Æрмӕстдӕр иунӕг фӕндаг — зарӕг Уӕрӕсейы Федерацийы сгуыхт ӕмӕ РЦИ-Аланийы адӕмон артисткӕ, Санкт-Петербурджы консерваторийы зарӕггӕнджыты кафедрӕйы доцент, зарӕггӕнджыты ӕппӕтдунеон конкурсы фыццаг премийы лауреат, меццо-сопрано ТЕДТОЙТЫ Ларисӕ бӕрӕг кӕны йӕ юбилей. Цӕмӕй адӕймаг ахӕм бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ схиза, адӕмы ‘хсӕн йӕ кад бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр кӕна, уый тыххӕй хъӕуы тырнындзинад, зындзинӕдтӕн быхсондзинад ӕмӕ бирӕ ӕнӕхуыссӕг ӕхсӕвтӕ арвитын. Æрыгон ирон чызг йӕ фӕндаг Ленинградмӕ куы акодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ нысанмӕ цыд сындӕг, фӕлӕ ныфсджын къахдзӕфтӕй. Йӕ къухы цы стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ бафтыд, уымӕй ӕрхаста кад алы ирон адӕймагӕн дӕр. Йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ арӕхстдзинадӕн адӕм кӕнынц стыр аргъ. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты Людмилӕмӕ равдисынмӕ, сӕ курдиат сын сбӕрӕг кӕнынмӕ, ласынц дунейы алы рӕттӕй, цӕмӕй сын бацамона зарӕджы аивады сусӕгдзинӕдтӕ, сахуыр сӕ кӕна йӕ дӕсныйадыл. Ларисӕ райгуырд Дзӕуджыхъӕуы 1948 азы 8 ноябры. Сывӕллон ма уыд, афтӕмӕй йӕ мад Кокайты Елизаветӕ банкъардта, чызг зарынмӕ йӕ хъус кӕй дары, уый. Фыццаг хатт адӕмы ‘хсӕн азарыд 5-ӕм скъолайы фыццӕгӕм къласы куы ахуыр кодта, уӕд, зарӕг «Санта Лючия». Иу афон ӕй зарӕджы ныхӕстӕ дӕр ферох сты, ӕмӕ русыл цӕссыгтӕ ӕрызгъордтой. Фӕлӕ куы федта, адӕм ын йӕ зарӕгӕн стыр аргъ кӕй скодтой, уый, уӕд йӕ риуы цыма ног дуар байгом, уыйау ын уарзон ссис зарджытӕ кӕнын. Арӕх ӕрымысы Ларисӕ, Вахтанговы уынджы куы цардысты, уӕд йӕ мад сыхы устыты куыд ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ сын Ларисӕ, киноныв «Иолантӕ»-йы цы зарджытӕ фехъуыста, уыдон куыд зарыд, уый. Зарынмӕ дӕсны уыд Ларисӕйӕн йӕ фыд Алыксандр дӕр. Скъолайы фӕстӕ йӕ хӕлар чызг Хуытъинаты Азӕимӕ ахуыр кӕнынмӕ бацыдысты Дзӕуджыхъӕуы музыкалон-педагогон училищемӕ. Йӕ ахуыргӕнӕг уыд Къӕбысты Замирӕ. 1987 азы та каст фӕцис Ленинграды Н.А. РимскийКорсаковы номыл паддзахадон консерватори. Уым бахауд, рагӕй кӕмӕ бӕллыд уый, УФ-йы адӕмон артисткӕ Иринӕ Богачевайы къласмӕ. Уый фӕстӕ йӕ ахуыр адарддӕр кодта профессор Ираидӕ Левандойы къласы. Тедтойты Ларисӕ Ирыстонмӕ куы ссыд, уӕд цалдӕр азы бакуыста нӕ республикӕйы Музыкалон театры. Уый фӕстӕ ссис Санкт-Петербурджы М.