Рухстауæг — Цæголты Георги

0
467

 

Ирон рухстауджытæй нæ дзырдаивады хæзнадоны аккаг бынат æрцахста зындгонд публицист, прозаик, экономист, поэт ЦÆГОЛТЫ Михалы (Аслæнджерийы) фырт Георги. Уый йæ рæстæджы стыр хæрзты бацыд нæ культурæйæн, зынгæ фæд ныууагъта нæ адæмы ‘хсæн куыд социалон бартыл разæнгардæй тохгæнæг, сæ хъуыдытæ, сагъæстæ сын йе ‘мдзæвгæты, очеркты æмæ уацты æвдисæг. Октябры революцийы размæ хæххон адæмы бартыл рæстагæй, сæрибарæй чи дзырдта,  уыцы прогрессивон интеллигенцийы минæвæрттæй иу уыд Георги.

 

Сæрмагондæй йыл ацы æрмæг ныффыссын мæ зæрды цæмæн æрæфтыд, уый тыххæй зæгъдзынæн фæстæдæр. Ныр та уал мæ фæнды йæ царды æмæ сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон архайдыл афæлгæсын.

Цæголты Георги райгуырд 1871 азы 22 апрелы Чырыстонхъæуы (ныр — Дигора). Йæ фыд Михал уыд йæ рæстæджы ахуыргонддæр лæгтæй иу. Сахуыр кодта Тифлисы дины семинары. Уый фæстæ куыста ахуыргæнæгæй, фæстæдæр та кодта дины хъуыддæгтæ. Фæлæ йæ æвæрæз адæмы мæгуырдзинад бадомдта, цæмæй дины куыст ныууадза. Æмæ Аслæнджери уæд сусæг-æргомæй тох кæнын райдыдта, мæгуыр адæмæй йæхицæн дæлбар кусджытæ чи арæзта, алыхуызты сæ чи æфхæрдта, уыцы хъæздгуыты æмæ хицауады ныхмæ. Уый тыххæй йæ XIX æнусы 80-æм азты кæрон æрцахстой æмæ йæ ахастой сакъадах Чеченмæ. Уым Аслæнджери цы хъизæмæрттæ æмæ тухитæ бавзæрста, уыдон æнæфæзынгæ нæ фесты йæ фырт Георгийы зондахастыл æмæ йæ сразæнгард кодтой социалон рæстдзинадыл тох кæнынмæ. Георгийæн дæр уыцы рæстæг йæ фадат куыд уыд, афтæ райста ахуырад. Фыццаг каст фæци сæ хъæуы иукъласон скъола. Уый фæстæ та дины училище Мæздæджы. Дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Стъараполы дины семинармæ. Фæлæ дзы дыууæ азы йеддæмæ нæ сахуыр кодта, рацух æй кодтой, уæды рæстæджы хъодыгонд авторты чингуытæ кæй каст, уый тыххæй. Дарддæр Георгийæн сахуыр кæныны фадат кæд нæ фæци, уæддæр йæ къухæй чиныг никуы цух кодта. Цардмæ каст лæмбынæг æмæ ссис йæ адæмы рухс фидæныл, сæ хæрзæбоныл тохгæнæг. Æхсæрдæсаздзыдæй банкъардта фæллойы ад, кодта алыхуызон куыстытæ æфсæнвæндаджы телеграфы, Мæхческы, Доныфарсы, Алагиры æмæ Цыколайы та æххæст кодта писыры хæстæ.

