Арфæтæ — хуыздæртæн

0
435

 

Знон ирон театры уыд кадджын бæрæгбон — ныронг цы хорз фæтк æрфидар, уымæ гæсгæ, алы аз куыд вæййы, афтæ ацы хатт дæр кад скодтой, 2018 азы стырдæр спортивон æнтыстытæ кæй къухы бафтыд, Цæгат Ирыстоны уыцы спортсментæ æмæ тренертæн

Уыдонæн арфæ ракæнынмæ æмæ сæ схорзæхджын кæнынмæ ирон театрмæ æрбацыдысты республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, республикæйы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, горæт Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис.

2018 аз нæ спортсментæн рауад бæркадджын. Афæдзы дæргъы ирыстойнаг спортсментæ архайдтой 250 спортивон ерыстæ æмæ чемпионатæй фылдæры Европæйы æмæ дунейы æмвæзады æмæ дзы ахстой раззагдæр бынæттæ. Олимпаг æмæ, олимпагмæ чи нæ хауы, спорты уыцы хуызты уыдон æдæппæт рамбылдтой 297 сыгъзæрин, 375 æвзист æмæ 378 бронзæ майданы. Профессионалон æгъдауæй нæ республикæйы ныртæккæ спорты архайы 210 мин адæймагæй фылдæр. Республикæйы разамынды ‘рдыгæй стыр куыст цæуы спортивон инфраструктурæ рæзын кæныныл æмæ фæсивæды æргом спорт æмæ æнæниз цардыуагмæ аздахыныл. Фæстаг рæстæг ног спортивон комплекстæ æмæ фæзтæ фæзындысты Дзæуджыхъæуы, Джызæлы, Хъарман-Сындзыхъæуы, Красногоры, Заманхъулы æмæ республикæйы æндæр хъæуты.

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав хуыздæр спортсментæ æмæ тренертæн арфæ кæнгæйæ, загъта: «Спортивон фæндаг æнцон никуы уыд, æмæ арфæ кæнын, уыцы уæззау фæндаг чи равзæрста æмæ стыр уæлахизтæ йæ къухы кæмæн бафтыд, уыдонæн. Йæ номдзыд спортсментæй Ирыстон алкæддæр уыд хъуыстгонд, æмæ мæ фидарæй уырны, дарддæр дæр афтæ кæй уыдзæн, уый. Сæйрагдæр та уый у, æмæ нæ номдзыд спортсментæ æрыгон фæлтæрæн, фæсивæдæн кæй сты, тырнын кæмæ хъæуы, уыцы хорз дæнцæг».

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы физкультурæ æмæ спорты сгуыхт кусæджы» кадджын ном лæвæрд æрцыд: Берозты Эрикæн — спортивон скъола «Стимул»-ы тренер-ахуыргæнæгæн, Гудиаты Юлианнæйæн — Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны уæлæмхасæн ахуырады педагогæн, Гусалты Альбинæйæн — армреслингæй тренерахуыргæнæгæн, Хъарадзауты Шамилæн — армреслингæй тренерахуыргæнæгæн, Хъесаты Иринæйæн — фехтованийæ спортивон скъолайы директоры хæдивæгæн, Игорь Хрипковæн — Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны уæлæмхасæн ахуырады педагогæн, Людмилæ Щербичæн — фехтованийы скъолайы хистæр тренерæн.

Афæдзы дæргъы чи фесгуыхт, республикæйы спорт æмæ физкультурæйы къабазы кусджыты иу къордæн лæвæрд æрцыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Кады грамотæтæ, иннæ къордæн — Уæрæсейы Федерацийы Спорты министрады хæрзиуджытæ. Къабазы кусджытæн, спортсментæ æмæ тренертæн сæ радтой республикæйы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ горæт Дзæуджыхъæуы мэр Æлбегаты Барис.

Гæбуты Фатимæ (рæттæй хъæбысхæст), Дзуццаты Аллæ (йæ къахайст йæхи бар кæмæн нæу, уыдоны спорт), Сидахъаты Зауырбег (уæгъдибар хъæбысхæст), Таутиаты Георги (армреслинг), Цакъоты Сæрмæт (тхэквондо) систы Уæрæсейы дунеон къласы спорты мастертæ. Паратхэквондойæ дунейы фондз хатты уæлахиздзау Гæззаты Спартак хорзæхджын æрцыд æхцайы премийæ.

Кадджын бæрæгбоны архайджыты æмæ уазджыты зæрдæтæ сæ рæсугъд аивадæй барухс кодтой паддзахадон академион адæмон ансамбл «Алан», зарæггæнджытæ Хъæбæлоты Руслан, Бекъойты Вано æмæ иннæ артисттæ.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ Къам систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here