Кавказы Дзæуджыхъæуы йæ куыст райдыдта «Иугонд кавказаг VII форум». Архайынц дзы УФ-йы Хуссайраг федералон зылды бартæхъахъхъæнæг æхсæнадон-регионалон организацийы минæвæрттæ.
Цæгат Ирыстоны ацы мадзал арæзт цæуы фыццаг хатт. Форумы делегаттæ дыууæ боны дæргъы ныхас кæндзысты Цæгат Кавказы бартæ хъахъхъæнынады уавæр æмæ адæмты ахастдзинæдтыл, дины фарстатæ, политикæ, æвзаг, культурæ æмæ сæйрагдæр — алы субъекты дæр сæргълæууæг æвзарыны хъуыддаджы адæмы бартыл.
Мадзал байгом кодта æмæ æппæт архайджытæн дæр арфæ ракодта Ирыстоны пысылмон æхсæнады муфти Гуæцæлты Хадзымурат. Уый радзырдта, абон Цæгат Кавказы адæмтæй бирæтæ закъоны фыст æгъдæуттæ кæй халынц æмæ дины фæрцы сабырдзинад, хæлардзинады тæгтæ аскъуыйыныл кæй архайынц, уый фæдыл.
— Цы рæстæг цæрæм, уый нæ бирæ куыст, бирæ архайд домы, цæмæй нæ иумæйаг «хæдзар» Цæгат Кавказы цард уа нывыл æмæ кæддæриддæр сабыр. Хуымæтæг ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддæгтæй аразын бæллиццаг фидæн. Архайын хъæуы культурæ æмæ спорты мадзæлтты фæрцы адæмты æнгом кæныныл, адæймагæн йæ чысылæй фæстæмæ æмбарын кæнын, кæй ис царды закъон, Конституци æмæ бартæ хъахъхъæнынады системæ æмæ йæ алы ми, йæ алы къахдзæф уыцы системæйы фæрцы бæрæггонд кæй цæудзысты, уый. Бирæ хъуыддæгтæ нæм æнхъæлмæ кæсы, бирæ фарстатыл куыст. Æмæ иумæ æмзонд, æмдыхæй æдзухдæр куы архайæм, уæд бафтдзысты нæ къухы æнтыстджын бæрæггæнæнтæ, — загъта Гуæцæлты Хадзымурат.
Форумы раныхас кодта РЦИ-Аланийы Парламенты депутат, нæ республикæйы профцæдисты сæрдар Касаты Таймураз. Уый радзырдта, профцæдистæ дæр граждайнаг бартæ хъахъхъæнынады иу хай кæй сты æмæ иудадзыг адæмы сæрыл кæй дзурынц, сæ бартæ, сæ интерестæ сын кæй хъахъхъæнынц, фæлæ адæмты ‘хсæн хæлар æмæ æфсымæрдзинады ахастдзинæдтæ куы нæ уа, уæд профцæдистæн дæр сæ куыст хæрз дзæгъæлы кæй у, уый тыххæй. Уымæн равзæрста Касайы-фырт «Межнациональный мир и межрелигиозное согласие», зæгъгæ, фарста дæр. Депутат йæ раныхасы фæнысан кодта сæйрагдæр миниуджытæ, абон æхсæнады уавæрæн тæссаг чи у, æппæрццæг хъуыддæгтæм чи сайы, уыцы фæзилæнтæ. Уый загъта:
— Нациты ‘хсæн ахастдзинæдтæ алы дуджы дæр сæйрагдæр фарстатыл нымад уыдысты, ахсджиаг сты абон дæр. Цæгат Кавказы ис авд республикæйы алы дин, алы конфесситыл хæст адæмтимæ. Этникон къордтыл дихгонд кæй цæуынц, уый раст у, алкæмæн дæр нæ ис йæхи æвзаг, йæхи æгъдæуттæ æмæ культурæ. Фæлæ тох кæнын хъæуы, барадхалæг змæнтджытимæ, æхсæнад чи дихтæ кæны, ахæмтимæ. Фыццаджыдæр къæрцхъус уæвын хъæуы дзыллон хабархæссæг фæрæзтæм. Уыдон адæммæ информаци куыд хæццæ кæнынц, уымæй бирæ аразгæ у æхсæнады нывыл уавæр. Цæст дарын хъæуы æрыгон фæсивæдмæ æмæ социалон сайттæм дæр. Рæстæджытæ бирæ ногдзинæдтæ хæссынц цардмæ æмæ нæ иумæйаг фæрныгадыл дæр архайын хъæуы ногдæр мадзæлттæ æмæ фæрæзтæй.
САУТÆТЫ Тамилæ














