Къостайы бюст – Елхоты

0
5

Республикæйы цæрджытæ сæхи кæддæриддæр рагацау фæцæттæ кæнынц Ирыстоны номдзыд æмæ уарзон хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырæн бонмæ. Афтæмæй нæ уарзон поэты бюст æвæрд æрцыд Елхоты Культурон райрæзты центры ног бæстыхайы цур.

Бюсты проектыл бакуыста скульптор Хайты Ибрагим.

Кадджын хъуыддаджы архайдтой Кировы муниципалон районы сæргълæууæг Нæкуысаты Барис, «Аланты Ныхас»-ы районы уынаффæдоны сæрдар Къубалты Солтан, районы ветеранты уынаффæдоны сæрдар Бедойты Феликс, районы мидхъуыддæгты оргæнты ветеранты уынаффæдоны сæрдар Хъудышауырты Хаирбег, Елхоты хъæуы сæргълæууæг Гуытъиаты Эльбрус, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис, æхсæнад «Хетæгкаты Къоста»-йы сæрдар Æлборты Иван, æхсæнадон архайæг æмæ меценат Лалыты Лев, зындгонд скульптор Хайты Ибрагим æмæ æндæртæ.

Кадджын хъуыддаг байгом кодта æмæ уазджытæн арфæ ракодта Къубалты Солтан:

–  Нæ уарзон хъæубæстæ, нæ зынаргъ уазджытæ. Абон стыр бæрæгбон у æрмæст Елхотæн нæ, фæлæ æппæт ирон адæмæн дæр. Абон, Ирыстоны ном бæрзонддæр чи систа æмæ йæ æнустæм чи ахæлиу кодта, уыцы Хетæгкаты Къостайæн Елхоты æвæрд æрцыд бюст. Уыцы хорздзинад чи сарæзта æмæ ууыл чи бакуыста, уыдон сты нæ хъæу æмæ районы разамынд, сæйрагдæр та – Лалыты Лев. Ацы бюст у иуæндæсæм, Ирыстоны Цæгатæй – Хуссармæ кæй сæвæрдта, уыдонæй, – фæбæрæг кодта Къубалы-фырт.

–  Фæрнджын адæм кæнынц ахæм хорз хъуыддæгтæ æмæ иунæг кадджын Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд æмæ амæй фæстæмæ Елхоты къухы бирæ хорз хабæрттæ куыд æнтыса, уыцы амонд уæ уæд, –  афтæ райдыдта йæ ныхас Хозиты Барис.

–  Абон цæй тыххæй æрцыдыстæм, уый у фарны хъуыддаг. Ирыстоны цæуы поэтикон фестиваль «Ирон фæндыр», бирæ уазджытæ нæм æрбацыд æндæр бæстæтæй. Къостайы ном рох куы нæ уа, уæд уый æгас Ирыстонæн дæр у фарны хъуыддаг, кæцытæй рæзы адæмæн сæ культурæ. Нæ республикæйы Фысджыты цæдис йæ размæ сæвæрдта хæс: Иугонд Нациты Организацийы сæйрагдæр æвзæгтæм цæмæй Къостайы «Ирон фæндыр» тæлмацгонд æрцæуа. Дыууæ азы размæ рацыдис англисаг, францаг æмæ персайнаг æвзæгтыл. Нæ размæ ма сæвæрдтам ахæм нысан, цæмæй китайаг æмæ араббаг æвзæгтæм дæр тæлмацгонд æрцæуа, æмæ йæ уæд æппæт дунейы дæр кæсдзысты, – хъуы-дытæ рæгъмæ рахаста Фысджыты цæдисы сæрдар.

Нæкуысаты Барис æмбырды архайджытæн зæрдиаг салам загъта, стæй бафиппайдта, Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ æрвылаз бирæ æндæр регионты дæр кæй сбæрæг кæнынц, уый:

–  Абон мах Хетæгкаты Къостайы бюсты цурмæ æрбамбырд стæм, цæмæй йын æрымысæм йæ рухс ном. Зындгонд куыд у, афтæмæй Къоста бындур сæвæрдта нырыккон ирон литературон æвзаг æмæ аивадон литературæйæн дæр. Къостайы сфæлдыстад стыр пайда у ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæн дæр. Бузныг абоны уазджытæн се ‘ппæтæн дæр.

Кировы районы сæргълæууæг Лалыты Лев æмæ Хайты Ибрагимы схорзæхджын кодта Кировы районы Минæвæртты æмбырды Арфæйы гæххæттытæй. Коммунистон партийы Кировы районы комитеты фыццаг нымæрдар Едзойты Людмилæ Лалыты Левы схорзæхджын кодта Иосиф Сталины номыл юбилейон майданæй.

Къостайы бюст байгом кæныны кадджын бар лæвæрд æрцыд Хозиты Барис, Лалыты Лев æмæ Елхоты æртыккæгæм астæуккаг скъолайы ахуырдзау Такъæты Бимболатæн.

Ахуырдзаутæ аив бакастысты Къостайы фыст æмдзæвгæтæ. Мадзалы архайджытæ æмæ уазджытæ Къостайы бюстыл сæвæрдтой дидинджытæ.

КЪУБАЛТЫ Аркади

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here