27-æм скъолайы ног фæлгонц

0
276

 

Дзæуджыхъæуы астæу, паддзахадон филармо- нийы фарсмæ æрбынат кодта 27-æм астæуккаг скъола. 1937 азы фыццаг хатт йæ дуæрттæ сабитæн куы байгом кодта, уæдæй абонмæ цал æмæ цал чызджы æмæ лæппуйы афæндараст йæ къæсæрæй!

Азтæ куыд цыдысты, афтæ бæстыхай дæр зæронд кодта. Сæрмагонд къамисы уæнгтæ уынаффæ рахастой скъола рæстæгмæ сæхгæныны æмæ дзы бындурон цалцæггæнæн куыстытæ бакæныны тыххæй. Фыццаджыдæр, рæзгæ фæлтæры æдасдзинадыл хъуыды кæнгæйæ, республикæйы разамынд, горæты администраци ссардтой фæрæзтæ, æмæ афæдзы размæ цалцæггæнæн куыстытæм бавнæлдта арæзтадон куыстуат «Гарантпромбизнес», йæ сæргъы Касаты Таймураз, афтæмæй. Аразджыты размæ цы стыр хæс æвæрд уыд, уый хорз æмбæрстой, хæрзвадат, райдзаст æмæ æдасдзинады уавæртæ саразынæн сæм ис дæсны специалисттæ, хъæугæ ифтонггæрзтæ. Уымæ гæсгæ цалцæггæнæн куыстытæн æппындæр ницы къуылымпытæ уыдис. Ныртæккæ арæзтадон объекты, зæгъæн ис, æмæ куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц.

— Æртæуæладзыгон бæстыхайæн ма æрмæст йæ къултæ баззадысты, зæххæнкъуыстæй бахъахъ- хъæнынæн фæфидардæр кодтам скъолайы бындур, ивд æрцыдысты йæ хъæдын пъолтæ, рудзгуытæ, дуæрттæ, фæзынд дзы уæлæмхасæн арæзтад дæр, афтæмæй ма рестав- рацион куыстыты фæрцы скъолайыл бафтыд 12 ног къласы, — зæгъы «Гарант- промбизнес»-ы разамонæг Касаты Таймураз.

Уыцы-иу рæстæг объекты кусы 100 адæймаджы бæрцахорджытæ, къулсæрдджытæ, сантехниктæ, электриктæ, хуымæтæг кусджытæ. Райсомæй изæрдалынгтæм, улæфты бон нæ зонгæйæ, алы бригад дæр зæрдиагæй, хæдзардзинæй архайы. Æппæт куыстытæм лæм- бынæг кæсы арæзтадон участочы прораб Джимиты Аслан.

— Нæ куыстæй нæ зæрдæ рухс кæны. Пайда кæ- нæм нырыккондæр, абоны домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм арæзтадон æрмæгæй. Æппæт ахорæнтæ дæр сты ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ. Сывæллæтты æмæ сæ ахуыргæнджыты удæнцойдзинадæн сарæзтам, акустикон системæ кæм ис, ахæм æмбырдтæаразæн зал, ис дзы160 бадæн бынаты. Ницы фау æрхæссæн уыдзæн ног рацарæзт спортивон залмæ дæр. Иу уæладзыгæй иннæмæ — ног асинтæ, аив æнцойгæнæнтæ. Кæрты та фæсивæдæн сараздзыстæм спортивон фæз. Скъоламæ бацæуæнтæ аивгонд æрцæудзысты дидинæгдæттæй, сфидаудзæнис декоративон стъæлфытæй. Тагъд рæстæг ацы рæсугъд скъо- лайы кусын чи райдайдзæн, уыдонимæ нæ уы- наффæтæ, нæ хъуыдытæ сты иумæйаг, — зæгъы Аслан. — Фыццæгæм сен- тябры скъола йæ дуæрттæ уæрæх кæй байгом кæндзæн сывæллæттæн, ууыл дзырд дæттæм. Скъолайы директор уæлдай бæрнон у ацы хъуыддаджы.

— Ивгъуыд æнусы 30-æм азты ацы скъола бай- гом кодтой æфсæддонты сывæллæттæн. Хæсты рæстæг дзы уыд госпиталь дæр, фæлæ та уый фæстæ ногæй ахуыргæнæндон ссис. Хъæздыг у йæ исто- ри, йæ традицитæй. 1964 азы космонавт Валентинæ Терешкова уыд 27-æм скъолайы кадджын уазæг. Уый хуымæтæджы нæ уыд, уымæн æмæ не скъола иннæты ‘хсæн уыд дæнцæ- гæн хæссинаг, — дзуры директор Джимиты Галинæ. — 2005 азæй нырмæ скъола сæрыстырæй хæссы йæ зындгонд рауагъдон, ихсæттæг науы капи- тан Кучиты Юрийы кадджын ном. Абоны педагогон коллектив æмæ ахуыр- дзаутæ скъолайы кад но- джы бæрзонддæр кæй хæсдзысты, уымæй мæ ныфс ис. Хорз ахуырæн сывæллæттæн нырæй фæстæмæ уыдзæн æппæт уавæртæ. Ныридæгæн го- рæты бынæттон администраци æмæ Ахуырады министрады архайдæй æлхæд æрцыд æппæт хъæугæ ифтонггарз кълæстæм, хæрæндонмæ, библиотекæмæ. Бузныг зæгъын ахуыргæнджыты æмæ скъоладзауты ныййарджыты номæй, ацы хорз хъуыддагыл чи бацархайдта, уыдонæн, уыимæ, афæдзы дæргъы нæ чи суазæг кодта, уыцы 28-æм скъолайы коллективæн дæр.

Директор куыд зæгъы, афтæмæй ног арæзт скъо- лайы ахуыр кæндзæн 650 чызджы æмæ лæппуйы, уыдонæй 70 сабийы ба- цæудзысты фыццæгæм къласмæ. Сæ бакъахдзæф амондимæ уæд!

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here