П. Мусоргскийы номыл оперӕ ӕмӕ балеты паддзахадон академион театры солисткӕ. Гастрольтӕ ныххал сты: Итали, Япони, Франц, Болгари, Герман, Греци, Голланди, Португали, Америкӕйы Иугонд Штаттӕ. Солон концерттӕ йын уыд уырыссаг адӕмон зарджытӕ, романстӕй. Уӕлдай уарзон систы аивадуарзджытӕн Роберт Шуманы уацмысты музыкалон цикл «Любовь и жизнь женщины». Тедтойты Ларисӕйы ном бирӕ азты нӕ цух кодта нӕ бӕстӕйы зынгӕдӕр оперон театрты афишӕтӕй. Йӕ гастрольты номхыгъд арӕзт цыд цалдӕр мӕйы размӕ. Дунейы оперон классикӕйы репертуары цы меццо-сопранойы партитӕ ис, уыдон иууылдӕр Ларисӕйӕн йӕ къухы сӕххӕст кӕнын бафтыдысты. Йӕ юбилейы агъоммӕ Ларисӕмӕ телефонӕй куы бадзырдтон, уӕд мыл сӕмбӕлд арф ӕнкъарӕнтимӕ. Йӕ хуымӕтӕгдзинад ӕмӕ уды фарнӕй мӕ фӕхайджын кодта. Куыд сбӕрӕг кӕндзынӕ дӕ юбилей, зӕгъгӕ, йӕ куы бафарстам, уӕд загъта: — Иннӕ хӕттыты йӕ куыд фӕбӕрӕг кӕнын, афтӕ. Райсом мӕ студенттӕн балхӕндзынӕн торт, ӕмӕ урокты фӕстӕ консерваторийы иумӕ цай бацымдзыстӕм, зарджытимӕ арвитдзыстӕм нӕ рӕстӕг роялы алыварс. Уый фӕстӕ та мӕм хӕдзармӕ ӕрбацӕудзысты мӕ хӕлӕрттӕ, ацӕудзынӕн аргъуанмӕ дӕр. — Ирыстоны ма фӕстаг хатт кӕд уыдтӕ? — Хъыгагӕн, рагӕй нал уыдтӕн. Бинонтӕ, хъӕбулы хъӕбултӕ, куыст, мастер-класстӕ, жюрийы архайд, ӕмӕ рӕстӕг куыд атӕхы, уый адӕймаг нӕ бамбары. Фидӕны мӕ зӕрды ис ссӕуын. — Ирыстоны зарӕггӕнджыты арӕх бахъӕуы де ‘ххуыс? — Афтӕ зӕгъӕн нӕй. Хъуыды кӕнын Джиоты Вероникӕ нӕм къласмӕ бынтон ӕрыгонӕй куы ӕрбацыд, уӕд сӕ бон сбӕрӕг кӕнын нӕ уыд, сопрано у ӕви меццо. Æз ын уайтагъд банкъардтон йӕ курдиаты тых. Куы йӕм ӕркастӕн, уӕд загътон, ӕнӕмӕнг ӕй кӕй хъӕуы консерватори каст фӕуын. Абон дӕр дзы мӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын. ӕрӕджы та уыдтӕн йӕ концерты. У тынг тыхджын ӕмӕ курдиатджын зарӕггӕнӕг. Уыдис ма ӕндӕртӕ дӕр. — Ларисӕ, цӕстуарзонӕй амоныс дӕ зонындзинӕдтӕ кӕстӕртӕн. Цас у сӕ нымӕц? — Уый тынг зын зӕгъӕн у. Цӕуынц мӕм алы рӕттӕй дӕр: ХантыМансийскӕй, Хабаровскӕй, Красноярскӕй, Читайӕ, Казахстанӕй. Тынг бирӕйӕ мӕм ӕрбацӕуынц консультацитӕм Китайӕ. Нӕ консерваторийӕн йӕ ахуырдзауты ӕмбис сты китайӕгтӕ. Уарзынц хиуыл кусын, сты быхсон. Зарӕггӕнӕджы куыст ӕнцон никӕд уыд. Хъуамӕ уарзай дӕ куыст, тырнай размӕ, уынгты цӕугӕйӕ дӕр хъуамӕ кусай дӕхиуыл. Ларисӕ, айс дӕ юбилейы фӕдыл нӕ зӕрдиаг арфӕтӕ Ирыстоны цӕрджыты номӕй. Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы ӕнӕниздзинад ӕмӕ царды хорздзинӕдтӕй хайджын куыд уай. Иунӕг Кадджын Хуыцауы хорзӕх дӕ уӕд! ХЕТÆГКАТЫ Оксанӕ

0
443

Æрмӕстдӕр иунӕг фӕндаг — зарӕг

