Абон Дзæуджыхъæуы уыдзæн Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауæдты цур кусæг экспертон æмæ терминологон къамисты дыккаг иумæйаг æмбырд. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Нациты хъуыддæгты фæдыл министрады пресс- службæ.
Дыууæ республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæ, наукæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ кæм кусынц, уыцы къамисты уæнгтæ æркæсдзысты ирон адæмы национ-культурон иудзинад фидардæр кæныны фарстатæм. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй къамисты уæнгты фæндæтты бындурыл арæзт æрцæудзæн иумæйаг мадзæлтты пълан 2018-2020 азтæн. Мадæлон æвзаг æмæ культурæйы удварны иннæ хæзнатæ бахъахъхъæнын, ахуырады, культурæйы, туризм æмæ иннæ къабæзты иумæйаг проекттæ æххæст кæнын — ацы æмæ иннæ ахсджиаг фарстатæм уыдзæн сæрмагонд кусæг къордты бæстон цæстдард. Зындгонд куыд у, афтæмæй дыууæ республикæйы экспетрон æмæ терминологон къамисты фыццаг иумæйаг æмбырд арæзт æрцыд ацы аз 11 апрелы. Уæд æмбырды архайджытæ сфидар кодтой дарддæры æмархайды нысантæ.
Нæ уацхæссæг