Уастырджимӕ кувӕн къуырийы бӕрӕгбоны агъоммӕ «Иры Стыр Ныхас»-ы уӕнгтӕ фембӕлдысты Дзӕуджыхъӕуы Цӕгат-скӕсӕйнаг районы цӕрджыты минӕвӕрттимӕ. Адӕммӕ цы бирӕ зӕгъинӕгтӕ уыд, уыдонӕн дзуаппытӕ лӕвӕрдтой «Стыр Ныхас»-ы сӕрдар КУЧИТЫ Руслан, йӕ хӕдивӕг ЕНАЛДЫТЫ Хъазыбег, Терчыфалейы районы администрацийы разамонӕджы хӕдивӕг БАЙМÆТАТЫ Альберт, районы Ветеранты советы сӕрдар ЗОЛОЙТЫ Игорь, «Стыр Ныхас»-ы ахуырад ӕмӕ ирон ӕвзаг бахъахъхъӕныны фарстаты фӕдыл комитеты сӕрдар БУРГАЛАТЫ Заремӕ ӕмӕ районы Ныхасы сӕргълӕууӕг ДЖИОТЫ Яков. Ныхас цыд ирон адӕмы фыдӕлтӕй баззайгӕ ӕгъдӕуттыл, фӕлтӕрты ‘хсӕн бастдзинадыл ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстатыл. Районы «Ныхас»-ы сӕрдары хӕдивӕг ГАЦИТЫ Юри ӕмӕ Сылгоймӕгты советы сӕргълӕууӕг ЧИХТИСТЫ Зӕлинӕ хорзӕхджынгонд ӕрцыдысты «Иры Стыр Ныхас»-ы Кады гӕхӕттытӕй.
Кучиты Руслан сын арфӕ ракодта ӕмӕ ӕмбырды архайджыты базонгӕ кодта сӕ дарддӕры размӕвӕрд хӕстӕ ӕмӕ нысантимӕ.
— Нӕ кӕстӕрты цы фарнӕй фӕхайджын кӕнӕм, уыимӕ цӕрдзысты фидӕны. Ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ, «Иры Стыр Ныхас»-ы уӕнгтӕ хӕрзиуджытӕ райсыны тыххӕй нӕ кусынц, фӕлӕ адӕмы цардыл хуыздӕрӕрдӕм сахадыны тыххӕй, — загъта Кучийы-фырт. — Хъыгагӕн, абон нӕ тынг тыхсын кӕны, хистӕртӕ ӕмӕ кӕстӕртӕ кӕрӕдзийӕ дардӕй-дарддӕр кӕй кӕнынц, уыцы уавӕр. Уым аххосджын стӕм мах, хистӕртӕ. Цард ацы фӕстаг ссӕдз азмӕ афтӕ аивта, ӕмӕ мах кӕмдӕрты фӕсте аззадыстӕм, нӕ кӕстӕртӕ та нӕ разӕй фесты. Уый тыххӕй фӕзынд не ‘хсӕн ахӕм ӕнӕмбарындзинад. Цӕмӕй фӕлтӕрты ‘хсӕн бастдзинӕдтӕ фидардӕр уой, уый тыххӕй нӕ кӕстӕрты цӕстӕй дӕр фӕхъӕуы цардмӕ акӕсын. Курын уӕ: сраст кӕнӕм ацы уавӕр
Кучиты Русланы курдиат уыд, цӕмӕй бӕрӕгбоны къуыри хӕрд ӕмӕ нозт сӕйраг ма суой, фӕлӕ ерыстӕ ӕмӕ культурон мадзӕлтты ‘руаджы суа иудзинады бӕрӕгбон.
