Цæттæ кæнынц æвзæрстытæм

0
351

 

Знон Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы республикæйы дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæн уыд Уæрæсейы Федерацийы Центрон æвзарæн къамисы видеоконференци.

Уæрæсейы Федерацийы Центрон æвзарæн къамисы секретарь Мая Гришина бæстæйы журналисттæн ноджыдæр ма иу хатт сæ зæрдыл æрлæууын кодта агитацийы рæстæг æмæ æвзæрстыты бон сæм цы бартæ хауы, аккредитацигонд кæм æмæ куыд хъуамæ цæуой закъонмæ гæсгæ, уыцы хъуыддæгтæ.

Видеоконференцийы архайдтой Цæгат ИрыстонАланийы Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ, йæ хæдивæг Хъуыдаккаты Сослæнбег æмæ секретарь Ольгæ Маркова. Видеоконференцийы фæстæ Моргуаты Жаннæ журналисттæн радзырдта, республикæйы æвзæрстытæм цæттæ кæныны куыст куыд цæуы, ивгъуыд майрæмбон æвзæрстыты архайыны фæдыл регистраци куыд ахицæн, территорион æвзарæн къамистæ æмæ æвзарæн участоктæ æвзæрстытæм куыд цæттæ сты, уыцы бæстон хабæрттæ.

Куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм æвзæрстытæм ацы аз 9 сентябры архайынмæ сæ кандидатурæтæ балæвæрдтой æдæппæт 326 адæймаджы. Уыдонæй хъæуты сæргълæуджыты бынæттæм 36 кандидаты (сæхи хъæппæрисæй — 21, политикон партитæй — 15) хъæуы æмбырдты депутаттæм кандидаттæ 290 адæймагæй (сæхи хъæппæрисæй — 17, политикон партитæй — 273).

Æдæппæт политикон партитæй цæуы 288 (95%) адæймаджы. Сæхи хъæппæрисæй чи цæуы, уыдон та сты 38 (5%).

Регистрацигонд æрцыдысты 303 кандидаты (политикон партитæй 269 (88.78%), сæхи хъæппæрисæй 34 (11,22%). Регистрацигонд не ‘рцыдысты 23 адæймаджы. Æвзæрстыты сылгоймæгтæ архайдзæн 46, уыдонæй 4 цæудзысты хъæуты сæргълæуджыты бынæттæм, 42 та — хъæуты æмбырдты депутатты бынæттææм.

Нæлгоймæгтæ æвзæрстыты архайдзæн 257, уыдонæй 30 хъæуты сæргълæуджыты бынæттæм. 227 та — хъæуты æмбырдты депутатты бынæттæм. Политикон 8 партийæ регистрацигонд æрцыд 269 кандидаты: «Родина» — 38, КПРФ — 34, «Рæстаг Уæрæсе» — 18, «Альянс Зеленых» — 10, КПКР — 5, «Уæрæсейы патриоттæ» — 26, ЛДПР — 9, «Иугонд Уæрæсе» — 129.

Æппæт æвзарæн участоктæ дæр ифтонггонд уыдзысты техникон фæрæзтæй, территорион æвзарæн къамистæ цы агъуыстыты кусой, уыдоны æвæрд æрцæудзæн видеоцæстдарды ифтонггæрзтæ.

Бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм тырнындзинад бæрзонд кæй у, ууыл дзурæг сты иугай бынæттæм 4-5 адæймаджы æмæ ноджы фылдæргай кæй цæуы, уыцы æвдисæнтæ.

Æрæфы районы иу бынатмæ цæуы фондз адæймаджы, Кæрдзыны дæр фондз, Змейкæйы та хъæуы сæргълæууæджы бынат бацахсыныл архайдзысты аст адæймагæй. Августы дыккаг æмбис Центрон æвзарæн къамис райдайдзæн ахуыртæ, политикон партиты минæвæрттæй цæстдарджытæ æмæ къамисты архайджытæ чи уа, уыдонимæ. Ацы æвзæрстыты республикæйы Нымайæн палатæйæ цæстдарджытæ нæ уыдзæн. Ахæм æвзæрстыты æмвæзады Нымайæн палатæйы закъонмæ гæсгæ цæстдарджытæ не ‘мбæлы. Иу мæй ма баззад æвзæрстытæм æмæ дзы чи архайдзæн, куыд ацæудзысты, уый кæмæй аразгæ у, уыдон æмæ сæйрагдæр та республикæйы Центрон æвзарæн къамис сæхи зæрдиагæй цæттæ кæнынц æвзæрстытæм.

КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here