Æмархайды ног нысантӕ

0
1464

 

Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон хицаудзинады ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнты ӕмархайды ахсджиаг фарстатӕ хуыздӕр ӕххӕст кӕныны фӕдыл республикӕйы муниципалон арӕзтыты Совет Елхоты культурӕйы галуаны сарӕзта семинар-ӕмбырд РЦИ-Аланийы районты ӕмӕ хъӕуты сӕргълӕуджытӕн. Архайдтой дзы: Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг БИТАРТЫ Вячеслав, РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг ӕмӕ РЦИ-Аланийы Хицауады администрацийы разамонӕг ЧЕЛÆХСАТЫ Рустем, РЦИ-Аланийы муниципалон арӕзтыты советы республикӕйы Сӕргълӕууӕджы ӕххӕстбарджын минӕвар Геннадий РОДИОНОВ, республикӕйы прокуроры хӕдивӕг Павел ЕФИМЕНКО, республикӕйы министрадтӕ ӕмӕ ведомствоты разамонджытӕ.

Æмбырд байгом кодта Кировы районы муниципалон арӕзты сӕргълӕууӕг, РЦИ-Аланийы муниципалон арӕзтыты советы правленийы сӕрдар Нӕкуысаты Барис. Республикӕйы Сӕргълӕууӕг райдыдта хъуыддаджы ныхасӕй. Йӕ цӕст ӕмбырды архайджытыл ахӕсгӕйӕ, Челӕхсаты Рустемӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй, ӕмбырдмӕ ӕнӕ исты ахсджиаг ӕфсонӕй чи не ‘рбацыд, уыдоны сбӕрӕг кӕна ӕмӕ сӕ ӕрдома, ӕппӕтӕн дӕр ӕххӕстгӕнинаг цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдонмӕ бӕрнондӕр цӕстӕй ӕркӕсын.

Битарты Вячеслав районты ӕмӕ хъӕуты сӕргълӕуджытӕн ноджыдӕр ма иу хатт сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цы бынӕттӕ ахсынц, уыдон ӕрмӕст къӕлӕтджынты бадынӕн кӕй не сты, фӕлӕ сӕ цы адӕм сӕвзӕрстой, уыдоны тыхст ӕмӕ лыггӕнинаг хъуыддӕгтӕ аразынӕн. Районты ӕмӕ хъӕуты цӕрджытӕ цӕмӕйдӕриддӕр тыхсынц, уыцы фарстатӕм къӕрцхъусдӕр уӕвын кӕй хъӕуы, зӕрдиагдӕрӕй архайын хъӕуы алфамбылай бынӕттӕ быронӕй сыгъдӕг кӕныныл, цӕрджыты домӕнтӕ афойнадыл ӕххӕст кӕныныл. Республикӕйы Сӕргълӕууӕг дӕнцӕгӕн ӕрхаста Ираны хъӕуы администрацийы сӕргълӕууӕг Плиты Вадимы сӕрӕн архайд. Уый нырма бирӕ нӕ кусы хъӕуыхицауӕй, фӕлӕ йӕхи равдыста ӕрхъуыдыджын ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй. Хъӕуы донцъирӕн фехӕлд. Районы ӕмӕ республикӕйы куы нӕ ссардта, уӕд ӕй агурын райдыдта сыхаг республикӕты. Ссардта ӕмӕ йӕ ӕрбаласта Дагестанӕй. Æхсӕв нӕ хынцгӕйӕ, ӕрбамбырд кодта хъӕугӕ кусджыты ӕмӕ сӕумӕрайсоммӕ хъӕуы цӕрджытӕм ракалд сыгъдӕг нуазыны дон. «Афтӕ архайа хъуамӕ алы сӕргълӕууӕг дӕр», — загъта Битарты Вячеслав ӕмӕ ӕмбырды архайджыты ӕхсӕн йӕхи номӕй зӕрдиаг арфӕтӕ ракодта Плиты Вадимӕн.

