Нæ зынаргъ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрджытæ!
Зынаргъ хæлæрттæ!
Арфæ кæнын, адæймаджы царды ахсджиагдæр къабаз — наукæимæ комкоммæ баст чи у, æппæт уыдонæн сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл!
Фыдæлтæй баззайгæ дзырдбаст «наукæ у прогресс — размæгæнæг тых» алкæд куыд ахсджиаг уыд, афтæ ахсджиаг у абон дæр. Не ‘мбæстаг ахуыргæндтæ алы къабæзты дæр цы наукон куыстытæ кæнынц, уыдоны фæрцы стыр ивддзинæдтæ цæуы экономикæйы, уыдон хорзæрдæм ахадынц цардыл, сæ фæрцы фылдæр кæнынц нæ зонындзинæдтæ.
Уæрæсейаг наукæйы рæзтмæ йæ бавæрæн хæссы нæ республикæйы интеллигенци дæр. Мах сæрыстыр стæм царды алы къабæзты архайæг ирон иртастджыты æнтыстдзинæдтæй, Уæрæсейы интеллектуалон хъомысад сфидар кæнынмæ аккаг бавæрæн кæй хæссынц, уымæй.
Цæгат Ирыстоны ахуыргæндты алывæрсыг наукон куыст, сæ архайд дунеон симпозиумтæ æмæ конференциты, сæ публикацитæ хъуыстгонд журналты æмæ рауагъдты, сæ бирæ кадджын хæрзиуджытæ сты тæккæ бæрзонддæр бæрæггæнæны æмæ стыр арфæйы аккаг.
Уæлдай арфæйы аккаг сты, йæ бæрæггæнæнтæ регионы ахсджиагдæр социалон æмæ экономикон фарстатæ лыг кæныныл хорзæрдæм чи фæзыны, ахæм наукониртасæн куыстытæ.
Ацы бæрæгбоны нæ республикæйы æппæт наукон æхсæнадæн дæр мæ зæрдæ зæгъы ног æнтыстытæ, фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгад!
Нæ зынаргъ Ирыстоны наукон æхсæнады минæвæрттæ!
Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны — Уæрæсейаг наукæйы боны фæдыл!
Ивгæ цæуынц рæстæг, фæлтæртæ, фæлæ нæй аивæн царды рæстдзинадæн, наукæ прогресс — размæгæнæг тых кæй у, уымæн. Наукон куыстыты бæрæггæнæнтæ, сфæлдыстадон æмæ интеллектуалон архайд, инновацион проекттæ æмæ ног наукон æнтыстытæ сты æппæт бæстæйы æмæ нæ республикæйы социалон æмæ экономикон ивддзинæдтæн сæ ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæугæ фæрæзтæ.
Цæгат Ирыстоны наукæйы историйы ис тынг бирæ хъуыстгонд æмæ номдзыд ахуыргæндты нæмттæ. Наукæйы сæраппонд удуæлдай куыст чи кæны, нæ уыцы ахуыргæндтæ алкæддæр хицæн кодтой сæ арф хъуыдыйæ æмæ бирæ зонындзинæдтæй, сæ царды равзæрст фæндагмæ æнувыддзинадæй, граждайнаг разæнгарддзинадæй. Сæ размæ цы ахуыргæндты фæлтæртæ уыд, уыдоны æнтыстытыл ног æнтыстытæ æфтаугæйæ, нырыккон наукæйы размæцыдмæ аккаг бавæрæн хæссыныл абон архайынц, сæ наукон куыстытæ практикон æгъдауæй ахадгæ кæмæн сты, Ирыстоны уыцы æрыгон ахуыргæндтæ.
Зынаргъ наукæйы архайджытæ, наукон-иртасæн институтты кусджытæ, уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыргæнджытæ, аспиранттæ! Уæ бæрæгбоны уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, амонд, ног наукон æмæ профессионалон æнтыстытæ. Уадз, æмæ уæ зонындзинæдтæ, уе сфæлдыстадон хъомыс лæггад кæной Уæрæсейæн æмæ нæ райгуырæн республикæйæн!
Алексей МАЧНЕВ, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар