Тематикон фарс «Нæ Иры Фидæн»

0
1313

Йæ алы змæлды — арт

Адæймаг йе ‘рыгон бонтæй хистæртæй хорз дæнцæг куы иса, æппынæдзухдæр зонындзинæдтæ райсынмæ куы тырна, йæ дæсныйады хуыздæрты æхсæн нымад куы æрцæуа, уæд ма уымæй арфæйагдæр цы ис! Дзæуджыхъæуы Кучиты Юрийы номыл 27-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг КЪОРАТЫ Жаннæ кæд нырма æрыгон у, уæддæр æй йе ‘мкусджытæ зонынц куыд ирон æвзаджы дæсны, фыдæлты культурæйæн стыр аргъгæнæг, йæ хæзнатæ йын кæстæрты æхсæн парахатгæнæгæй.

Жаннæ райгуырд æмæ схъомыл, ирон æфсарм æмæ æгъдауæн аргъ кæм кæнынц, ахæм фæрнджын хæдзары. Йæ ныййарджытæ Эдуард (рухсаг уæд) æмæ Аринæ сæ дыууæ чызджы Иринæ æмæ Жаннæйы хъомыл кодтой бонзонгæйæ, æхсæнады æмæ царды галиу фæзындтытæй сæ хъахъхъæнгæйæ, арæзтой сæ ахуыры æмæ зонындзинæдты, æгъдау æмæ æфсармы фæндагыл. Фыдæлтæ-иу афтæ загътой: хистæртæ сæхæдæг фæзминаг куы уой, уæд сын кæстæрты хъомыл кæнын дæр æнцон вæййы. Уымæн æмæ сывæллон царды рæстаг хъæр фыццаджыдæр йæ бинонтæй базоны æмæ банкъары. Жаннæ дæр рæзт ахæм хорз уавæрты. Астæуккаг скъоламæ дæр афонæй раздæр бацыд. Цæвиттон, иуахæмы Аринæ цыдæр хъуыддаджы фæдыл бацыд, Иринæ кæм ахуыр кодта, уырдæм — Дзæуджыхъæуы 1-æм астæуккаг скъоламæ. Йемæ акодта Жаннæйы дæр. Скъолайы тыргъы сыл амбæлд ахуыры хайады уæды сæргълæууæг Битарты Раисæ. Аринæйыл сылгоймаг тынг бацин кодта, стæй йæ уæд афарста: «Ацы дзæбæх чызг Иринæйы хо у?». Ныййарæг ын «о», зæгъгæ, куы загъта, уæд Раисæ уæзданæй дыккаг фарст радта мадмæ: «Цал азы йыл цæуы?» «Æхсæз азы», — уыд Аринæйы дзуапп. Æмæ уæд Раисæ ахъуыдыдзаст æмæ ныййарæгæн афтæ зæгъы: «Уæд та Жаннæйы дæр ацы скъолайы цæттæгæнæн къласмæ раттис?» Аринæ уыцы ныхасæй фæсагъæсхуыз, уый Раисæ куы бамбæрста, уæд ныййарæгæн афтæ зæгъы: «Ма тыхс, Иринæ дын куыд хорз ахуыр кæны, уый уынæм, æмæ йæ кæстæр хо дæр йæ кадыл аууон æппарын кæй нæ бауадздзæн, ууыл æз фидарæй æууæндын» .

Уыцы ныхæстæй Аринæйы дызæрдыгдзинады хъуыдытæ æрбайсæфтысты, æмæ Жаннæ дæр йæ хо Иринæйау райдыдта цæуын скъоламæ. Фыццаг бонæй фæстæмæ йæхи равдыста иттæг хорз скъоладзауæй. Лæмбынæг-иу хъуыста йæ ахуыргæнæджы амынддзинæдтæм, зæрдиагæй архайдта фæсурокты хъомыладонсфæлдыстадон мадзæлтты, уæдæ йæ хæдзармæ куыст дæр цы бон нæ сæххæст кодта, ахæм нæ уыд. Суанг ма сæрды фæлладуадзæн бонты дæр йæ къухæй чиныг, тетрад æмæ фыссæнгарз нæ хицæн кодтой. Ахæм уагыл, куыд фæзминаг ахуырдзау, афтæ ахуыр кодта Жаннæ хистæр кълæсты дæр. Æппæт предметтæм дæр кæд хорз арæхст, уæддæр уæлдай уарзт кодта ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ, литературæ æмæ истори.

