Майдан «Ирыстоны Намысæн» — Уазиты Махарæн

0
464

 

Знон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславæн фембæлд уыд нæ зындгонд æмзæххон, Уæрæсейы Стыр театры балетон къорды разамонæг УАЗИТЫ Махаримæ. Ахæм фембæлдæн уыд æхсызгон æфсон — РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй Уазийы-фырт «республикæйы раз сгуыхтдзинæдтæ æмæ бирæазон зæрдиаг куысты тыххæй» хорзæхджынгонд æрцыд бæрзонд паддзахадон хæрзиуæг — майдан «Ирыстоны Намысæн»-æй

Уазийы-фыртæн арфæ ракæнгæйæ, Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй хореограф йе сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон архайдæй æрмæст йæхицæн нæ кæны ном, фæлæ бæрзонддæр исы Цæгат Ирыстоны кад.

— Ды Ирыстоны кадджындæр хъæбултæй иу дæ. Де сфæлдыстадæн дын аккаг аргъ кæнынц æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ дард фæсарæнты дæр. Аивадæн, уырыссаг балетæн цы лæггæдтæ бакодтай, уыдон хорз зындгонд сты, — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Уазиты Махар ахæм бæрзонд хæрзиуæджы тыххæй бузныг загъта, майдан «Ирыстоны Намысæн» йæхицæн банымадта стыр кадыл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, йæ чысыл фыдыбæстæйæ дард уæвгæйæ, иу уысм дæр рох нæ кæны, ирон кæй у, уый. «10 азы мыл куы сæххæст, уæд мæ ахуыры фæндæгтæ акодтой Ирыстонæй дард бынæттæм. Æмæ кæд мæ къухы æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уæд уый æрмæстдæр — нæ фæрныг Ирыстоны фарны, нæ рагон адæмон æгъдауы фæрцы. Уыцы æууæлтæ мын алкæддæр тых лæвæрдтой», — фæнысан кодта Уæрæсейы Стыр театры балетон къорды разамонæг.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here