«Хъуамæ дыл адæм æууæндой, дæ алы рацыдæй дæр сæ размæ исты хорздзинад хæссай…»

0
462

 

Бæрзонд аивад… Цас æнкъарæнтæ, цас мысинæгтæ хæссынц ацы дзырдтимæ баст хъуыдытæ! Адæймагæн сты цинты уаргъау æмæ дунеæмбарынады бæрзонд хæзнатæ. Афтæ мæм фæкæсы, цыма аивадимæ баст адæм бынтон æндæр сты удыхъæдæй æмæ уагæй. Аивадимæ баст адæймаг æвзæр никуы уыдзæн. Аивад куыд рæсугъд у, афтæ рæсугъд вæййынц сæ удтæ, зæрдæтæ.

Бæрзонд аивад адæймаджы хоны уды æххæстдзинадмæ, царды бæрзонддæр къæпхæнмæ, хорз æмæ фæрнджын хъуыддæгтæм. Уæдæ цас тых ис хорз зарæджы, æвæдза, хъайтарон уа æви лирикон, ис ын йæхи хъомыс, йæхи тых.

Зарæггæнæгæн адæмы размæ ног зарæг рахæссыны агъоммæ, бирæ куыст æрцæуы уацмысыл аивадон æгъдауæй, музыкалон зæлаивæй, æгасæй мелодийыл — алы нотæйыл дæр бæстон бакусынæй æмæ афтæ дарддæр.

Цы ис хорз лирикон зарæгмæ байхъусынæй хуыздæр, æхсызгондæр, адæймаг арф сулæфы, айрох дзы вæййынц йæ зынтæ, йæ рыст.

Нæ республикæйы цæрджытæ рагæй зонынц æмæ уарзынц фæндырдзæгъдæг, РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Хадыхъаты Аллæйы. Фæлæ фæстаг азты уынæм, зарынмæ дæр æм кæй ис курдиат, уый.

Аллæйы фæндыры цагъд иннæтимæ фæхæццæгæнæн нæй. Уымæн ис йæхи ритм, йæхи æрмдзæф, йæ алы цагъды дæр хæдхуыз зæливылæнтæ. Æвæлмæцгæ, æнæзивæг, рæдаузæрдæ æмæ цæстуарзон артисткæ а фæстаг рæстæг йæ аивадæй рухс кæны сценæмæкæсæг адæмы ногæй-ногмæ аив лирикон зарджытæй.

— Аллæ, бирæтæ дын райдайæнты дæ зард куы фехъуыстой, уæд разы нæ уыдысты демæ, дæ фæндырдзагъд зардæй аивай, ууыл. Тынг диссаджы фæндырдзæгъдæг, дам, у, æмæ дæ фæндыр куы ныууадзай, ууыл уыд сæ мæт?

— Раст мæ нæ бамбæрстой адæм… Куыд ис уый гæнæн, æмæ æнæ фæндырæй уон? Уый никуы уыдзæн.

Фæндыр мæнæн мæ уарзт у. Мæ ныййарджыты тынг фæндыд, цæмæй бацыдаин ЦИПУ-йы филологон факультетмæ. Фæстаг фæлварæн нæ радтон æмæ фæцæйцыдтæн æрхæндæгæй хæдзармæ Дзæуджыхъæуы аивæдты училищейы (ныры аивæдты колледжы) рæзты. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнкъард хъуыдытимæ. Уалынмæ кæцæйдæр райхъуыстысты диссаджы музыкæйы зæлтæ. Мæ зæрдæ фестъæлфыд, барухс, æмæ хъуыдыты аныгъуылдтæн, мæ туджы сабибонтæй фæстæмæ фæндыры зæлтæ кæй цæры, уый арфдæр банкъардтон.

— Чи уыд дæ фыццаг ахуыргæнæг, дæ разæнгардгæнæг?

— Мæ мад Иринæ уыд фæндырдзæгъдæг, арæх æй хуыдтой чындзæхсæвтæм, куывдтæм. Мæ хистæр хо Зарæ каст фæцис музыкалон училище, фæндырæй цæгъдыныл дæр мæ уый сахуыр кодта. Уый та сахуыр кодта мæ мад. Аивæдты училищемæ бацæуæн фæлварæнтæ радтон æнцонæй. Каст æй куы фæдæн, уæд мæ арвыстой ансамбль «Ирыстон»-мæ. Уыцы-иу рæстæг куыстон Октябрыхъæуы музыкалон скъолайы, уæд йæ директор уыд Хъайтмазты Зоя. 30 азы дзы кусын, 10 азы та бакуыстон Байаты Альбинæйы паддзахадон кæфтыты ансамбль «Арт»-ы, 16 азы — паддзахадон кæфтыты ансамбль «Алан»-ы.

Мæ къухтæм фæндыр куы райсын, уæд уæлмонцдзинад бацæры мæ зæрдæйы. Ис мын бирæ ахуырдзаутæ, бирæ сæ уарзын. Мæ дæсныдзинад сын цæстуарзонæй лæвар кæнын. Абон мæ рауагъдонтæн сæ фылдæр райстой уæлдæр музыкалон ахуырад, цалдæрæй та каст фесты консерваторитæ.

