«Металлург»-ыл — 55 азы

0
3478

 

Куырттаты арф комы рæсугъд æмæ райдзаст æрдзы хъæбысы æрбынат кодта сывæллæтты фæлладуадзæн лагерь «Металлург». Æрвылаз дзы 4 радæй сæ фæллад уадзынц 800 сабийы бæрц. Ацы бонты уый бæрæг кодта йæ 55 азы бон.

Бæрæгбонмæ сывæллæттæ æмæ сæ разамонджытæ бацæттæ кодтой алыхуызон зæрдылдарæн мадзæлттæ. Арфæйы ныхæстæ сын загътой нæ республикæйы мыхуыры æмæ дзыллон хабархæссæг комитеты разамонæг Фидараты Юри, æхсæнадон организаци «Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Еналдыты Хъазыбег, завод «Победит»-ы генералон директор Челдыты Руслан, завод «Электроцинчы» коммерцион директор Сергей Гулин, РЦИ-Аланийы Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты разамонæг Реуазты Ларисæ, нæ республикæйы адæмон æмæ зындгонд артисттæ.

— Сывæллæтæм хъус чи дары, уыдонæй зæрдæ рухс кæны, сæ куыст зонынц. Алкæмæ дæр сæ хицæн цæстæнгас дарынц, хъулон сæ никæй кæнынц. Уый та хъомылгæнæгæн у йæ сæйраг миниуæг. Æнæ зæгъгæ нæй лагеры разамынды тыххæй. Арфæйаг æмæ мидисджын у сæ архайд. Абон мах иумæ нæ хъус сывæллæттæм куы нæ æрдарæм, сæ хъомыладыл куы нæ бакусæм, уæд фидæны фæсмонгонд фæуыдзыстæм, — загъта Фидараты Юри.

Ам, лагеры, цы хорз мадзæлттæ конд цæуы æрвылаз дæр, уыдонæй сывæллæттæ сæхæдæг дæр сты тынг разы. — Ам нæм афтæ хорз кæсынц, раст цыма нæхи ныййарджытæ сты. Хæринаг — хæрзад. Цыбыр дзырдæй, ам у тынг дзæбæх! — ахæм сты лагердзау Джиоты Азæмæты æнкъарæнтæ.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here