Уынгтæ аивæй дарынæн

0
333

 

 Бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ нывыл уавæры дарынæн дихгонд æхцайы фæрæзтæ къаддæргонд цæмæй ма æрцæуой, политикон парти «Иугонд Уæрæсе» ууыл бацархайдзæн. Ацы хабар фехъусын кодта партийы регионалон хайады пресс-службæ.

        — Республикæйы цæрæг адæм кæртытæ нывыл уавæры дарыны куыст нымайынц ахсджиагыл. Фарон проект «Горæтаг уавæрты» æххæсткæнынады фæрцы 9 муниципалон иугонды 34 бирæфатерон хæдзары кæртытæ нывылгонд æрцыдысты. Курдиат барвитынæн адæм раздæр территорийыл схъæлæс кæнынц, фæстæдæр та нывылкæнынады куыстытыл иумæйагæй æрныхас кæнынц æмæ гæххæттытæ æрæмбырд кæнынц. Проекты фæрцы дзыллæтæ социалон хъуыддæгты зæрдиагæй архайынц, — зæгъы партион проектмæ регионалон цæстдарæг, Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур.

Бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ цалцæг кæнынæн æмæ мин адæймагæй фылдæр кæм цæры, ахæм цæрæн бынæтты нывылкæнынадæн дихгонд федералон фæрæзты бæрц цæмæй ма фæкъаддæр кæной, фарон «Иугонд Уæрæсе»-йæн ууыл бацархайын бантыст. — Мин адæймагæй фылдæр кæм цæры, горæттæй фæстæмæ ахæм цæрæн бынæтты нывылкæнынадæн æхца дæттын не ‘мбæлы, зæгъгæ, парти «Иугонд Уæрæсе» ахæм уынаффæйыл не сразы. Бахастам кæртытæ нывыл кæныны куыстæн æхца дæттыны хъуыддаг муниципалитеттæ æмæ æнæбюджетон гуырæнты бæрны бакæныны фæндон. «Иугонд Уæрæсе»- йы сæрдар, Хицауады разамонæг Дмитрий Медведев нæ фæндоныл сразы, — зæгъы амынд проектмæ цæстдарæг, Паддзахадон Думæйы цæрæнуатон политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг Павел Качкаев.

Адæмы курдиæттæм гæсгæ амынд проект арæзт у регионты æмæ муниципалитетты дзыллон фæлладуагъды бынæттæ нывыл кæнынмæ. Территоритæ банывыл кæныны проект федералон, регионалон æмæ бынæттон хицаудзинады оргæнты æхсæн куыст кæрæдзиимæ бæтты, стæй бынæттон адæмы разæнгард кæны ацы куысты архайынмæ. Уæлдай фылдæр æргом здæхт цæуы горæтаг парктæм. Ацы парктæ цæмæй аивдæр æмæ удæнцойдæр суой, уый тыххæй арæзт æрцæуынц адæмы æхсæнадон æрфарстытæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here