Ацы предметтæй Жаннæ цы хорз зонындзинæдтæ æвдыста, уыдон ын лæвæрдтой фадат, республикæйы æмæ Дзæуджыхъæуы скъолаты æхсæн цы олипиадæтæ уыд, уыдоны архайынæн. Æмæ дзы-иу кæддæриддæр бацахста раззаг бынæттæ. Уымæй уæлдай ма Жаннæ хорз арæхст аив дзырдмæ дæр. Ирон æмæ уырыссаг поэтты уацмыстæ-иу афтæ хорз бакаст, æмæ-иу ын йæ ахуыргæнджытæ загътой: «Уæллæй, Жаннæ, цæттæ артисткæ дæ!». Уыцы ныхæстæм-иу чызг ницы сдзырдта, æрмæст-иу йæ мидбылты фæлмæн бахудт. Уæдæ скъолайы ахæм сфæлдыстадон изæр нæ уыд, æмæ-иу Къораты уæздан чызг йæ курдиат кафынæй (цыд Сывæллæтты æмæ фæсивæды сфæлдыстады республикон галуаны кафджыты ансамбль «Осса»-мæ) æмæ актерон дæсныйадæй, фæндырæй цæгъдынæй кæм нæ равдыста.

Скъолайы ахуыры рæстæг сфæлдыстадон куыст кодта сывæллæтты журналистикæйы скъола «Эрассик»-ы. Ам ын йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ амыдта зындгонд журналист, кинорежиссер, УФ-йы Журналистты æмæ Кинематографистты цæдисты уæнг Иринæ Белова.

Уыциу рæстæг ма Жаннæ уырыссаг æвзагыл уацхъуыдтæ фыста республикон газеттæ «Чемпион-Ир» æмæ «Слово»-мæ.

Жаннæйы æхсæнадон æмæ сфæлдыстадон архайдыл канд скъолайы разамынд сæ цæст не ‘рæвæрдтой, фæлæ ма Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны литературон клуб «Малусæджы» уæды разамонæг (ныр Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл 13-æм астæуккаг скъолайы директор), РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг Сæлбиты-Колыты Иринæ æмæ йæ æрбахуыдта йæ литературон клубмæ. Уымæн æмæ зыдта, Жаннæйæн йæ курдиаты рæзтæн Галуаны фылдæр гæнæнтæ æмæ уавæртæ кæй уыдзæн, уый. Æмæ нæ фæрæдыд! Куыд Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны, афтæ республикæйы ахæм бæрæгбон нæ уыд, литературон клуб «Малусæджы» иннæ уæнгтимæ Жаннæ зæрдиагæй кæм нæ архайдта, йæ аив дзырдæй, æгъдау æмæ уагæй йæхимæ аивадуарзджыты кæм не ‘ркæсын кодта. Уыцы азты йæ фыст уацхъуыдтæ мыхуыргонд цыдысты газет «Рæстдзинад»-ы (ныр дæр Жаннæ редакциимæ бастдзинад нæ халы) æмæ журнал «Ногдзау»-ы.

2001 æмæ 2002 азты Жаннæ ссис Ирон дзырдаивады I республикон конкурсы уæлахиздзау. Ахæм республикон конкурсы ма Жаннæ архайдта, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты студенткæ куы уыд, уæд дæр, æмæ дзы бацахста дыккаг бынат.

Кæд Жаннæйы сфæлдыстадон курдиат бирæвæрсыг у, уæддæр ын дæсныйад æвзарæн рæстæг куы æрцыд, уæд æнæдызæрдыгæй йæ гæххæттытæ балæвæрдта ЦИПУ-йы ирон филологийы факультетмæ. Уырдæм бацæуын æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг суæвын æй рагæй фæндыд. Йæ тырнындзинады артыл ма йын удирдгæнæг зынг бафтыдтой, разæнгарды базыртæ йыл басагътой йæ ныййарджытæ Эдуард æмæ Аринæ, ахуыргæнджытæ Зæгæлты Зинæ, Саламаты Чабæ, Цæлыккаты Зинаидæ æмæ Сæлбиты Иринæ.

