Комкоммæ ныхас

0
3271

Æндæрæбон нæ республикæйы национ телеуынынады фæлгæты журналисттимæ фембæлд æмæ сын сæ фæрстытæн дзуапп радта нæ республикæйы спорты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БÆРОЙТЫ Хасан.

Кæй зæгъын æй хъæуы, куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ ам дæр ныхас райдыдта нæ бæстæйы футболон командæйы уæлахизæй. Бæройы-фырт куыд бафиппайдта, афтæмæй, бæргæ, хорз уыдаид, æмæ нæ футболон командæ куы рацыдаид размæ æмæ дарддæр куы хъазыдаид чемпионаты. Фæлæ ныр дæр йæ къухы цы æнтыстдзинад бафтыд, уый дæр у стыр кады аккаг. Стæй уæд сæ алы хъазтæй дæр адæмты кæй иу кодтой, уымæн та аргъ уæвгæдæр нæй.

Бæройы-фыртмæ цы алыхуызон фæрстытæ лæвæрд цыд, уыдонæй иу уыд, горæты бирæфатерон хæдзæртты кæртыты цы спортивон фæзтæ ис, æдзæллаг уавæрмæ чи ‘рцыд, уыдон цалцæггонд кæд æрцæудзысты, уый тыххæй.

Министры ныхасмæ гæсгæ, фæзтæ ахæм уавæры кæй сты, уый хорз нæу. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ министрады цы программæт 34æ ис, уыдон бар нæ дæттынц, цæмæй зæронд фæзтæ цалцæг кæнæм.

— Махæн æнцондæр у ног хъазæн, ног спортивон, ирхæфсæн фæз саразын. Дыккаг аххосаг та уый у, æмæ фæзтæ цы зæххы хæйттыл вæййынц, уыдон сты бынæттон хиуынаффæйады администрациты исбонады, æмæ йæм цæст дæр уыдон хъуамæ дарой, — загъта министр. Дарддæр Бæройы-фырты бафарстæуыд Хъуылаты Бадзийы номыл спорты галуан «Манеж»-ы сцалцæг кæнынæй. Нæ республикæйы арæзт цæуынц бирæ спортивон галуантæ æмæ фæзтæ, фæлæ «Манеж»-ы та цыма нæ уынынц. Кæд æмæ ардыгæй рацыдысты нæ республикæйы хъуыстгонддæр богæлттæ æмæ æндæр спортсментæ.

— Спорты галуан «Манеж»-ы кой куы кæнæм, уæд уый у, нæ республикæйы цыдæриддæр спорты галуантæ ис, уыдоны фыдæл. Æнæмæнг æй хъæуы бындуронæй сцалцæг кæнын. Æмæ йæ цалцæг дæр скæндзыстæм. Уый æппындæр гуырысхойаг нæу. Фæлæ хорз уаид, æмæ нæ республикæйы куы фæзынид спорты ног галуан. Кæцыйы уыдзæн, иу фондз мин адæймаджы кæм бацæуа, ахæм зал, спорты æппæт хуызтæн дæр бынат кæм уа иу цары бын. Ацы фарстайыл абон архайы нæ республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав дæр. Æмæ уæ бауырнæд, абоны зын уавæрты ацы хъуыддаг нæ къухы куы бафта, уæд, æвæццæгæн, махæй амондджындæр нæ уыдзæн. Æппынфæстаг нæ республикæ уый аккаг у. Акæсæм-ма, цал æмæ цал Олимпаг чемпионы нæм ис! — загъта Бæройы-фырт.

Комкоммæ ныхасы фæлгæты ма министримæ æрдзырдæуыд бирæ æндæр ахсджиаг фарстатыл æмæ фидæны нысантыл!

КАСАТЫ Аслæнбе

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here