Знон Цæгат Ирыстоны кусæг балцы уыдис Уæрæсейы Федерацийы Граждайнаг хъахъхъæнынады хъуыддæгтæ, æнæнхъæлæджы уавæртæ æмæ æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæныны министр Евгений ЗИНИЧЕВ. Йемæ ма республикæйы сæмбæлдысты ведомствойы, Уæрæсейы Федерацийы Президенты Цæгат Кавказы федералон зылды Æххæстбарджыны минæварады бæрнон кусджытæ.
Хицауады хæдзары цы уæрæхгонд æмбырд уыдис, уым архайдтой нæ республикæйы æмæ федералон оргæнты æххæстгæнæг хицаудзинады кусджытæ. Æрныхас кодтой Арвыкомы фæндаджы уавæрыл, цы зындзинæдтæ дзы æвзæры, уыдон алыг кæныны мадзæлттыл, республикæйы Æнæнхъæлæджы уавæрты управлени зынгсирвæзтимæ тохмæ цас цæттæ у, уый æмæ миты зæйтæй тæссаг рæстæг Транскавказаг фæндаджы æдасдзинад æххæст кæныныл.
Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав уазджытæн арфæ ракодта, бузныг загъта Евгений Зиничевæн, Цæгат Ирыстонмæ æппынæдзух йе ‘ргом кæй здахы, æмгуыстад дзæбæх кæй æнтысы, уыдæтты тыххæй. «Афтæ мæм кæсы, æмæ ацы æмбырды цы уынаффæтæ рахæссæм, уыдон хорзæрдæм фæзындзысты республикæйы социалон-экономикон уавæрыл», — бафиппайдта Битарты Вячеслав. Ев- гений Зиничевы ныхасмæ гæсгæ федералон ведомство йæ хъус дары Арвыкомы æмæ Транскавказаг фæндæгтæм.
РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз æмбырды архайджытæн радзырдта, Арвыкомы фæндаджы уавæры тыххæй, уый бæтты Уæрæсе хæстæгдæр фæсарæйнаг бæстæтимæ — Гуырдзы, Сомихимæ. «Зымæгон тæссаг вæййы зæйтæ рацæуынæй, фæндаг сæхгæнæм æмæ иу суткæйæ суанг 30 суткæйы онг дæр вæййы æхгæд. Уыцы ран тынг бирæ машинæтæ сæмбырд вæййы. Фæстаг азты цæстдарæн-уадзæн пункт Уæллаг Ларсыл суткæмæ чи ахизы, уыдоны нымæц аст мин адæймагмæ схæццæ вæййы. Пунктæн йæ хъомыс у къаддæр, рагæй дæр ныхас цæуы бындуронæй йæ рацаразыны тыххæй», — загъта Хицауады Сæрдар.
Уый фæбæрæг кодта зымæгон уавæрты арæнты сæрты бахизыны фадат кæмæн нæ вæййы, уыцы бæлццæттæн алыхуызон ведомствотæ цавæр æххуыс кæнынц, уыдæттæ. Ныртæккæ фæндæгты фæрсты арæзт æрцыдысты фысымуæттæ, кафетæ, ресторантæ, цæстдарæн-уадзæн пунктмæ хæстæг бахъуаджы рæстæг Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управлени æмæ горæты администраци байгом кæнынц рæстæгмæйы фæлладуадзæн бынæттæ. Уымæй дарддæр, машинæтæ æвæрынæн арæзт æрцыд лæууæндæттæ. Уавæр куыд у, уымæ гæсгæ хъуамæ цæстдарæн-уадзæн пункты хъомыс фондз хатты фылдæр фæуа. Республикæйæн ахсджиаг у Дзæуджыхъæуы фæрсты цæуæг фæндаг саразын дæр, уымæн æмæ уæзæгтæласæг транспорт пунктмæ цæуы горæты фæндæгтыл. Уымæй цæрджытæн æмæ экологийæн хæссынц зиан.
Евгений Зиничевмæ цы фарстатæ уыди, уыдонæн Тускъаты Таймураз радта бæстон дзуæппытæ. Битарты Вячеслав та рæгъмæ рахаста, арæнтæм хæстæг фысымуæттæ, кафетæ, æндæр хъæугæ объекттæ аразынæн бардæттæг документтæ райсыны хъуыддаг фæрогдæр кæныны фарста.