Республикӕйы Сӕргълӕууӕг ӕрдомдта районты ӕмӕ хъӕуты сӕргълӕуджытӕй, цӕмӕй цӕрджыты домӕнтӕ ӕххӕст кӕнынӕн агурой фылдӕр ӕмӕ хуыздӕр мадзӕлттӕ. Афойнадыл ӕмбырд кӕной хъалонтӕ, ӕххуыс кӕной амалхъомады архайджытӕн, хъӕуты хъӕугӕ специалисттӕ фидар кӕнынӕн, дӕрддзӕф хъӕуты фосдарынад ӕмӕ ӕндӕр куыстытӕн фадӕттӕ аразынӕн. Цӕмӕй ӕдзухдӕр архайой сӕ экономикон, барадон зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕныныл, адӕмты ‘хсӕн хӕлардзинад фидар кӕныныл ӕмӕ сӕйрагдӕр та фӕсивӕдимӕ хъомыладон куыст кӕнынмӕ. Кӕронбӕттӕны арфӕ ракодта бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнтӕн, ӕрӕджы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕбыцӕу уавӕрты ӕвзӕрст цы сӕргълӕуджытӕ ӕрцыд, уыдонӕн. ӕмбырды ӕппӕт архайджытӕн та раарфӕ кодта Ирыстоны иумӕйаг бӕрӕгбон Джеоргуыбайы фӕдыл. Æмбырды архайджытӕ байхъуыстой, Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы муниципалон арӕзтыты советы 2017 азы ӕмӕ 2018 азы фараст мӕйы куысты бӕрӕггӕнӕнты фӕдыл советы правленийы сӕрдар Нӕкуысаты Барисы мидисджын ӕмӕ бӕстон раныхасмӕ. Советы правленийы ног уӕнгтӕй ӕвзӕрст ӕрцыдысты: Мӕздӕджы муниципалон арӕзты сӕргълӕууӕг Гугиты Анатолийы фырт Геннади, Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы сӕргълӕууӕг ӕлбегаты Харитоны фырт Барис, Красногоры хъӕуыхицау Баситы Владиславы фырт Хъазыбег, ӕрӕфы районы муниципалон арӕзты сӕргълӕууӕг Хидирты Алиханы фырт Батрадз, Алагиры районы Минӕвӕртты ӕмбырды сӕрдар Цогойты Владиславы фырт Феликс, Мӕздӕджы горӕты сӕргълӕууӕг Бураты Василийы фырт Таймураз, Дзӕуджыхъӕуы Галиуфарсы администрацийы префект Таутиаты Владимиры фырт ӕхсар. ӕмбырды ӕвзӕрст ӕрцыдысты ревизион къамисы ног уӕнгтӕ. Организацион фарстаты фӕстӕ ӕмбырды архайджытӕ рахызтысты ахуырты хаймӕ. РЦИ-Аланийы паддзахадон хицаудзинады ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнты ӕмархайды размӕ цы цӕлхдуртӕ ӕвзӕры ӕмӕ сӕ сӕрты куыд ахизгӕ у, уый фӕдыл ӕмбырды архайджытӕн бӕстон ӕмӕ мидисджын доклад скодта РЦИ-Аланийы Конституцион тӕрхондоны сӕрдар Къесаты Станислав. Муниципалон ӕмвӕзады РЦИ-Аланийы стратегион нысанты системӕйы тыххӕй уыд РЦИ-Аланийы экономикон рӕзты министры фыццаг хӕдивӕг Цориты Алетӕйы раныхас. Республикӕйы районты ӕмӕ хъӕуты сӕргълӕуджытӕ байхъуыстой, сӕ дарддӕры куысты сын пайда цы ӕрмӕджытӕ ӕрхӕсдзысты, бирӕ ахӕм экономикон ӕмӕ барадон фарстаты фӕдыл раныхӕстӕм.

Семинар-ӕмбырды кӕронбӕттӕны РЦИ-Аланийы дарддӕры рӕзты фарстаты фӕлтӕрддзинад ӕмӕ фидӕны нысанты тыххӕй раныхас кодта Геннадий Родионов. Паддзахадон хицаудзинады ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнты ӕмархайды дарддӕры нысантӕ ирдӕй сбӕрӕг кодтой сӕхицӕн ӕмбырды архайджытӕ.

КАСАТЫ Батрадз

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here