Профессор Гуыриаты Тамерланы номыл бакастытæ

0
348

 

Знон Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты байгом наукон-практикон конференци «II Гуриевские чтения».

Арæзт æрцыдысты зынд- гонд ахуыргонд, ацы инсти- туты æвзагзонынады хайады раздæры сæгълæууæг, фило- логон наукæты доктор, про- фессор Гуыриаты Тамерланы номыл. Ацы аз наукон форум баиу йæ райгуырдыл 90 азы сæххæсты юбилеимæ. Конфе- ренци мидисджын раныхасæй байгом кодта Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыстоны гума- нитарон æмæ социалон ирта- сæнты институты директор, историон наукæты доктор, профессор Хъаныхъуаты Зæлинæ. Уый загъта:

— Гуыриаты Тамерлан уыд уæздан, энциклопедион зо- нындзинæдты хицау. Æвзагзо- нынады, Нарты кадджыты алы фарстатæ иртасыны хъуыд- даджы йын бантыст ныффыс- сын бирæ наукон куыстытæ, уацтæ, монографитæ, архайд- та дунеон, нæ бæстæйы æмæ регионалон конференциты. Наукæйы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыцы фæсивæдмæ каст аудæг цæстæнгасæй. Йæ фæрцы нæ институты цы би- рæ арфæйаг æгъдæуттæ ныф- фидар, уыдонæй иу у æрыгон ахуыргæндты историон-фило- логон скъола. Вæййы афæдз дыууæ хатты.

Тамерлан уыд фырнымд, уæздан хистæр. Йæ царды сæйрагдæр нысан уыд зона- дон æмæ рухстауæн куыст кæнын, æмæ йын уыцы хъуыд- дæгты бирæ бантыст. Йæ нау- кон фæллæйттæ сты ахадгæ.

Уый фæстæ конференцийы архайджытæ бакастыты ахуыр- гонды цард, рухстауæн æмæ наукон архайды тыххæй теле- кинокомпани «АРТ»-ы журна- лист Хуыбылты Жаннæйы ист равдыстмæ. Уым Тамер- лан дзырдта йæ царды æмæ наукон архайды фыццаг къах- дзæфты тыххæй. Уымæй уæл- дай ма йæ ныхас уыд ирон æвзаджы уавæрыл.

Конференцийы пленарон æмбырды фыццаг доклад скодта филологон наукæты кандидат, УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг, ЦИПУ-йы журна- листикæйы кафедрæйы до- цент, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис. Уый Гуыриаты Тамер- ланы тыххæй 2013 азы рауагъ- та монографион очерк. Уым афæлгæсыд йæ царды æмæ наукон архайды зынгæдæр цаутыл. Конференцийы архай- джытæ æхсызгонæй сæмбæл- дысты, Хозийы-фырт ахуыр- гонды тыххæй цы чиныг бацæттæ кодта, уый рауадзы- нæй ын Германы уырыссаг чи- ныгуадзæнтæй иуы зæрдæ кæй бавæрдтой, ууыл. Бахаста фæндон, цæмæй уагъд æрцæ- уа зындгонд ахуыргонды нау- кон, сфæлдыстадон бынты æх- хæст æмбырдгонд.

Тамерланы райгуырдыл 90 азы сæххæсты кадæн рауагъ- дад «Респект»-ы рухс федта йæ арæзт “Уырыссаг-ирон, Ирон-уырыссаг дзырдуат”.

Адæмон сфæлдыстады рес- публикон хæдзары директор, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг Цæриаты Валери та радзырдта, Гуыриаты Тамер- лан йæ рæстæджы ирон те- атралон аивадæн цы хæрзты бацыд, уый тыххæй. Нарты эпосы равзæрды йæ вариант- ты хицæндзинæдты тыххæй конференцийы мидисджын доклад скодта Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыстоны гума- нитарон æмæ социалон ирта- сæнты институты этнологийы хайады сæргълæууæг, исто- рион наукæты доктор, профес- сор, Хетæгкаты Къостайы но- мыл паддзахадон премийы лауреат Цыбырты Людвиг. Пленарон æмбырды цымыди- саг докладтæ скодтой УФ-йы наукæты академийы этноло- гийы æмæ антропологийы институты сæйраг наукон ку- сæг, педагогон наукæты док- тор, профессор Цæллагты Зариффæ æмæ историон нау- кæты доктор Цориты Ингæ.

Конференцийы иннæ ар- хайджытæ-ахуыргæндтæ пле- нарон æмбырды фæстæ дард- дæр кастысты сæ докладтæ сæрмагонд секциты. Федтой Цæгат Ирыстоны Абайты Ва- сойы номыл Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты профес- сор Гуыриаты Тамерланы ме- мориалон кусæнуат æмæ, йæ номыл цы равдыст арæзт æр- цыд, уый.

ГАСАНТЫ Валери

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here