Æхсӕнадон бынӕтты барадон фӕтк хъахъхъӕнын, фӕндӕгтыл ӕдасӕй цӕуыны ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын

0
496

 

Республикӕйы Сӕргълӕууӕг БИТАРТЫ Вячеслав архайдта РЦИ-Аланийы Мидхъуыддӕгты министрады коллегийы ӕмбырды

— Æхсӕнадон бынӕтты барадон фӕтк хъахъхъӕнын ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны фӕндӕгтыл ӕдасдзинады мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнын — 2019 азы уыдон сты нӕ республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕн сӕ сӕйраг нысантӕ. Нӕ фӕндӕгтыл фыдбылызы цаутӕ цӕмӕй фӕкъаддӕр уой, уый тыххӕй ӕххӕст кӕнын хъӕуы ӕдасдзинады ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр. Нӕ сӕйраг хӕс у 2024 азмӕ зынгӕ фӕкъаддӕр кӕнын республикӕйы фӕндаггонтранспортон фыдбылызты нымӕц, Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕндӕгтыл ӕдасӕй цӕуыны стратегийы куыд загъд ис, уымӕ гӕсгӕ. Нӕ республикӕйы цӕрджытӕ зонынц ӕмӕ уынынц, бӕрӕгбӕтты, дзыллон мадзӕлттӕ аразыны рӕстӕг Мидхъуыддӕгты министрады ӕппӕт кусджытӕ дӕр кӕй раивынц службӕ кӕныны карздӕр фӕткмӕ ӕмӕ ноджы цырддзастдӕрӕй кӕй хъахъхъӕнынц ӕхсӕнадон фӕтк. ӕхсӕнадон фӕтк ӕмӕ ӕгъдау фехалыны иунӕг цау дӕр республикӕйы кӕй нӕ уыд, уый у уе сгуыхтдзинадыл ӕмӕ уӕ профессионалон дӕсныдзинадыл дзурӕг бӕрӕггӕнӕн, — загъта Битарты Вячеслав.

Республикӕйы Сӕргълӕууӕг куыд загъта, афтӕмӕй республикӕйы дыууӕ хатты фӕфылдӕр сты марыны цаутӕ, ӕмӕ министрадӕн бабар кодта, цӕмӕй хъуыддаг равзарой ӕмӕ йын къуырийы ӕмгъуыдмӕ бавдисой уавӕрӕн хатдзӕг скӕныны фӕдыл ӕмбӕлгӕ документ. Битарты Вячеслав бафиппайдта, республикӕйы кӕй фӕфылдӕр сты стигъыны, давыны, цӕстфӕлдахыны цаутӕ. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, министрады разамынд йӕ рӕзмӕ хъуамӕ ӕрӕвӕра, оперативон службӕтӕ, участокты пъӕлицӕйӕгтӕ, патрулон службӕтӕ ӕмбӕлгӕ хуызы кӕм нӕ бакуыстой, уыцы фарстатӕ.

Йӕ раныхасы Битарты Вячеслав коллегийы ӕмбырды архайджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, республикӕйы арӕзт кӕй ӕрцыд ӕхсӕнадон ӕххуысгӕнджыты институт ӕмӕ уыдон иудадзыгдӕр хъуамӕ ӕнгом баст уой хицаудзинады ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтимӕ. Йӕ раныхасы кӕрон Битарты Вячеслав арфӕ ракодта Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕн ӕмӕ схорзӕхджын кодта хуыздӕрты.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы указӕй, сӕ куысты хӕстӕ цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй Цӕгат Ирыстоны Кады гӕххӕттӕй хорзӕхджын ӕрцыдысты: Мӕздӕджы районы Мидхъуыддӕгты министрады участокты пъӕлицӕйӕгты ӕмӕ ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл хайады хицау Музаты Хъазыбег ӕмӕ горӕт Дзӕуджыхъӕуы Уголовон агуырды управленийы хайады сӕргълӕууӕг Кучиты Аслан.

Коллегийы куысты архайдтой РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, УФ-йы Федералон ӕдасдзинады Службӕйы РЦИ-Аланийы управленийы сӕргълӕууӕг, инӕлар-лейтенант Сергей Трушкин, РЦИ-Аланийы Мидхъуыддӕгты министр Михаил Скоков, УФ-йы Мидхъуыддӕгты министрады Цӕгат Кавказы федералон зылды Сӕйраг управленийы сӕргълӕууӕг Сергей Бачурин, РЦИ-Аланийы сӕйраг тӕрхонадон пъырыстыф Къесаонты Игорь, РЦИАланийы прокуроры хӕдивӕг Черчесты Аслан, УФйы Президенты ӕххӕстбарджын минӕварады аппараты Цӕгат Кавказы федералон зылды РЦИ-Аланийы федералон инспектор Сергей Гончаров, Уӕрӕсейы Национ гвардийы ӕфсӕдты Федералон службӕйы цӕгатирыстойнаг управленийы сӕргълӕууӕг Рӕмонаты Эльбрус, РЦИ-Аланийы Сӕйраг тӕрхондоны Сӕрдары хӕдивӕг Гусаты Сергей ӕмӕ иннӕтӕ.

 Нӕ уацхӕссӕг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here