Сæргълæууæгæй — сæрмагонд сертификаттæ

0
494

 

Ивгъуыд сабаты нæ республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд, æртыгай фаззоны кæмæн райгуырд, ахæм фондз ныййарæгимæ: ÆЛБЕГАТЫ Зæринæ, Иринæ БЕРЕЗИКОВА æмæ ДАМБЕГТЫ Линæ — Дзæуджыхъæуæй, ИКЪАТЫ Оксанæ — Джызæлæй æмæ Афинæ АЛЬЦАГИРОВА Цыколайæ. Битары-фырт сын арфæ ракодта æмæ сын радта æхцайы сертификаттæ сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй.

«Æмбæхсинаг никæмæй у, абон Ирыстоны æмæ æмткæй Уæрæсейы дæр демографион уавæр раппæлинаг кæй нæу, уый. Фæлæ сымах хуызæн сылгоймæгты фæрцы нæ бæрц зынгæ фылдæр кæны. Абон иу сывæллон схъомыл кæнын дæр тынг зын у, сымах та æртыгæйттæ хæссут. Æмæ уын уæ ацы хъуыддаджы мах хъуамæ æххуыс кæнæм, лæууæм уæ фарсмæ. Бузныг уын. Уæ кæстæртæ уæхи фæндиаг байрæзæнт», — загъта Битарты Вячеслав.

Сертификатты æхцайы бæрц у иу милуан авдсæдæ фондз мины æмæ æртæсæдæ дыууын сомы.

Кæронбæттæны æппæт мадæлты номæй Битарыфыртæн бузныг загъта Æлбегаты Зæринæ: «Стыр бузныг Битары-фыртæн, бирæсывæллонджын бинонтæм йæ хъус кæй дары, уый тыххæй. Мах ацы субсидитæм тынг æнхъæлмæ кастыстæм. Ныр нын фæуыдзæн фадат нæ уавæртæ зынгæ фæхуыздæр кæнынæн».

Сертификаттæн æхцайы фæрæзтæ дихгонд цæуынц республикон бюджетæй, нæ республикæйы Хицауад 2016 азы 12 апрелы цы закъонадон уынаффæ сфидар кодтой, уымæ гæсгæ

 

КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here