Университеты ирон филологийы факультеты ахуыргæнгæйæ, Жаннæ сфæнд кодта уыциу рæстæг дыккаг уæлдæр ахуырад райсын æмæ æнтыстджынæй каст фæци Хæххон паддзахадон аграрон университеты агрономон факультет. Ацы дыууæ уæлдæр скъолайы зонындзинæдтæ исгæйæ, Жаннæ йæ курдиат æвдыста куыд комедион жанры артисткæ фæсивæдон театр-студи «Амыран»-ы. Ам дæр йæ уды цæхæрæй, зондæй аивады рухс хаста театрдзауты зæрдæтæм. ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты ахуыргæнгæйæ йын йæ зонындзинæдты, ахуыры æмæ æхсæнадон куысты æнтыстыты тыххæй лæвæрд æрцыд Абайты Васойы номыл паддзахадон стипенди.

Жаннæ ирон филологийы факультет каст куы фæци, уæд æй æхсызгонæй æрбахуыдтой кусынмæ Дзæуджыхъæуы 27-æм астæуккаг скъоламæ. Æмæ дзы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй цы бон райдыдта кусын, уæдæй рæсугъд фæндаг ссардта алы ахуырдзауы æнкъараг удмæ æмæ зæрдæмæ. У уарзон æмкусæг скъолайы æппæт ахуыргæнджытæн, хъомыладон куысты — хорз æххуысгæнæг, цæдисон æмбал та — йæ ахуыргæнинæгты ныййарджытæн.

Стыр хохæн йæ бæрзæнд дардæй бакæсгæйæ куыд зыны, афтæ Жаннæйæн дæр ис, йæ куыст æмæ йын йæ зæрдæйы æввæрццæг ахаст хæстæгмæ æмæ дардмæ дæр хорз чи зоны, ахæм аргъгæнджытæ. Уыдонæй иу у Дзæуджыхъæуы 27-æм астæуккаг скъолайы ахуыры хайады сæргълæууæг, методист, Колыты Аксойы номыл республикон премийы лауреат Къадзаты Людмилæ. Йæ кæстæр æмкусæджы æмæ раздæры студенты тыххæй уый афтæ радзырдта: «Къораты Жаннæйы рагæй зонын. Нæ университеты ирон филологийы факультеты куы ахуыр кодта, уæд дæр йæ ахуырмæ, æгъдаумæ фау æрхæссæн ницæмæй уыд. Кæддæриддæр æй нымадтой факультеты ахуыргæнджытæ æмæ йе ‘мбæлттæ. Ныр кусы мах скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Æмæ дзы мæ бон хорзæй дарддæр ницы зæгъын у. Йæ алы урокмæ дæр йæхи цæттæ кæны афоныл. Уыдон вæййынц нырыккон ахуырадон æмæ хъомыладон домæнтæм гæсгæ арæзт. Жаннæ йæ алы урокмæ дæр сфæлдыстадон цæстæй кæй кæсы, иу урок ын иннæйы хуызæн кæй нæ вæййы, уый бæрæг у йæ ахуыргæнинæгты æнтыстдзинæдтæй. Ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы разамонæг Майрæмыхъуаты Фатимæ æмæ методисттæ дæр дзы сты разы: “Семинартæм æмæ дæсныйад æвдисæг ахуыртæм иудадзыгдæр цæуынæй уæлдай Жаннæ фæархайы, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты æхсæн цы республикон конкурстæ арæзт æрцæуы, уыдоны. Уыцы æркастыты йын кæддæриддæр йæ зонындзинæдтæн скæнынц хорз аргъ. Æмæ дзы свæййы уæлахиздзау. Æз Жаннæимæ арæх фæныхас кæнын æмæ йæ æмбарын, ацы æрыгон чызджы къухы стыр æнтыстдзинæдтæ кæй бафтдзæн, уый. Уымæн æмæ æххæстæй æнкъары, кæстæрты раз ыл цы зын, фæлæ арфæйаг хæс æвæрд ис, уый. Зоны йæхиуыл зæрдиагæй кусын, алы скъоладзауы уд дæр йæ зæрдæйы цæхæрæй бацагайын, йæ зæрдæ йын мадæлон æвзаджы рухсæй фæхайджын кæнын. Æмæ йын мæ цæст уарзы ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ йæ ахуырадон æмæ хъомыладон куысты».

Ахуыргæнæджы куыст тынг зын, фæлæ арфæйаг у. Уæлдайдæр ныртæккæ. Ирон æвзаджы ахуыргæнджытыл стыр хæстæ æвæрд кæй ис, уый Жаннæ хорз æмбары, æмæ, куыд ахуыргæнæг, рухстауæг, афтæ мадæлон æвзаджы фарстатæ лыг кæныныл зæрдиагæй архайдта, Цæгат Ирыстоны фыццаг равзæрсты фæсивæдон парламенты уæнг куы уыд, уæд. Æрæджы та сси нæ республикæйы Сæргълæууæджы цур ирон æвзаджы рæзты советы уæнг. Ам дæр йæ архайд æнтыстджын кæй уыдзæн, уый нæ уырны.

