Калининграды рамбылдтой æртæ хæрзиуæджы

0
397

 

Калининграды спортивон галуан «Янтарный»-йы 20 январы ахицæн Уæрæсейы чемпионат грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Цы 300 богалы дзы ерыс кодтой, уыдоны ‘хсæн уыдысты авд ирон лæппуйы, æмæ дзы æртæйæн бантыст хæрзиуджытæ рамбулын.

Республикæ Мордовийы номæй хæцæг Уæрæсейы фароны чемпион Хъæбæлоты Витали (йæ тренер Мухамед Цхагошев) равдыста æвæджиауы техникон æмæ физикон цæттæдзинад. Уымæй уæлдай ма Витали тактикон æгъдауæй дæр йæ ныхмæлæуджытæй ифтонгдæр кæй уыд, уымæ гæсгæ рæдыд иу хатт дæр не ‘руагъта æмæ фæуæлахиз йе ‘ппæт ныхмæлæуджытыл дæр. Кæронбæттæны йын ныхкъуырд раттыныл афæлвæрдта новосибирскаг богал Виктор Ведерников, фæлæ сæ фембæлд ахицæн 5:1 хыгъдæй Виталийы пайдайæн, æмæ уый ныр дыккаг хатт ссис Уæрæсейы чемпион 55 кг онг уæзы.

Йæ кæстæр æфсымæры бафæзмынмæ тырныдта Уæрæсейы 2 хатты чемпион, Европæйы чемпионаты 3-аг бынат бацахсæг Хъæбæлоты Зауыр дæр. Уый фæд-фæдыл фæуæлахиз йæ цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны фембæлд Республикæ Мордовийы минæвар, Уæрæсейы раздæры чемпион Алексей Киянкинимæ. Сæ фембæлд рауад тынг хъазуатон. Дыууæ богалы дæр хорз зыдтой кæрæдзийы гæнæнтæ, уымæн æмæ гауызыл фыццаг хатт нæ фембæлдысты. Ахæм уавæры уæлахизы тæраз кæйæрдæм фæуæз кæндзæни, уый иунæг Хуыцау фæзоны. Ацы хатт спортивон амонд йæ мидбылты бахудт Алексей Киянкинмæ, æмæ уый ссис Уæрæсейы чемпион 67 кг онг уæзы. Хъæбæлоты Зауырæн кæд æртыккаг хатт нал бантыст нæ бæстæйы чемпион суæвын, уæддæр йæ архайд уыди зæрдæмæдзæугæ æмæ уый ныфс дæтты, фæстæдæр ма йæ къухы ног æнтыстдзинæдтæ кæй бафтдзæн, уымæн.

Ирон лæппутæй ма хæрзиуæгджын ссис Краснодары крайы номæй хæцæг богал Остъаты Алан. 87 кг онг уæзы ерыс кæнгæйæ, Алан фæкъуыхцы æрмæстдæр иу хатт æмæ бацахста 3-аг бынат. Бæрæг уыд, Аланæн йæ гæнæнтæ фылдæр кæй сты, уый. Ныфс нæ ис, фæстæдæр ма йæ ном иу æмæ дыууæ хатты кæй нæ айхъуысдзæн бæрнон ерысты фесгуыхджытимæ, уымæй. Калининграды Уæрæсейы 2019 азы чемпионтæ систы: 55 кг — Хъæбæлоты Витали, 60 кг — Жамболат Локьяев, 63 кг — Марат Гаринов, 67 кг — Алексей Киянкин, 72 кг — Абуязид Манцигов, 77 кг — Роман Власов, 82 кг — Александр Комаров, 87 кг — Давид Чакветадзе, 97 кг — Никитæ Мельников, 130 кг — Виталий Щур. БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here