1894 азæй фæстæмæ Георги фыссын райдыдта цыбыр уацхъуыдтæ газет «Терские ведомости»-мæ. Фæстæдæр та сси газеты иудадзыгон уацхæссæг. Ам бахсысти йæ фыссæн сис куыд публицистжурналист. Йæ публицистикон уацты сæйраг темæтæ уыдысты: хæххон адæмы мæгуыр цард, Ирыстоны æмæ Цæгат Кавказы социалон-экономикон æмæ политикон уавæр… Уыимæ йе ‘рмæджыты Георги канд ирон адæмы тыхстаг фарстатыл нæ фыссы. Уый сæрысуангæй æндавынц Фæскавказы цæрæг адæмы сагъæстæ æмæ цардуаджы фарстатæ дæр. Зæгъæм, йæ уац: «Край беспросветной нужды»-йы фыссы, ирæттæн, тæтæрæн, цæцæнæн, мæхъæлæн, Дагестаны цæрæг адæмыхæттытæн, таулинæгтæн паддзахы хицаудзинад цавæр фыдæхдзинæдтæ, зынтæ æвзарын кæны, уый тыххæй. Сæрибарæй фыссы Фæскавказы цæрæг тæтæйрæгты æмæ сомихæгты зын цардыл. Георги йе ‘ргом здахы, Гуырдзыстоны æмæ Абхазы зæхкусджыты бартæ цæмæй ист ма цæуой, уыцы фарстатæм дæр. Хъазахъхъы æмæ паддзахы хицаудзинады тыххæй та Георгимæ ис уацты æнæхъæн цикл. Уымæй уæлдай ма Георгийы сфæлдыстадон бынтæй уæлдай зындгонд сты йæ уацтæ: «Ирыстоны 1806 азы цауты историйæ», «Хистытæ», «Зымæгон æхсæв», «Археолог», «Сæрдыгон æхсæв», «Дыууæ фыййауы», «Чъибиткайы», «Уазал у», «Æцæгæлон адæммæ», «Али-бек», «Дыргъдоны», «Арты фарсмæ», «Бийбулат»… Ацы æрмæджытæй нæ цæстытыл ауайы Георги, куыд йæ адæмы æцæг хъæбул, интеллигент, аналитикон зонды хицау, æцæг рухстауæг, дардмæуынаг, фендджын лæг.

Цæголты Георги канд публицист нæ уыд, фæлæ ма йæ адæмы æхсæн зындгонд уыд курдиатджын поэтæй дæр. Йæ поэтикон сфæлдыстады дарддæр хаста Къостайы, Иналы, Секъайы фарны традицитæ. Уыдонау уыд йæ адæмы риссæгтыл сагъæсгæнæг æмæ сæ фæрнджын фидæныл тохгæнæг. Зæгъæм, зæронд Бибойы сагъæстæ Ныхасы нын афтæ ранывæзта:

 “Что, Бибо, ты так невесел,

Так задумчиво глядишь?

 Что ты голову повесил,

Не поешь, не говоришь?

 Аль ячмень не уродился,

 Кукуруза погнила?

С податью не расплатился?

 Аль поминка подошла?”

 

Дарддæр æй фæрсы, кæд, зæгъы, дæ фæнды дæ фыртæн бинонты хъуыддаг бакæнын æмæ дæ ирæдыл сагъæс мары. Æви дæ кæд бонджынтæ истæмæй бафхæрдтой… Кæд дæ ницы сагъæс ис, зæронд Бибо, уæд ма нын дæ фæндырæй ныззар Чермены зарæг, кæнæ нын ракæн дæ кадæг, Стамбулы ирон адæм куыд цæрынц, ууыл, кæнæ ныззар нæртон адæмы лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинадыл. Æмæ нын Георги æмдзæвгæйы фæстаг строфайы Бибойы уды равг мæнæ цы хуызы равдыста:

“И запел Бибо…

Печальный Голос этой песни был,

 Будто тихий погребальный

 Звон среди родных могил.”

Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, цыма нын ам Георги зындгонд кадæггæнæг Зыгъуытаты Бибойы тыххæй радзырдта. Фыссæг, поэт Къубалты Алыксандры поэмæ «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы автор Бибойы цы уды равджы æрфыссы, уыимæ Георгийы æрфыст кæмдæр æмхуызон у.

Мæгуыр лæг Иналыхъы тухиаг цард нын Георги равдыста йæ иннæ æмдзæвгæ «Иналук»-ы. Фыргуыстæй Иналыхъ ныггуыбыр, фæлæ йын йæ хуымтыл куы тыхджын уарын æрцæуы, куы æндæр æрдзон бæллæх. Мæгуыр Иналыхъ сабыр, æнцой цард уыны æрмæстдæр йæ фынты. Уымæ гæсгæ йын æмдзæвгæйы фæстаг рæнхъыты автор зæгъы:

“Эх, спи, оборванный, голодный!

Не просыпайся никогда!

 Да будет проклят труд бесплодный,

Труд беспросветный, труд раба!…”

Йæ дзыллæйыл сагъæсты, уæззау масты хъуыдытæ, хæххон тызмæг, фæлæ зæрдæагайгæ æрдзы нывтæ Георги равдыста йæ иннæ поэтикон уацмысты дæр «В Дигории», «Невесте-осетинке», «Духи гор», «Ночью в горах», «Опять все то же», «В дороге» æмæ æндæрты.