Жаннæ, Ирыстоны арфæйаг кæстæртæй иу дæ, æмæ царды æмæ куысты амонды хæрзтæй хайджын у!

 

ГАСАНТЫ Валерии

 

Бæлас талайæ тасы, адæймаг — сывæллонæй

 

Æрвылаз дæр Цæгат Ирыстоны цæрджытæ сбæрæг кæнынц Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Ацы бæрæгбоны фæдыл та 34-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Джыккайты Виолеттæ, Гуылæрты Бертæ, Зæгъойты Фатимæ, Хъуылаты Розæ, Гаглойты Циури скъолайы директор Гæдиаты Тамарæ æмæ йæ хæдивæг Уыртаты Зæлинæйы разамындæй бацæттæ кодтой театрализацигонд равдыст «Мæлæн дын нæй, нæ мадæлон æвзаг!» Бæрæгбонмæ скъоладзаутæ сæхи зæрдиагæй бацæттæ кодтой. Равдысты æрмæст скъоладзаутæ нæ архайдтой, фæлæ ахуыргæнджытæ дæр. Тынг фæцыд сæ зæрдæмæ æмæ сæ тагъд рæстæджы нæ ферох уыдзæнис.

 

——————————————————————————————————

КАСАТЫ Аслæнбег

Зæронд куыдз

(радзынд)

Ставд-Дуртæ. Ацы хъæуы фыццаг æрцæрæг мыггæгтæй иу Черчестæ сты. Куыд иннæ мыггæгты минæвæрттæ, афтæ адон дæр фыдæбон кодтой, фос дардтой æмæ уымæй цардысты. Фос чи дары, ахæм адæймагмæ та йæ хæдзары, æнæмæнг, хъуамæ уа куыдз. Уымæн æмæ быдыры хъæуты уæлдай тæссагдæр у тугдзых сырдæй.

Хæдзар æмæ фос хъахъхъæнгæйæ, бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ чи арвыста, фæлæ ныр чи ныззæронд, ахæм куыдз уыд Черчесты Анатолимæ дæр.

 Куыдзыл цыд æстдæс азы, фæлæ, дам, ын иу аз дыууæйы бæсты цæуы, фæзæгъынц. Цы гæнæн ма уыд Анатолийæн, æмæ кæцæйдæр иу къæбыла æрбахаста.

Къæбыла куы æрбахаста, уæд, цæмæй ма алидза, уый тыххæй йæ нывæрдта арф тасы. Уым ын къусы ныккодта æхсыр. Къæбыла æхсыр басдæрдта æмæ æфсæстæй, хуры тынтимæ хъазгæйæ, бафынæй.

Цас афынæй кодта, чи зоны, фæлæ иу афон фыны фесхъиудта, фехъал æмæ хъиу-хъиу кæнын райдыдта. Зæронд куыдз уыцы афон хуыссыд зæронд кæрдо бæласы бын æмæ, къæбылайы хъиу-хъиу куы фехъуыста, уæд уæззаугай сыстад. Хъусæй бынтон хорз кæй нал хъуыста, уымæ гæсгæ йæ не ‘мбæрста, къæбылайы ниуын кæцæй цæуы, уый. Уалынмæ лæмбынæг æрыхъуыста, æмæ йæ къæбылайы хъиухъиу сæ кæрты астæумæ басайдта. Тасы раз æрлæууыд. Къæбыла йæ куы ауыдта, уæд фенцад йæ ниуынæй æмæ йæ къæдзил батылдта. Фæлæ зæронд куыдзы цæстытыл иу цины æртах дæр нæ уыд. Æнцад лæууыд æмæ гыццыл къæбыламæ æдзынæгæй каст. Æвæццæгæн, къæбыламæ кæсгæйæ, йæхи рагбонтæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты. Кæддæр уый дæр Черчесы-фырт афтæ æрбахаста. Æмæ уæд йæ сæрмæ, абон йæхæдæг куыд лæууы, афтæ лæууыд йæхи хуызæн зæронд куыдз.

