Куыд зонæм, афтæмæй ивгъуыд азы нæ республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав скæнын кодта Æхсæнадон æххуысгæнджыты институт. Цы уæнгтæ йæм æвзæрст æрцыд, уыдон сты нæ республикæйы алы районтæй, хъæутæй. Сæ сæйраг хæс у, цæмæй бынæттон администрацитæй уæлдай сæ хъус дарой, æхсæнады цы риссаг фарстатæ ис, уыдонмæ. Æмбæлой, чи сæ цы районы æмæ хъæуы минæвар у, уый цæрджытимæ, хъусой сын сæ фарстатæм. Уый фæстæ сæ æвæстиатæй хъусын кæной республикæйы Сæргълæууæгмæ.
Кæй зæгъын æй хъæуы, иуæй-иу бынæттон хицæутты зæрдæмæ ахæм куыст нæ цæудзæн, фæлæ уал ивгъуыд майрæмбоны ацы ног, афтæ йæ схонæм, ведомствойы уæнгтæ Хъантемыраты Олег, Владимир Орлов, Гаситы Сергей, Кæркуысты Мæирбег, Цхуырбаты Зауыр, Дзасохты Геннади фембæлдысты æфсæддон городок «Спутник”-ы цæрджытимæ. Фембæлдмæ цы адæм æрбацыд, уыдонæн фыццаг бæстон радзырдтой, ахæм Æхсæнадон æххуысгæнджыты институт республикæйы Сæргълæууæг цæмæн саразын кодта, уый тыххæй. Уый фæстæ сæ алкæмæн дæр бар уыд, цæмæй зæгъой сæ фарстатæ æмæ фæндæттæ.
Фарстатæ та уыдысты бирæвæрсыг æмæ алыхуызон. Зæгъæм, бынæттон цæрæг Наталья Судаковайы фарст баст уыд, сæ хæдзæртты фæстæ цы æфсæддон хай ис, уый службæгæнджытæ сæ машинæтæ кæртыты кæй уадзынц, æмæ уыдон аххосæй хатгай тагъд æххуысы машинæйæн кæй нал вæййы æрбацæуæн, уыимæ. Йæ фæндон баст уыд, цæмæй скæной сæхицæн лæууæн бынат æмæ уымы цæрджыты ма хъыгдарой.
Ольгæ Леонтьева та æхсæнадон æххуысгæнджытæм бахатыд, цæмæй сæ городочы дуканитæй искæцыйы æвæрд æрцæуа, æхца карточкæйæ сисæн кæм уа, ахæм аппарат.
— Нæ æфсæддон горо- дочы куы азилай, уæд дзы сæдæ дзæгъæл куыдзæй фылдæр ис. Се ‘ппæт дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, сты низджын, æххормаг. Изæ- рыгæтты фистæгæйцæуæг адæммæ лæбурынц. Æмæ цалынмæ бæллæх не ‘рцыд, цалынмæ искæй нæ ныс- сахъат кодтой, уæдмæ уæ курын, цæмæй, кæдæм æм- бæлы, уырдæм фæхабар кæнат, æмæ ацы куыйты æрцахсой. — ахæм уыд йæ курдиат бынæттон цæрæг Николай Высоцкийæн.
Цæрджытæ ма ахсджиаг- дæр фарстайыл кæй баны- мадтой, уый уыд, сæ кæрты- ты цы «Ирон хæдзæрттæ» ис, уыдон закъоны домæн- тæм гæсгæ цæмæй сфидар кæной, уымæй сæм куыд фæкæсой.
Кæронбæттæны адæмы фæрстытæм æмæ фæндæт- тæм байхъусыны фæстæ æхсæнадон æххуысгæнджы- тæ æрхатыдысты цæрджы- тæм, цæмæй сæхицæй рав- зарой фондз адæймаджы, кæцытæ кусдзысты, сæ фарстатæ алыг кæныны фæдыл цы къамис арæзт æрцæудзæн, уыимæ. Кæй равзæрстой, уыдонæн хистæрæй та снысан кодтой бынæттон цæрæг Игорь Сопруненкойы.
Бирæуæладзыгон хæ- дзæрттæй иуы цæрджыты курдиат уыд, цæмæй, сæ сыхæгтæ хæдзары фæстæ цы цæхæрæдæттæ скодтой, уыдон айсой.
— Мах æй тынг хорз æм- барæм, абон цард зын у, ал- кæйдæр фæнды йæ капекк бахъахъхъæнын. Уымæ гæс- гæ нæ иуæй-иу сыхæгтæ скодтой сæхицæн цæхæра- дæттæ. Уалдзæг дзы бай- тауынц халсартæ. Хуыцау бахизæд, фæлæ искæй хæдзары зынгсирвæзт куы уа, уæд зынгхуыссынгæн- джытæ кæуылты æрба- цæудзысты?
Хорз уаид, æмæ, ацы фарстатæм бар чи дары, уыдон гыццыл куы базмæ- ликкой æмæ сæ куыстмæ сæ хъус куы æрдариккой.
КАСАТЫ Аслæнбег