— Уæззау у фæндыр, лæугæйæ цæгъдын æнцон нæу…

— Æнцон нæу, зæгъынц, фæлæ бафæразын. Аивадæн лæггад кæнын æнцонтæй нæу, хъуамæ алы хатт, алы сахат дæр цæттæ уай адæмы размæ рацæуынмæ. Уæлдай змæлд, уæлдай уынæр, уæлдай сыбыртт нæу аив. Уый æгад кæны артисты, стæй æгас нацийы цæсгом дæр. Æгъдау бæрзонд æмæ сыгъдæг у арвы цъæхау, сæууон ирдгæйау æхцон… Цыфæнды хъуыддаджы дæр.

Афтæ куы нæ уаид, уæд нæм хæлæггæнджытæ дæр нæ уаид нæ сыхæгтæй. Нæ æрдхæрæны «Симд» æмæ уæздан «Хонгæ кафт»-мæ, нæ фæндыры цагъд, нæ æртæ уæливыхы, нæ арфхъуыдыджын æгъдæуттæ æмæ аивæдты иннæ хуызты не ‘нтыстытæм. Уый нæ бæрзонд культурæ у, иннæ адæмыхæттытимæ дæр нæ æнгом уыцы уæздан æмæ оригиналон мидис бæтты.

— Аллæ, ды фæсарæнты бирæ хæттыты уыдтæ…

— Иу дыууиссæдз хатты… Ис мын бирæ хæлæрттæ сыхаг республикæты, Уæрæсейы алы горæтты, фæсарæнты, суанг ма Турчы дæр… Турчы уыдтæн 10 хатты.

Аивад бæрзонд æмæ тыхджын у, йæ тæгтæ зæрдæйы тæгтау сты, уарзын æмæ æнгом кæнынц адæмыхæттыты, нæ бæстæйы цы бирæ нацитæ цæрынц, уыдоны алы культурæты. Аивады арф æвæрд ис адæмы зæрдæ, сæ цин, сæ хъыг, сæ истори, сæ æрвылбоны цардыуаг. Æппынфæстаг, аивад адæймаджы кæны удæй хъæздыг, хъомысджындæр, хатгай лæгыл базыртæ базайы æмæ йæ фæфæнды æрмæстдæр хорздзинад тауын.

Адæмы раз артисты архайд, йæ куыст у стыр бæрнон, хъуамæ дыл адæм æууæндой, дæ алы рацыдæй дæр сæ размæ исты хорздзинад, исты ногдзинад хæссай, кæцы сæ æфтауа цымыдисы æмæ дæ фæлтæрддзинадæй æввахс лæууай адæммæ. Куы нæ дæ уарзой, де сфæлдыстад сæ зæрдæмæ куы нæ цæуа, уæд сын сæ зæрдæ не ссардзынæ. Cæхи дыл атигъ кæндзысты.

— Цавæр хæс ис дæуыл концертдзауты раз?

— Адæммæ цæуын, сæ зæрдæтæ сын балхæнын хорз фæндыры цагъдæй, дзæбæх зарджытæй. Фæнды мæ фылдæр, арæхдæр семæ æмбæлын æмæ тауын зæрдæйы хорзæх, стæй аивады хæрзгæнæг, æвдадзы хос кæй хонынц, уыцы бирæвæрсыг рухс!

Мæхæдæг дæр фыссын музыкæ, стæй зарджытæ дæр…

— Афтæ фæзæгъынц, алцæмæй æххæст адæймаг нæй, фæлæ цыма уæддæр искуы иу адæймаг вæййы алцæмæй æххæст, цыма уыдоны нымæцмæ Хадыхъаты рæсугъд, зараг, фæндырдзæгъдæг чызг дæр хауы?

— Мæ аиппытæн нымæц дæр нæй…(худы). Дæ зæрдæ дæ ма сайæд… Ис мын хорз бинонтæ, мæ цардæмбал — Хетæгкаты Руфат, чызг — Тамилæ, фырт — Марат. Уыдонæй дын раппæлдзынæн! Мæ ныййарджыты фæрцы мæ рауад цыдæр. Стыр бузныг сын!

— Иу фарст ма. Цæмæн дæ фæнды рæсугъд уæвын? Сценæйы, стæй адæмы ‘хсæн дæр дæ алы къахдзæф, дæ алы фæзынд æмæ фæзылдæй дæр бæрæг у, дæу рæсугъд, æнæлаз уæвын тынг кæй фæнды…

— Адæймаджы удыхъæд диссаг кæй у, уый æз нæ раргом кодтон. Мæ удыхъæд мæнæн æндæр у… Иннæтæй уæлдай æз цæмæйдæр хъуамæ хицæн кæнон. Уымæн æмæ æз Аллæ дæн, уыдон та иннæтæ, æндæртæ.

— Фæндыр дæ къухы куы вæййы, уæд цыма цæгъдгæ нæ, фæлæ дзургæ фæкæны, æви йемæ дзургæ ды фæкæныс?

— Ныхас фæцæуы не ‘хсæн — мæн æмæ фæндыримæ. Цыбыр, æргом интервьюйау. Алцыдæр у адæмæн, æппæт дæр артисты зæрдæйæ цæуы адæммæ!

 — Аллæ фæллайын зоны?!

— Уый мæ уд, мæ хъысмæт зоны!.. Фæлæ уæддæр уды æххæстдзинадæн кæрон нæй. Архайдзынæн!

Ныхас кодта БЫЗЫККАТЫ Земфирæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here