Рынчындæттæ, поликлиникæтæ æмæ медицинæйы æндæр ахсджиаг объекттæ

0
265

 

Январы кæронмæ Цæгат Ирыстоны кусын райдайдзысты ноджыдæр ма дыууæ фелсырон-акушерон пункты — Редант æмæ Цъæйы. Уымæй уæлдай, хæстæгдæр рæстæг байгом уыдзысты Мæздæджы районы Хъызлары, стæй Горæтгæрон районы Сунжæ æмæ Тарскæйы амбулаторитæ. Кæронмæ фæхæццæ кæны Мæздæджы поликлиникæйы рацарæзт дæр.

Æппæт уыцы ахсджиаг хъуыддæгтыл сæ кусæг фембæлды рæстæг æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ.

— Республикæйы цæрджытæн хъуамæ уа хæрзхъæд медицинон лæггæдтæ райсыны фадат, уыцы æууæл хынцгæйæ, курæг дæн, цæмæй фыццаградон медикон-санитарон æххуысы системæйы куыст фæхъомысджындæр кæнынæн арæзт цæуа уæлæмхасæн мадзæлттæ. Сæрмагонд æргом аздахын хъæуы дæрддзæф хъæуты фелсырон-акушерон пункттæ гом кæныны фарстамæ дæр, — фæнысан кодта Битарты Вячеслав.

Фембæлды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй ацы аз рацаразын хъæудзæн Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны соматикон хайад, уый фæстæ уыцы рынчындоны территорийыл аразын райдайдзысты поликлиникон хайад дæр. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй 2019 азы майы хъуамæ ахицæн уа Æрыдоны районы центрон рынчындоны рацарæзт дæр.

— Ныртæккæ цæттæгæнæн куыстытæ кæнæм, цæмæй Тарнизы ныхмæ республикон диспансер æппæт хъарутæй кусын райдайа. Диспансер æмæ поликлиникæйы бæстыхæйтты ныртæккæ æвæрд цæуы хъæугæ ифтонггæрзтæ. 10 мартъийы онг æппæт кусæнгæрзтæ дæр бынатмæ хъуамæ фæхæццæ уой. Уыимæ, уыцы-иу рæстæг цæттæгонд цæуы æппæт документаци дæр. Уый фæстæ диспансер кусын райдайдзæн, — Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгæн радзырдта Годжыцаты Тамерлан.

Ныхасы рæстæг сæрмагонд æргом аздæхтæуыд рынчынты льготон категоритæн хостæ æлхæныны фарстамæ дæр.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here