Финансон æгъдау æнæмæнг æххæстгæнинаг кæу у, уый бафиппайгæйæ, Тускъаты Таймураз загъта, министртæ æмæ комитетты хицæутты сæ дæлбар уæвæг кусæндæтты разамонджытимæ иумæ кæй хъæуы æркæсын, сæ размæ чи лæууы, паддзахадон æлхæнинæгты уыцы пъланмæ, цæмæй бюджетон фæрæзтæ хардз кæнынмæ хъæугæ ивддзинæтæ хаст æрцæуа, уый тыххæй. Æмбырды ныхас цыд, фæстаг æртæ азы дæргъы арæзт чи æрцыд, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, культурæ æмæ спорты уыцы объекттæй хæдзардзиндæрæй пайда кæныныл. Республикæйы районты администрациты хицæуттимæ видеобастдзинады фæрцы республикæйы Хицауады Сæрдар ныхас кодта, адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæн бынæттæм раивыны программæйы мадзæлттæ æххæст кæныныл æмæ горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны программæйыл. Ацы программæ æххæст кæнгæйæ, ахсджиаг у, бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ нывыл кæнгæйæ, цæрджыты хъуыды æмæ сæ фæндæттæ фиппайын. Куыстгонд цы проекттыл æрцыд, уыдоныл ма баныхас кæндзысты республикæйы сæйраг архитекторы службæимæ. Æмбырды архайджытæ байхъуыстой, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады паддзахадон информацион системæйы бæрæггæнæнты базæ аразыны къабазы хъуыддæгтæ куыд цæуынц, уый тыххæй хъусынгæнинагмæ. Бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæн Тускъаты Таймураз бабар кодта республикæйы цæрджыты нуазыны донæй æфсадыны нысанмæарæзт программæ сæххæст кæныны тыххæй куыстытæ саразын. Ацы ран ахсджиаг у, доны системæйы объектты тыххæй æппæт хъусынгæнинаг зонын. Уыцы объекттæ сты 5184, æмæ алы объектæн дæр хъуамæ уа исбонады бартæ регистрацийы фæдыл хъæугæ документ. Нæ уацхæссæг Республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав ацы аз фыццаг хатт фембæлд, йæ риссаг фарстатимæ йæм цы адæм æрбацыд, уыдонимæ. Ацы хатт æм цы 14 адæймаджы æрбацыд, уыдонæн сæ сагъæстæ фылдæр хатт баст уыдысты цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнынимæ æмæ зæххы ахасдзинæдты фарстатимæ.
Кировы районы Змейскæйы станицæйы центрон уынджы цы аллейæ ис, уый банывыл кæныны фарстаимæ республикæйы Сæргълæууæгмæ бахатыд Дзæгъойты Сослан. Аллейæ ныртæккæ ис æвзæр уавæры — рухсытæ дзы нæй, æрæвæрын дзы хъæуы плиткæ, ныссадзын цæх фæлыст. Битарты Вячеслав зæрдæ бавæрдта, æппæт куыстытæ дæр æххæстгонд кæй æрцæудзысты, уымæй.
Æрыдоны районы Нарты хъæуы рæвдауæндонæн раивинаг у йæ цар. Уыцы куыст сæхæдæг кæй бакæндзысты, ахæм хъæппæрис равдыстой хъæуы æрыгон цæрджытæ. Æрмæст бæлхæнын хъæуы аразæн æрмæг. Стæй канд уый нæ. Рæвдауæндоны кусæг Хадыхъаты Неля куыд загъта, афтæмæй дзы баивинаг у хъармгæнæн системæ æнæхъæнæй дæр, стæй æппæт дуæрттæ дæр. Битарты Вячеслав бардзырд радта Æрыдоны районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийæн æмæ республикæйы Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадæн, цæмæй фарста алыг кæнынмæ хъуыддагæй фæкæсой.
Дзæуджыхъæуы 24-æм рæвдауæндоны ныййарджыты комитет куры, цæмæй, рæвдауæндоны территорийыл цы зæронд æмбонд ис, уый реконструкцигонд æрцæуа. Сæ курдиат республикæйы Сæргълæууæг адæттын кодта горæт Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисмæ. Дæргъæвсы цæрæг Цырыхаты Сослан бахатыд Битарты Вячеславмæ, цæмæй йын радих кæной фос хизынæн зæххы хай. Амалхъом адæймаг фондз азы дæргъы кæны фосы куыст, стæй дары бæхтæ. Республикæйы Сæргълæууæг бабар кодта Паддзахадон исбон æмæ зæххы ахастыты министрадæн, цæмæй фарстамæ æркæсой æмæ амалхъомгæнæг адæймагæн зæххы хай радих кæной.
Раст ахæм фарстаимæ Битарты Вячеславмæ æрбацыд Алан Алборошвили дæр. Амалхъом адæймаг республикæйы Сæргълæууæгæн радзырдта, туристон къабазы цы лыггæнинаг фарстатæ ис, уыдоны тыххæй. Зæгъæм, ныхас цыд Цæгат Ирыстоны уазджытæн æмæ цæрджытæн фæлладуадзæн ног бынæттæ аразыныл. Уымæй уæлдай Аланы фæнды Хетæгкаты Къостайы номыл Фæлладуадзæн парчы æрæвæрын, йæ бæрзæнд 50 метры кæмæн уыдзæн, ахæм ног аттракицон «Колесо обозрения».
Дзуарыхъæуы цæрæг сидзæргæс Гæлуаты Аланæ Республикæйы Сæргълæууæгæй курæг уыд, цæмæй йын феххуыс кæна йæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнынæй. Хъуыддаг ис уый мидæг, æмæ сидзæргæсæн йæ хæстæг, йæ сæрыхицауæй йын цы исбон баззад, уый йæхиуыл скодта, æмæ сылгоймаг уынджы аззад. Ныр дыууæ сывæллонимæ цы фæуа, уый йæхæдæг дæр нæ зоны. Битарты Вячеслав хъуыддаг йæхимæ райста.
— Иунæг курдиат дæр æнæ дзуаппæй хъуамæ ма баззайа. Царды зын уавæрты чи бахауд, ахæм адæймæгтæн, амалхъомгæнджытæн æххуыс кæнын, æхсæнадон территоритæ аив кæнын дæр, социалон æгъдауæй ахсджиагдæр объекттæ цалцæг кæнын — æппæт ацы, стæй ма æндæр фарстатæ республикæйы хицаудзинады æппæт оргæнтæй дæр домынц лæмбынæг цæстæнгас, — загъта Битарты Вячеслав.
Адæмимæ йæ фембæлды фæстæ Республикæйы Сæргълæууæг радта былвырд хæстæ республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы адæмы курдиæттитмæ куысты управленийы разамонæгæн Æлдаттаты Иринæйæн. Адæмы курдиæттæ сæ сæххæст кæныны тыххæй лæвæрд æрцæудзысты профилон министрадтæ æмæ ведомствотæм.
Нæ уацхæссæг














