Хæсты цæхæр кæй басыгъта, фыды рæвдыд чи нæ федта, йæ раттæг фыды æрмæстдæр къаммæ гæсгæ чи зоны, йæ сабибонтæ уазал акъоппы чи арвыста, уыдонæй никуы ферох уыдзысты, сæ хъизæмайраг бонты цы зындзинæдтæ бавзæрстой, уыдон, сæ зæрдæты æнустæм цæрдзæнис Уæлахизы бон. Немыцаг-фашистон тыхгæнджытæ нæм куы ‘рбабырстой, уæд æз гыццыл уыдтæн, фæлæ мæ мад æмæ хистæртæ бирæ фыдæбæттæ æмæ тухитæ кодтой
Хæсты размæ мах цардыстæм Кировы районы Дашкофы (ныр Комсомольскы хъæуы). Мæ фыд Цомартаты Рамазан хæсты размæ куыста бæрнон бынаты. Куыддæр хæст райдыдта, афтæ бацыд районы æфсæддон комиссарадмæ, æз фыццæгтимæ цæуын, зæгъгæ. Æфсæддон комиссар ын загъта:
— Ацу, Рамазан, æмæ дæ куыст кæн, куы бахъæуай, уæд дæм æрсиддзыстæм.
— Ау, уый та куыд! Æз ам мæ сырх стъолы фарсмæ бадон æмæ æнхъæлмæ кæсон, цалынмæ хæст Ирыстонмæ æрбахæццæ уа, уæдмæ?
Æмæ хæсты тæккæ райдайæны мæ фыд Рамазан ацыд барвæндонæй хæцæг æфсадмæ. 1-аг Украинаг фронтæй иунæг писмо сæрвыста йе ‘фсымæр Хаджумармæ. Фыста йæм: «Мæнæ ам, горæт Харьковы бынмæ горæт Черниговы стæм. Писмо-иу ма рарвит, райсом нæ кæдæм æппардзысты, уый бæрæг нæу. Хæрзбон. Дыууæ хæдзары сывæллæттæ дæ бар». Уæдæй фæстæмæ дзы хабар нал уыдис. Æбæрæгæй фесæфт. Мæ мад Таутион Дзгы баззад дыууæ æнахъом сывæллонимæ, мæ кæстæр хо — авдæны, æфсымæр — гуыбыны. Æмæ Дзгы йæ къухылхæцæджы ус Гæлуаты Ракъийæн бамбарын кодта, йæхи бар кæй нæу, уый. «Тæккæ райсом цом, нырма горæты æфсæддон комиссарады уыдзысты æмæ йын æй фехъусын кæнæм, уадз æмæ йæ зона, æхсызгон ын уыдзæн», — загъта Ракъи.
Æцæгæйдæр, Гæлуаты Ракъи, Таутиаты Насыпхан æмæ Дзги горæтмæ сфардæг сты. Ссардтой Рамазаны æмæ йын хабар фехъусын кодтой æфсæддон комиссарады сисы сæрты. Рамазан, дам, йæ худ систа æмæ скуывта: «О, Дунескæнæг Иунæг кадджын Хуыцау, уæдæ мын уыцы арфæ ракæн, цæмæй мæ ном мæ мыггаджы æхсæн ма фесæфа». Æмæ хатыр ракуырдта сылгоймæгтæй уыцы ныхæсты тыххæй. Хæсты цæхæрмæ цыдис, уæддæр ирон лæгæй ирон æфсарм рох нæ уыдис. Насыпхан-иу мæн куы федта, уæд ацы ныхæстæ æнæ цæстысыг æркалгæйæ нæ радзырдтаид.
Раздæр азты файнустытæ иумæ цардысты. Таутион Дзгы æмæ Хъуысон Фатъимæт бæхуæрдонæй раластой сæ сывæллæтты æмбис Заманхъулмæ Хъуысаты Солтанатæм, Фатъимæты æфсымæрмæ. Фæстæмæ æмбойны, бæргæ, фездæхтысты иннæ сывæллæтты раласынмæ, фæлæ сæ нæхи æфсæддонтæ Заманхъулы рагъæй раздæхтой, Дашкофы, дам, немыц бацахстой. Дыууæ файнусты кæугæйæ раздæхтысты Заманхъулмæ. Афтæмæй бинонтæ дыууæ дихы фесты. Мæ фыдымад Дзыдза, мæ кæстæр хо Кларæ авдæны, Фатъимæты чызг æмæ лæппу Нæзирæт æмæ Хъамболат, йæ хо Розæ баззадысты Дашкофы. Се ‘ппæты дæр немыц уацары райстой. Нæ хæдзæрттыл танктæ баскъæрдтой æмæ дзы куыдзæрцæвæн къæцæл дæр нал баззад.
Мæ мад Таутион Дзгы аззад æнæ хæдзарæй. Ме ‘фсымæр Заманхъулы акъоппы райгуырдис, æмæ йыл Хъуысаты зæронд лæг сæвæрдта ном Мир, кæд хæст банцаид, зæгъгæ.
Мæ мад Дзгы — сидзæргæсæй фыдæбæттæ бирæ фæкодта, уæдæ мæ сывæллæттæ æххормаг ма баййафой, зæгъгæ. Хæсты быдыры баззадысты йе ‘фсымæртæ, йæ сæрыхицау. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, ницы федта паддзахадæй мæ мад, æртæ æмæ ссæдз сомы пенси иста, афтæмæй ахицæн йæ рухс дунейæ. Ныртæккæ идæдз сидзæргæстæн фатертæ куыд дæттынц, мæ мад ахæмæй дæр ницы федта.
9 Майы бæрæгбоны-иу иннæ сывæллæттау мах дæр хъазыдыстæм, цин кодтам æмæ-иу мæ фыдымад Дзыдза афтæ бакодта: «Цæуыл худут, цæмæй хъæлдзæг стут, исты уæ фыд хæстæй ссыдис. Æмæ-иу æй æз афарстон: «Дзыдза, фыд та цы у?» Кæугæйæ-иу дзырдта: «Уæ фыд æгас куы уаид, уæд афонмæ иннæтимæ ссыдаид, фæлæ та уым дæр разæй цыд, æвæццæгæн. Нæ хъæумæ-иу абырджытæ куы æрбабырстой, уæд фæдисонтæн сæ разæй цыд, æмæ та мын уым дæр разæй цыдаид», — афтæ кæугæйæ йе ‘цæг дунемæ ацыд. Уацары кæй райстой немыц, уыдонæй ма Кларæ, мæ хо, æгас у.
Æз дæн, 2004 азы Беслæны 1-æм скъолайы фыдбæллæхы чи бабын ис, уыдонæй. Мæ хъæбул Эммæ йæ дыууæ сывæллонимæ (йæ чызгыл цыдис 12 азы, йæ лæппуйыл — 9 азы), мæ кæрты хъомыл кодтой. Æмæ цин кодтон, мæ фыдæбæттæ, мæ сидзæры бонтæ дæр мæ-иу ферох сты Аланæ æмæ Барисы уындæй. Ныр сæ уазал цыртытæ мæ хъæбысы ныккæнын кæугæйæ, æз уæ разæй цæуылнæ амардтæн, зæгъгæ, ацы диссæгтæ куы нæ федтаин. Кæд æрцыдис ахæм бæллæх зæххы къорийыл? Æнад къахдзæфтæ æмæ æнад комдзæгтæй цæрын. Макæмæн амæлæд йæ хъæбул. Хъæбулæй хæстæгдæр мадмæ чи у?
ГАСЫНТЫ-ЦОМАРТАТЫ Полинæ, Беслæны цæрæг