Уӕрӕсейы Федерацийы сгуыхт ӕмӕ РЦИ-Аланийы адӕмон артисткӕ, Санкт-Петербурджы консерваторийы зарӕггӕнджыты кафедрӕйы доцент, зарӕггӕнджыты ӕппӕтдунеон конкурсы фыццаг премийы лауреат, меццо-сопрано ТЕДТОЙТЫ Ларисӕ бӕрӕг кӕны йӕ юбилей. Цӕмӕй адӕймаг ахӕм бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ схиза, адӕмы ‘хсӕн йӕ кад бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр кӕна, уый тыххӕй хъӕуы тырнындзинад, зындзинӕдтӕн быхсондзинад ӕмӕ бирӕ ӕнӕхуыссӕг ӕхсӕвтӕ арвитын. Æрыгон ирон чызг йӕ фӕндаг Ленинградмӕ куы акодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ нысанмӕ цыд сындӕг, фӕлӕ ныфсджын къахдзӕфтӕй. Йӕ къухы цы стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ бафтыд, уымӕй ӕрхаста кад алы ирон адӕймагӕн дӕр. Йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ арӕхстдзинадӕн адӕм кӕнынц стыр аргъ. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты Людмилӕмӕ равдисынмӕ, сӕ курдиат сын сбӕрӕг кӕнынмӕ, ласынц дунейы алы рӕттӕй, цӕмӕй сын бацамона зарӕджы аивады сусӕгдзинӕдтӕ, сахуыр сӕ кӕна йӕ дӕсныйадыл.

Ларисӕ райгуырд Дзӕуджыхъӕуы 1948 азы 8 ноябры. Сывӕллон ма уыд, афтӕмӕй йӕ мад Кокайты Елизаветӕ банкъардта, чызг зарынмӕ йӕ хъус кӕй дары, уый. Фыццаг хатт адӕмы ‘хсӕн азарыд 5-ӕм скъолайы фыццӕгӕм къласы куы ахуыр кодта, уӕд, зарӕг «Санта Лючия». Иу афон ӕй зарӕджы ныхӕстӕ дӕр ферох сты, ӕмӕ русыл цӕссыгтӕ ӕрызгъордтой. Фӕлӕ куы федта, адӕм ын йӕ зарӕгӕн стыр аргъ кӕй скодтой, уый, уӕд йӕ риуы цыма ног дуар байгом, уыйау ын уарзон ссис зарджытӕ кӕнын. Арӕх ӕрымысы Ларисӕ, Вахтанговы уынджы куы цардысты, уӕд йӕ мад сыхы устыты куыд ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ сын Ларисӕ, киноныв «Иолантӕ»-йы цы зарджытӕ фехъуыста, уыдон куыд зарыд, уый. Зарынмӕ дӕсны уыд Ларисӕйӕн йӕ фыд Алыксандр дӕр. Скъолайы фӕстӕ йӕ хӕлар чызг Хуытъинаты Азӕимӕ ахуыр кӕнынмӕ бацыдысты Дзӕуджыхъӕуы музыкалон-педагогон училищемӕ. Йӕ ахуыргӕнӕг уыд Къӕбысты Замирӕ. 1987 азы та каст фӕцис Ленинграды Н.А. РимскийКорсаковы номыл паддзахадон консерватори. Уым бахауд, рагӕй кӕмӕ бӕллыд уый, УФ-йы адӕмон артисткӕ Иринӕ Богачевайы къласмӕ. Уый фӕстӕ йӕ ахуыр адарддӕр кодта профессор Ираидӕ Левандойы къласы. Тедтойты Ларисӕ Ирыстонмӕ куы ссыд, уӕд цалдӕр азы бакуыста нӕ республикӕйы Музыкалон театры. Уый фӕстӕ ссис Санкт-Петербурджы М.