Дæргъвæтин рæстæг къæбылайы раз фæлæууыд æмæ йæм æдзынæгæй каст æмæ каст… Изæрæй ма хур гæзæмæ куы каст, уæд йæ сæрыл уæлæмæ схæцыд. Хуры тынтæм дардæй æрттывтой йæ цæссыгтæ, афтæмæй цæхæрадонырдæм йæхи айста. Уырдыгæй ма иу каст фæкодта, зæгъгæ, кæд ма йæ хицауы фенид, фæлæ — нал… Йæ зæронд хæлары ныр уымæ нал æвдæлд.

 Уæдæй фæстæмæ зæронд куыдзы ничиуал федта. Йæ бынат кад æмæ радимæ суæгъд кодта ног фæлтæры минæварæн.

Фæлæ куыйтæ дæр алыхуызон сты!..

 ————————————————————————————————

 Поэзийы къуым

ГАБОЛАТЫ Зауырбег

Абон та кæмæн цы…

 

Алы куыстæн — аргъ,

Мæгуыр лæгæн — саргъ.

 

Раст дзурæгæн — хаст;

Хорз адæмæн — маст.

 

Хицауадæн — кад,

Се знагæн та — над.

 

Хъæздыджытæн — бон,

Удварнæн — кæрон.

 

Худинагæн — барст,

Не ‘гъдæуттæн — зæйласт.

 

Цырд лæппуйæн — куыст,

Магусайæн — мызд!

 

БАСИТЫ Зæлинæ

Иу кæмæндæр

Уæлæуыл ничи баззадис æнустæм,

Фæцæудзынæ мæрдты бæстæм ды дæр.

Нæ дыл тондзысты хиуæттæ сæ рустæ,

Æгасæй æмæ мардæй дæр — æвзæр!

 

Зæрдæскъуыдæй дыл не скæндзысты хъарæг,

Дæ хуызæттæн цæстысыг дæр — æгæр.

Сæ кæрæдзимæ дзурдзысты: «Уыд хъал лæг»,

Зæгъдзысты та сæхинымæр: «Æвзæр!»

 

Ыстæй дæ уæд хъæдын чырыны цъистæй

Фæкæндзысты сыджыты бын цæхгæр.

Цъæх арахъхъæй, хæкъуырцгæнгæ, дæ хисты

Ныззардзæни дæхи хуызæн æвзæр!

 

***

Йæ мидбылты зымæгон изæр худт,

Цыма зыдта мæ сусæг фæндтæ рагæй.

Зымæгон уазал, салд, дæрзæг æвзагæй

Æсдæрдта мын мæ рустæ, стæй мæ уд.

Уыдис æппæт æххæст æмæ рæсугъд:

Зæронд бæлæстæ миты бын фæлладæй,

Уæларвы хай æрттиваг кулы тадæй,

Тъыфылтæ, дымгæ — сонт æмæ тæппуд.

Мæ фæндагыл æрттывта мит хæмпусæй,

Цыдтæн дæумæ — æнкъарæнтæй ныфсхаст.

Мæ алварс рухс уыдис мæ уды рухсæй.

Рæвдыдта мын мæ зæрдæ ноггуырд уарзт.

Зымæгон арвы ленк кæнгæ, фæлурс мæй

Цымыдисæй мæм мигъты ‘хсæнæй каст…

 

БЕТЕТЫ Фатимæ

***

Цæгъды фыдæлтыккон фæндыр,

Æркафыд хорз фæсивæд хонгæ.

Рæсугъд — сæ кафт, фæлæ æмыр

Ирон хъазт рагæй у æввонгæй…

Рысти уæ хорз зæрдæ кæддæр,

О, кадджын Нарт: «Цы уыдзæн фидæн?»

Нæ фестут а зæххыл æвæд,

Æрмæст цы кад баззад уæ фырттæн?

Вæййы «ирондзинад» зынаргъ,

Зæгъæм: «Стæм скифты тугæй хайджын,

Алантæ стæм!», фæлæ сыл мах

Гадзрахатæй цыдыстæм раджы!

 

БЕСТАУТЫ Аланæ

Ирон, цæй амондджын дæ, зон æй!

Рагæйдæр дæ номæн кодтой аргъ!

Ыстыр денджыз нæ бафсæддзæни донæй.

Сæрыстыр уæд дæ кæстæртæ дæуæй.

Тагъд райхъуысдзæн ирон лæгæн йæ зарæг,

О, Не Скæнæг! Дæ фæдзæхст уæд ирон,

Нæ Райгуырæн, нæ уарзон Ирысто

 

 

Фарс бацæттæ бацæттæ кодта КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here