1906 азы нæ нæртон поэт Хетæгкаты Къостайы табæт Иры разагъды лæгтæ Ирыстонмæ куы æрластой æмæ йæ стыр кадимæ Ирыхъæуы, Мады-Майрæмы аргъуаны кæрты куы æрæвæрдтой, уæд поэты ингæны уæлхъус йæхи фыст æмдзæвгæ бакаст Цæголты Георги. Йæ рæнхъыты Цæголы-фырт Къостайæн кæны ныфсæвæрæн ныхæстæ, цæрæнбонты цы æфхæрд адæмы бартыл тох кодта, уыдоныл рæхджы сæ амонды æмæ сæрибары хур кæй скæсдзæн. Æмæ дын, зæгъы, дæ фарны хъуыддæгтæ фидæны фæлтæртæ дарддæр кæй хæсдзысты. Фæлæ уыцы-иу рæстæг Георги хъыг кæны, уыцы фарны, сæрибары хур Къоста кæй нал фендзæн, ууыл. Ацы æмдзæвгæ Георгийæн ссис хрестоматион.

Цæголты Георгийæн йе сфæлдыстадон рæзтмæ нæ уарзон поэт æмæ фарны лæг Хетæгкаты Къоста йе ‘ргом кæй здæхта, аргъ ын кæй кодта, цæстуарзонæй йын-иу йæ фиппаинæгтæ дæр кæй бакодта, уый тыххæй йæ монографи «Очерк развития осетинской литературы»-йы фыссы зындгонд литературæиртасæг, поэт Ардасенты Хадзыбатыр.

1920 азы зындгонд æхсæнадон архайæг Байаты Гаппо, Германы уæвгæйæ, Георгийы тыххæй цы уац ныффыста, уым афтæ зæгъы: «Уæлдай зынаргъ у дæ куыст, Георги! Ды фæкуыстай уыцы адæмæн, нырма куырм чи у, нæ хъусы йæ разæйцæуæг лæгты ныхас, талынг кæмæн у йæ сæры зонд, зæронд тугæй кæмæн зилы йæ зæрдæйы цалх… Мызд нæ агуырдтай… Фос нæ фæкодтай. Ссардтай ахæстон, тард, зæрондæй мæгуыр тухийы цард!». Филологон наукæты кандидат Хæдарцаты Азæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Георги сфæлдыстадон куыст кодта цыппор газеты æмæ журналты редакцитимæ. Ныммыхуыр кодта мин уацæй, очеркæй фылдæр. Цæголы-фырты сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæныныл стыр æмæ арфæйаг куыст бакодта нæ иннæ зындгонд литературæиртасæг, филологон наукæты кандидат Суменаты Замирæ. Уый 1992 азы, чиныгуадзæн «Ир»-ы мидисджын разныхас æмæ фиппаинæгтимæ мыхуыры рауагъта Георгийы уацмысты æххæст æмбырдгонд.

Цæголты Георги цардæй ахицæн 1939 азы 10 августы. Ныгæд у Дзæуджыхъæуы, Сыгъдæг Ильяйы аргъуаны кæрты.

Æрæджы зындгонд историк, бæстæзонæг Феликс Киреевимæ бабæрæг кодтам Георгийы ингæн (уынут æй къамы) æмæ федтам, æдзæллаг уавæры кæй ис, уый. Йæ цыртдзæвæныл поэты къам нал ис, рахауд æмæ фесæфт. Цыртыл цы фыстытæ ис, уыдон дæр, зæгъæн ис, æмæ нал зынынц. Хорз уаид, зындгонд поэты æнусон бынатмæ аккаг хуызы зылд куы æрцæуид, цалынмæ бынтон æдзæллаг уавæрмæ не ‘рцыд, уæдмæ. Ацы цыбыр афæлгæст дæр Георгийы цард æмæ сфæлдыстадон фæндагыл уымæн сарæзтон, цæмæй уацы кæрон, йæ ингæн цы уавæры ис, уый тыххæй газеткæсджытæн радзурон. Ныфс мæ ис, Культурæйы министрады бæрнон лæгтæ, Фысджыты цæдисы разамынд, Цæголты мыггаджы минæвæрттæ ацы уац кæй бакæсдзысты æмæ Георгийы æнусон бынатмæ æмбæлгæ хуызы кæй базилдзысты, уымæй.

ГАСАНТЫ Валерии

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here