Ноджыдæр ма — дыууæ рæвдауæндоны

0
388

 

Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт — Цхинвалы рæвдауæндæттыл ацы аз бафтдзæн ноджыдæр ма дыууæ. Уый тыххæй фехъусын кодта информацион агентад «Спутник»

Информацион агентады уацхæссæгæн Арæзтады министрады пресс-службæйы куыд радзырдтой, афтæмæй дыууæ ног рæвдауæндонæй фыццаджы арæзтад кæронмæ фæхæццæ кæны, иннæ объектыл куыстытæ та ныр райдыдтой.

«Привокзальнаяйы уынджы цы рæвдауæндон æрбынæттон, уый ныридæгæн лæвæрд æрцыд Ахуырады министрадмæ. Дыккаг рæвдауæндоны арæзтад та ахицæн уыдзæн азы кæронмæ», — радзырдта министрады пресс-службæйы минæвар Тедеты Аленæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here