Æмбырдты архайджытæн куыд радзырдæуыд, афтæмæй Уæллаг Ларсы цæстдарæн-уадзæн пункт домы ахъаззаг рацарæзт, йæ хъомыс цас у, уымæй дзы адæм æмæ транспорт цæуын райдыдтой зынгæ фылдæр. Кæд æмæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй уый бæрц адæм æмæ транспорт не ‘рымбырд вæййы, уæд Уæрæсейæ бацæуын та баст вæййы дæргъвæтин радимæ, адæм цалдæргай сахæттæ æнхъæлмæ фæкæсынц. Ацы фæндаг æрмæст Уæрæсейæн нæу ахсджиаг, фæлæ ма Фæскавказы республикæтæй уæлдай — Туркæн, Иранæн, Индийæн. Уымæ гæсгæ хъуамæ нæ бæстæйы разамынд, комкоммæ дзуапдæттæг ведомствотæ бацархайой, цæмæй цæстдарæн-уадзæн пункт рацаразыны проект цæттæгонд æрцæуа. Уый фæстæ та бавналын хъæудзæн арæзтадон куыстытæм.
Дарддæр республикæйы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Мамиаты Чермен радзырдта, республикæйы хъæдтæ зынгсирвæзтæй хъахъхъæд куыд цæуынц, æнæнхъæлæджы ведомствоимæ куыд архайынц, цæмæй уыцы зианхæссæг фыдбылызтæ къаддæр кæной. Уыдæтты фæрцы хъахъхъæд цæуынц хъæд, объекттæ, сæйрагдæр та — адæм. Кæд æмæ 22 мартъийы 1 декабрмæ зынгсирвæзтæй тæссаг уыдис районты хъæдтæн, уæддæр министрад цы куысты пълан бацæттæ кодтой, уый мадзæлтты фæрцы-иу арт ахуыссын кодтой. Цы къордтæ конд æрцыдис, уырдæм бахуыдтой дыууæ мин адæймагмæ ‘ввахс, уымæй дарддæр пайда кодтой 161 техникон иуæгтæй. Скодтой зынгсирвæзты бынæттæиртасæг 24 пункты. Рагацау зынгсирвæзты бынæттæ базо- ныны охыл ма пайда кодтой видеоцæстдарды гæнæнтæй дæр. Арæхиу кусджытæн скодтой ахуыртæ, цæмæй бæстондæр зоной зынгсирвæзтимæ тох кæныны гæнæнтæ. Уымæй дарддæр ма ныхасгæнæг фæбæрæг кодта ацы аз уыцы фарстайыл куыд кусдзысты, уый дæр.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Александр Хоружий та æмбырды архайджыты базонгæ кодта Транскавказаг фæндаг зымæгон уавæрты куыд кусы, уыимæ. Ведомство æппынæдзух йæ хъус дары, зæйтæ рацæуынæй тæссаг цы бынæтты у, уыдонмæ. Æппæты тæссагдæр у Буронæй тъунелы онг фæндаджы хай, ис дзы 234 зæйрацæуæны. Уымæ гæсгæ Æнæнхъæлæджы уавæрты управленийы кусджытæ æнæрынцойæ кусынц фæндагыл, æвзарынц зæйрацæуæнтæ, бахъуаджы рæстæг фæндаг сæхгæнынц. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ æххæст кæнынц Хуссар Ирыстоны тыхтимæ иумæ. Ахсджиаг у фæндаггонтæн æппæт хабæрттæ афойнадыл хъусын кæнын. Буроны байгом кæнынц, бæлццæттæ уал сæ рæстæг кæм æрвитой, ахæм пункт, вæййы дзы дохтыртæ, психологтæ.
Ныхасгæнæг куыд бамбарын кодта, афтæмæй зæйрацæуынæй тæссаг бынæттæ фехсынц, æмæ уый фæрцы миты лæсæнтæ фæкъаддæр вæййынц. Æдасдзинады æппæт до- мæнтæ æххæстгæнгæйæ, куыддæр фæндаг расыгъдæг вæййы, афтæ- мæй йæ байгом кæнынц. Фæстаг дæс азы дæргъы иунæг адæймаг дæр хъыгдард нæ баййæфта, нæ фæмард фæндаджы сæрты хизгæйæ. Уымæй дарддæр ма æмбырды æрныхас кодтой зæйты ныхмæ хæстон службæйы архайды тыххæй. Уыцы службæ æххæссы æппæт Цæгат Кавказы регионтыл, гаубицæты фæрцы æхсынц мит фылдæр кæм æмбырд кæны æмæ зæйтæй тæссаг цы бынæтты у, уырдæм. Ис сæм бирæ лыггæнинаг фарстатæ, сæйрагдæр сæ хæцæнгарз кæй базæронд æмæ баивинаг кæй у, уый. Æмбырды архайджытæ рæгъмæ цы бакæнинаг хъуыддæгтæ рахастой, уыдæттæ нымад æрцыдысты. Федералон чиновниктæ куыд бамбарын кодтой, афтæмæй алы фарстайы тыххæй дæр конд æрцæудзæн сæрмагонд документ æмæ сыл бацархайдзысты.
БУТАТЫ Эльзæ