывтам сæ. Уыдис нæм тимуронты къордтæ. Уыдон хистæр кар адæмæн æххуыс кодтой сæ хæдзары æмæ цæхæрадоны куыстыты. Арæзтам фæскомцæдисон бригадæтæ æмæ-иу æххуыс кодтам колхозонтæн быдыры хор æфснайæнты. Иу ныхасæй, æфтыд уыдыстæм фæллойыл.
Ахъуыды-ма кæнæм, уыдæттæ хъомыладон куыстмæ нæ хаудысты? Ныр та скъолайæ æрбацæуынц æмæ, бон-сауизæрмæ, кæнæ компьютерты раз бадынц, кæнæ сæ телефонтыл ныггуыбыр вæййынц. Уымæн æмæ сын уæгъд рæстæг æгæр бирæ ис!
Æрæджы иу æрыгон лæппу, Марат, куы йæ базыдта, Ныхасы кусын, уый, уæд мын афтæ: — Уæ хорзæхæй, цæуылты фæдзурут уе ‘мбырдты? Цавæр æгъдау нæ домут, кæд æмæ мах царды æмæ фынгыл дæр хатгай фенæм ахæм хистæрты, йæхимæ æгъдау кæмæ нæй.
Нæ кæстæртæ ныл æргом худын райдыдтой. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ уал нæ æппæты фыццаг нæхимæ æркæсын хъæуы… Æз нæ хъуыды кæнын, мах рæстæджы, ныртæккæ куыд карзæй дзурæм ирон æгъдæуттыл, афтæ дзырдтой, уый, уымæн æмæ сыл дзурыны сæр дæр ницæмæн хъуыд — алы æгъдау дæр йæ бынаты уыд.
Æрбамбырд ма ут, нæ куырыхон хистæртæ, æмæ Советон дуджы, стæй ныры рæстæджы хъомыладон куысты мадзæлттæ иумæ абарут, æмæ уæм кæцы ахадгæдæр кæсы, уымæ нæ тыхтæ саразæм… Кæстæрты хъомыладон куыстæн æппæты фыццаг йæ уидаг ссарын æмæ ныффидар кæнын хъæуы…
КЪУБАЛТЫ Зинæ, «Иры Стыр Ныхас»-ы Рахизфарсы районы хайады нымæрдар
РЕДАКЦИЙÆ: Къубалты Зинæ йæ уацы цы ахсджиаг фарста систа, уый комкоммæ хауы сæ районы Ныхасмæ дæр. Æмæ йыл иудадзыг разæнгардæй куы кусиккой, скъолатæм арæхдæр куы цæуиккой, рæзгæ фæлтæримæ, фæсивæдимæ ирон рæсугъд, мидисджын, адæймагдзинады æгъдæуттыл-иу зæрдæйæ-зæрдæмæ æргом куы аныхас кæниккой, уæд сæ абоны уавæр бирæ хуыздæр уаид. «Иры Стыр Ныхас»-æн дæр йе ‘нцæйттæ районты Ныхастæ сты.














