Ныхас — хъæды хæдзарады фарстытыл

0
344

 

Знон Хæххон металлургон институты ахуыргæндты хæдзары уыдис УФ-йы Хъæды хæдзарады, Цæгат Кавказы Федералон зылды Федералон агентады радон æмбырд. Мадзалы архайджытæ ныхас кодтой нæ бæстæйы Хуссайраг регионы хъæдыхæдзарады уавæртæ æмæ рæзты фарстытыл. Æмбырды архайдтой: Хъæды хæдзарады федералон агентады разамонæджы хæдивæг Михаил КЛИНОВ, Хуссар федералон зылды Департаменты хъæдыхæдзарады хицау Петр КОСТЕНИЧ, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг СÆБÆТХЪУАТЫ Æхсарбег, РЦИ-Аланийы экологи æмæ æрдзон фæрæзты министр МАМИАТЫ Чермен, æмæ Цæгат Кавказы республикæты хъæды хæдзарæдты ведомствæты разамонджытæ

Ивгъуыд азы бæрæггæнæнты æмæ фидæны нысанты фæдыл раныхас кодта Петр Костенич. Уый радзырдта, Цæгат Кавказы федералон зылды хъæды хæдзарæдты уавæрты æмæ куысты тыххæй бæлвырд хабæрттæ. Куыд загъта, афтæмæй, нæ бæстæйы Президент Владимир Путин æрæджы цы закъоны проект бафыста, хъæдтæ зынгсирвæзтытæй цаутæй бахизыны тыххæй, уый иуæй-иу республикæты нывыл æххæстгонд нæ цæуы. Уымæй уæлдай ма бахыгъта, хъæды хæдзарæдты куысты æгъдаухæлдтыты цаутæ дæр. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег æмбырды архайджытæн радзырдта, Цæгат Ирыстоны хъæды хæдзарады хицауады ‘рдыгæй фарстытæм биноныг цæстдард кæй ис, экологи æмæ æрдзон фæрæзты министрад та иудадзыг архайы, нæ бæстæйы разамынд цы уынаффæтæ хæссы, уыдон бæрнонæй æххæст кæныныл. Уыдæттимæ Мамиаты Чермен бæлвырддæр базонгæ кодта форумы архайджыты йæ раныхасы фæрцы.

— Цæгат Ирыстоны ис æдæппæтæй авд хъæды хæдзарады. 2018 азы нæ куысты бæрæггæнæнтæ сты раппæлинаг. Кæд нæ республикæйы æгæрон зæххытæ нæй, уæддæр нæ цæст дарæм æмæ архайæм нæ хъæдтæ бахъахъхъæныныл. Ивгъуыд нымад уыдис волонтерты азыл æмæ архайдтам, талатæ садзыны æппæтуæрæсейон акцийы дæр. Ныссагътам 400 мин талайы, питомникы кæй «схъомыл» кодтам, ахæмтæ. Сты хихджын мыггæгты бæлæстæ. Зынгсирвæзты цаутæй нæ хъæдтæ бахызтам алы мадзæлттæй дæр. Сæйрагдæр сæм нæ цæст дардтам, рагацау бæрæг кодтам, зынгсирвæзтæй уæлдай тæссагдæр кæм у, уыцы хæйттæ. Ис нæм хорз техникæ, нæ куыст, цæмæй нывыл цæуа, уымæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис, хъæды хæдзарæдтæм цæстдарды æгъдаухалæн цаутæ дæр æмæ сæ закъоны бындурыл аиуварс кодтам. Уыдонæй сты, æнæзакъонæй хъæд калыны æмæ хъæдæрмæг æндæр рæттæм аласынвæнды цаутæ. Ахæм адæймæгтæ æфхæрд баййафынц закъонмæ гæсгæ. Ацы аз дæр дарддæр биноныг æххæст кæндзыстæм, цы хæстæ нæм хауы, уыдон. Архайдзыстæм хъæды хæдзарады кусджыты квалификаци бæрзонддæр кæныныл, хъæды хæдзарад æмæ экологийы æппæт ахсджиаг хъуыддæгтыл дæр бæрнонæй кусыныл, — загъта министр.

Æмбырды дзуаппон докладтæ скодтой Уæрæсейы Хуссар Федералон зылды регионы хъæды хæдзарæдты ведомствæты разамонджытæ дæр.

САУТÆТЫ Тамилæ Къам систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here