— Бакувын та хъӕуы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, — адарддӕр кодта йӕ ныхас Руслан. — Къуырисӕр бӕрӕгбоны номыл ссис фӕлладуадзӕн бон, ӕмӕ уӕ курын, цӕмӕй йӕ арвитат хистӕрӕй кӕстӕрмӕ иумӕ. Хъомыладон куыстӕн дӕр дзы бынат куыд уа, афтӕмӕй. Бӕрӕгбоны ӕнкъарӕнӕй хъуамӕ фӕхайджын уой алы кары минӕвӕрттӕ дӕр. Уый у царды скъола. ӕрыгонӕй хистӕртӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы куырыхон ныхӕстӕ фехъуыстон, уыдон абон дӕр мӕ зӕрдыл лӕууынц. Комӕй-коммӕ, дам, хицӕн ӕгъдау ис. Æмӕ тӕрсын, мыййаг, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр хицӕн ӕгъдау куы фӕзына. Уӕ зӕрдыл бадарут, ӕгъдӕутты бындурӕй айсӕн кӕй ницы ис цӕхджын ӕмӕ уӕлдай митӕй уӕлдай. Тагъд рӕстӕг «Стыр Ныхас»-ы хайӕдты байгом уыдзӕн ирон ӕгъдӕутты скъолатӕ ӕмӕ ирон ӕвзаг ахуыр кӕныны кълас дӕр.
Сӕрдары ныхасӕн ӕмбырды архайджытӕ скодтой аргъ ӕмӕ йын ракодтой арфӕ. Хуыбецты Амираны курдиат та уыд, цӕмӕй ахӕм ӕмбырдтӕ республикӕйы цӕрджытимӕ уа арӕхдӕр. Хъалӕгаты Алыксандры фӕнды, цӕмӕй, Ныхасы уӕнгтӕ цы хъӕугӕ ӕмӕ ахсджиаг ныхӕстӕ фӕкодтой, уыдон телеуынынадӕй дӕр фылдӕр ӕвдисой.
Бӕрӕзгаты Харитоны зӕрдыл ӕрлӕууыд, раздӕр-иу горӕты бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртыты цӕрджытӕ сӕ цин ӕмӕ сӕ хъыджы дӕр ӕнгомӕй куыд архайдтой, уыцы рӕстӕг. Есенаты Барисӕн та ӕнцой нӕ дӕтты, сывӕллон а дунемӕ куыддӕр рантысы, афтӕ йын фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ доны тыххӕй дӕр фидын кӕй хъӕуы, уый.
Галиуфарсы районы администрацийы хайады сӕргълӕууӕг Бетрозты Зӕринӕ радзырдта, кӕстӕртимӕ куыд растдӕр кусын хъӕуы, уыцы мадзӕлтты тыххӕй. Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты номӕй раныхас кодта Дзебысаты Ларисӕ:
— Мах кусӕм кӕстӕртимӕ, ӕмӕ сӕ дӕн зӕрдӕрухс. Хистӕртӕ, нӕхӕдӕг рӕдийӕм! Абон сӕм фаутӕ чи хӕссы, уыдон ма сӕхи бафӕрсӕнт, цал кӕстӕры сӕвӕрдтой царды раст фӕндагыл. О, рӕдийгӕ чи кӕны, ахӕмтӕ дӕр ис, фӕлӕ ма саразут афӕлгӕст историйыл, кӕцы рӕстӕджы нӕ рӕдыдысты кӕстӕртӕ. «Стыр Ныхас»-ы уӕнгтӕ арӕх вӕййынц не скъолайы, нӕ кӕстӕртимӕ фӕархайӕм бирӕ конкурсты, зонынц ирон хъӕзтытӕ иууылдӕр, дзурынц иронау.
Æмбырды цы фарстатыл ӕрныхас кодтой, уыдон фылдӕр уыдысты хистӕртӕ ӕмӕ кӕстӕрты ‘хсӕн бастдзинӕдты тыххӕй. Ацы фарста афтӕ карзӕй кӕй лӕууы, уымӕн рӕстӕг йӕхӕдӕг у ӕвдисӕн.
Нӕ уацхӕссӕг














