Самбойæ горæт Пермы 8-12 февралы цыдысты Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ фæсивæды (21-аздзыдты онг) ‘хсæн.
Ерысты нысан уыди, самбойæ ацы кары Европæ æмæ дунейы чемпионатты Уæрæсейы спортивон кад чи хъахъхъæндзæн, уыцы самбистты сбæлвырд кæнын. Уый тыххæй та алы уæзы дæр бацахсын хъуыди фыццаг кæнæ дыккаг бынæттæ.
Ирыстойнаг самбисттæй ахæм хæс сæххæст кæнын бантыст Рахизфарсы районы спортивон скъолайы хъомылгæнинаг Тедеты Аланæн.
Коцты Авето æмæ Тимуры хъомылгæнинаг Тедеты Алан хæцыд 100 кг онг уæзы æмæ, кæд ерысты размæ йе ‘нæниздзинад бынтон хорз нæма уыд, уæддæр Пермы йæхи равдыста хъомысджынæй. Алан фæуæлахиз фондз ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны фембæлд ацы кары фароны уæлахиздзау, Свердловскы облæсты минæвар Глеб Познахиркоимæ.
Сæ ныхмæлæуд рауад тынг хъазуатон æмæ ахицæн Познахиркойы пайдайæн.
Нæ республикæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Гаситы Петя Тедеты Аланы архайдæй у разы: «Алан амæй размæйы ерысты йе уæхск кæй ныццавта, уый аххосæй бынтон цæттæ кæд нæма уыд, уæддæр Пермы равдыста æцæг лæгдзинад. Фондз хатты фæуæлахизы фæстæ кæронбæттæны фембæлды дæр йæ ныхмæлæууæгæй цауддæр ницæмæй уыди. Суанг кæронмæ дæр сæ тохы хыгъд уыди æмхуызон. Æрмæстдæр тæрхонгæнджыты бафиппайдмæ гæсгæ уæлахиз лæвæрд æрцыд йæ ныхмæлæууæгæн. Æнæмæнг, Тедейы-фырт йæхи афойнадыл куы сдзæбæх кодтаид, уæд ацы фембæлды дæр нæ фæхæрд уыдаид. Хъыгагæн ын уымæн фаг рæстæг нæ уыд. Ныр нæ зæрдæ дардзыстæм, ардыгæй апрелмæ цы рæстæг баззад, уым йæхимæ кæй базилдзæн æмæ Европæйы чемпионатмæ цæттæйæ кæй ацæудзæн».
Тедеты Аланæн йæ гæнæнтæ гыццыл не сты, æмæ нæ уырны, Европæйы чемпионаты хуыздæртимæ кæй уыдзæн, уый!
БАСКАТЫ Уырызмæг