П. Мусоргскийы номыл оперӕ ӕмӕ балеты паддзахадон академион театры солисткӕ. Гастрольтӕ ныххал сты: Итали, Япони, Франц, Болгари, Герман, Греци, Голланди, Португали, Америкӕйы Иугонд Штаттӕ. Солон концерттӕ йын уыд уырыссаг адӕмон зарджытӕ, романстӕй. Уӕлдай уарзон систы аивадуарзджытӕн Роберт Шуманы уацмысты музыкалон цикл «Любовь и жизнь женщины». Тедтойты Ларисӕйы ном бирӕ азты нӕ цух кодта нӕ бӕстӕйы зынгӕдӕр оперон театрты афишӕтӕй. Йӕ гастрольты номхыгъд арӕзт цыд цалдӕр мӕйы размӕ. Дунейы оперон классикӕйы репертуары цы меццо-сопранойы партитӕ ис, уыдон иууылдӕр Ларисӕйӕн йӕ къухы сӕххӕст кӕнын бафтыдысты. Йӕ юбилейы агъоммӕ Ларисӕмӕ телефонӕй куы бадзырдтон, уӕд мыл сӕмбӕлд арф ӕнкъарӕнтимӕ. Йӕ хуымӕтӕгдзинад ӕмӕ уды фарнӕй мӕ фӕхайджын кодта. Куыд сбӕрӕг кӕндзынӕ дӕ юбилей, зӕгъгӕ, йӕ куы бафарстам, уӕд загъта: — Иннӕ хӕттыты йӕ куыд фӕбӕрӕг кӕнын, афтӕ. Райсом мӕ студенттӕн балхӕндзынӕн торт, ӕмӕ урокты фӕстӕ консерваторийы иумӕ цай бацымдзыстӕм, зарджытимӕ арвитдзыстӕм нӕ рӕстӕг роялы алыварс. Уый фӕстӕ та мӕм хӕдзармӕ ӕрбацӕудзысты мӕ хӕлӕрттӕ, ацӕудзынӕн аргъуанмӕ дӕр. — Ирыстоны ма фӕстаг хатт кӕд уыдтӕ? — Хъыгагӕн, рагӕй нал уыдтӕн. Бинонтӕ, хъӕбулы хъӕбултӕ, куыст, мастер-класстӕ, жюрийы архайд, ӕмӕ рӕстӕг куыд атӕхы, уый адӕймаг нӕ бамбары. Фидӕны мӕ зӕрды ис ссӕуын. — Ирыстоны зарӕггӕнджыты арӕх бахъӕуы де ‘ххуыс? — Афтӕ зӕгъӕн нӕй. Хъуыды кӕнын Джиоты Вероникӕ нӕм къласмӕ бынтон ӕрыгонӕй куы ӕрбацыд, уӕд сӕ бон сбӕрӕг кӕнын нӕ уыд, сопрано у ӕви меццо. Æз ын уайтагъд банкъардтон йӕ курдиаты тых. Куы йӕм ӕркастӕн, уӕд загътон, ӕнӕмӕнг ӕй кӕй хъӕуы консерватори каст фӕуын. Абон дӕр дзы мӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын. ӕрӕджы та уыдтӕн йӕ концерты. У тынг тыхджын ӕмӕ курдиатджын зарӕггӕнӕг. Уыдис ма ӕндӕртӕ дӕр. — Ларисӕ, цӕстуарзонӕй амоныс дӕ зонындзинӕдтӕ кӕстӕртӕн. Цас у сӕ нымӕц? — Уый тынг зын зӕгъӕн у. Цӕуынц мӕм алы рӕттӕй дӕр: ХантыМансийскӕй, Хабаровскӕй, Красноярскӕй, Читайӕ, Казахстанӕй. Тынг бирӕйӕ мӕм ӕрбацӕуынц консультацитӕм Китайӕ. Нӕ консерваторийӕн йӕ ахуырдзауты ӕмбис сты китайӕгтӕ. Уарзынц хиуыл кусын, сты быхсон. Зарӕггӕнӕджы куыст ӕнцон никӕд уыд. Хъуамӕ уарзай дӕ куыст, тырнай размӕ, уынгты цӕугӕйӕ дӕр хъуамӕ кусай дӕхиуыл. Ларисӕ, айс дӕ юбилейы фӕдыл нӕ зӕрдиаг арфӕтӕ Ирыстоны цӕрджыты номӕй. Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы ӕнӕниздзинад ӕмӕ царды хорздзинӕдтӕй хайджын куыд уай. Иунӕг Кадджын Хуыцауы хорзӕх дӕ уӕд!

ХЕТÆГКАТЫ Оксанӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here