«Ацы документ махæн у ахсджиаг, уымæ гæсгæ хъæуы хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгты рæзтыл бакусын. Æртæ азмæ уал, зæгъæн ис, æмæ уыцы хъуыддаг хорз бантыст, фæлæ хъуамæ ма фæкъаддæр уа архайд. Бюджет æххæст кæныны хъуыддагыл дзуапдæттæг адæймæгтæ æмæ ведомствæтæ ноджы бæрнондæрæй бавналæнт, алцæмæдæр уæнт къæрцхъус. Ныртæккæ дæр кусæм сæйраг финансон документ хуызæнæн æххæст кæныныл, архайæм бирæ программæтæ æмæ проектты», — знон Хицауады æмбырды министрты кабинеты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз фæбæрæг кодта йæ ахаст нæ республикæйы паддзахадон финансты нывылдзинады æмæ социалон-экономикон рæзты мадзæлттæм.
Финансты министр Бутаты Хъасболат æмбырды архайджытæн куыд радзырдта, афтæмæй нæ республикæйы Сæргълæууæг æмæ Уæрæсейы Финансты министрады ‘хсæн бадзырды фæрцы хъуамæ Цæгат Ирыстонæн ацы аз радих кæной 9 миллиарды æмæ 539 милуан сомы дотацитæ. Фæлæ уыцы-иу рæстæг республикæйы хицауиуæггæнæг оргæнтыл æвæрд цæуынц хæстæ, уыдонæй иуварс ахизгæйæ нæ бахъæудзæн ивартæ фидын. Хъуамæ нæ хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ фылдæргæнгæ цæуой, бюджеты хæрдзты хаймæ уыдзæн уæлдай цæстæнгас. Æппæт æмвæзады хицаудзинадыл æвæрд цæуы финанстæ нывыл кæныны, æхца хæдзардзинæй хардз кæныны хæстæ.
Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ, цас æмбæлы, уымæй къаддæр куы рауайой, уæд бадзырдмæ гæсгæ ивар фиддзыстæм 100 милуан сомы. Иннæ ахæм, хæрдзтæ куы фæфылдæр уой, уæддæр ивар уыдзæн 100 милуан сомы бæрц. «Хъуамæ хæрдзты фæстæ æнæмæнг уа хорз бæрæггæнæнтæ, уыцы фæткмæ гæсгæ куы нæ кусæм, уæд нæ дзуапп дæттын хъæудзæн федералон министрады раз. Уымæ гæсгæ уæ курын, уæ куыст лæмбынæгдæр аразут, алы хардз дæр барут», — бафæдзæхста Тускъайыфырт.
Фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбиаты Барис æмбырды цы фарстытыл æрдзырдта, уыдон баст уыдысты сидзæр æмæ æнæ ныййарджыты æвджидæй баззайæг сывæллæттæн фатертæ дих кæнынимæ, ветерантæн социалон æххуысы мадзæлттæ кæнынимæ, иннæ ахæм, кусæг адæмы фæллойадон уавæртæм æппынæдзух цæстдарынимæ.
Æппæт Уæрæсейы дæр ахсджиаг у, хи æхца радихгæнгæйæ фатерты арæзтады чи архайдта, æнæ цæрæнуат æмæ æнæ æхца чи баззад, уыцы сайд адæмы хъысмæт. Фæстаг рæстæг фидаргонд цæуынц сæрмагонд закъæттæ, уыдонмæ гæсгæ сын сæ бартæ хъахъхъæндзысты. Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Касаты Таймураз куыд радзырдта, афтæмæй сæ ведомствæмæ хауы, ахæм хуызы арæзтæдтæ æххæстгæнæг куыстуæттæм цæстдарыны, адæмы æхца нысаныл хардзгонд куыд цæуынц, уыдæттæ æвзарыны хæстæ. Прокуроры хæдивæг Павел Ефименко бафарста Касайы-фырты, кооперативон хæдзæртты арæзтады чи бацыд æмæ 1996 азæй фæстæмæ сæ æрдæгарæзт фатерты тыххæй чи зилы, уыцы адæмы фарстайыл та куыст куыд цæуы, уымæй.
Куыд сбæлвырд, афтæмæй ахæм адæймæгтæ сты сæдæйы бæрц, æнхъæлмæ кæсгæйæ баззадысты, зилынц алы ведомствæтыл, фæлæ сын дзуапдæттæг нæй. Тускъаты Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ, æппæт ацы зындзинæдтæ æрцыдысты, закъон лæмæгъ кæй уыди, аразджытæ æмæ граждæнты ‘хсæн ахастдзинæдтæ кæй нæ нывыл кодта, уый аххосæй. «Хъуамæ равзарæм ацы уавæр дæр, кæд æмæ регионалон æмвæзады нæ бон исты у, уæд æй сæххæст кæнæм. Кæд фарста æрмæстдæр федералон хицаудзинады фæрцы ис бындуронæй алыг кæнæн, уæд та уыдæттыл бацархайæм», — фæнысан кодта Хицауады Сæрдар.
Æнæзакъонæй йæ хæдзары хæцæнгарз, рæмудзæн æрмæг чи дары, уыдон сæ цæмæй барвæндонæй радтой, уый тыххæй иу азæй иннæмæ Хицауад рахæссы уынаффæтæ. Алы хæцæнгарзы ныхмæ дæр дихгонд æрцæуы æхца. Хъуыддаг куыд æнтысы, уый тыххæй æмбырды радзырдта Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Куыд бацамыдта, афтæмæй раздæр ахæм хъуыддагæн дих кодтой фылдæр æхца, уый адæмы разæнгард кодта. Зæгъæм, 2016 азы æнæзакъон хæцæнгарз кæй радтой, уый тыххæй адæмæн бафыстой 500 мин сомы бæрц; 2017 азы — 215 мин сомы; 2018 азы — 226 мин сомæй чысыл фылдæр. Томайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, фæстаг азты æхцайы бæрц фæкъаддæр кодтой æмæ адæм дæр хъуыддагмæ сæ хъус нал дарынц. Ныртæккæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бахæс кодта, цæмæй уыцы нысанæн æхца фæфылдæр уа. Уымæ гæсгæ 2019 азы бюджеты бавæрдтой 500 мин сомы.
Æмбырды ма равзæрстой æмæ сфидар кодтой æндæр ахсджиаг фарстытæ дæр.
БУТАТЫ Эльзæ














