Уæрæсейы боксертæ — Европæйы чемпионтæ

0
430

 

Дзæуджыхъæуы дæс боны дæргъы боксæй цы цымыдисаг ерыстæ цыдысты, уыдон хуыцаубоны, 17 мартъийы, ахицæн сты кæронбæттæны тохтæй. Сбæрæг сты фæсивæды ‘хсæн (22 азы онг) Европæйы чемпионтæ.

Уæрæсейаг боксертæй кæронбæттæны тохты архайдтой авд лæппуйы æмæ авд чызджы. Уыйбæрцæй иу бæстæйы командæйæн дæр нæ бантыст кæронбæттæнмæ рацæуын.

Кæронбæттæн тохты дæр уæрæсейаг чызджытæ æмæ лæппутæ сæхи равдыстой тынг сæрæнæй. Нæ чызджытæй фыццаг фесгуыхт Екатеринæ Пальцева. Уый 48 кг онг уæзы æнæкъуылымпыйæ фæуæлахиз туркаг чызг-боксер Мелек Ямакыл. 51 æмæ 54 кг онг уæзты дæр кæронбæттæны фыццаг бынат бацахсыныл ерыс кодтой уæрæсейаг чызджытæ Гелюса Галиева (51 кг) æмæ Анастасия Артамонова (54 кг). Нæ чызджытæ хъазуатон тохы бæргæ бацыдысты сæ ныхмæлæуджытимæ, фæлæ сæ дыууæ дæр бацахстой 2-аг бынæттæ. Тæрхонгæнджытæ ацы тохты уæлахиздзаутыл банымадтой сомихаг чызг-боксер Ануш Григоряны (51 кг) æмæ францаг чызг Каролин Крувелльеры (54 кг). 57 кг уæзы 1-аг бынат бацахста Ирма Теста (Итали), 60 кг онг уæзы Сара Эми Бродхарст (Ирланди). 64 кг онг уæзы 1-аг бынат бацахсыныл ерыс кодтой сомихаг чызг Ани Овсепян æмæ уæрæсейаг Екатеринæ Дынник. Ацы хъазуатон тохы уæлахиздзауыл нымад æрцыд Екатеринæ Дынник. 69 кг онг уæзы уæрæсейаг чызг Наталья Сычугова бацахста 3-аг бынат, 1-аг бынатмæ та рацыд туркаг чызг-боксер Сусеназ Сурменели.

Æндæр бæстæты чызджытæн уый уыди сæ фæстаг сыгъзæрин майдан. Цы æртæ уæзы ма баззад, уыдоны фæуæлахиз сты уæрæсеаг чызджытæ Анастасия Шамонова (75 кг), Мария Шишмарева (81 кг) æмæ Кристинæ Ткачева (+81 кг).

Дзæуджыхъæумæ ацы ерыстæ фенынмæ цы уазджытæ ссыди Европæйы алы бæстæтæй, уыдонимæ уыди бирæ зындгонд адæймæгтæ: Европæйы боксы конфедерацийы президент, дунеон боксы федерацийы вице-президент Франко Фальчинелли, боксы Румыны федерацийы генералон секретар Сима Виорел, Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Молдовайы боксы федерацийы вице-президент Максим Чертыховцев, Боксы дунеон федерацийы вицепрезидент Эюп Гожгеч, Гуырдзыстоны боксы федерацийы президент Давид Циклаури, Европæйы боксы конфедерацийы тæрхонгæнджыты къамисы сæрдар Волдемар Менсел æмæ æндæртæ.

Кæронбæттæны ерыстæм бакæсынмæ Дзæуджыхъæумæ стахти Мæскуыйæ Уæрæсейы спорты министр Павел Колобков. Уымæй уæлдай ма ам уыдысты Уæрæсейы боксы федерацийы бæрнон кусджытæ.

Уыйбæрц зындгонд адæмы ссыд дзурæг у, ацы ерысты ахадындзинадыл.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав кæронбæттæны тохты райдайæны размæ йæ арфæйы ныхасы загъта: «Кæронмæ æрхæццæ сты, дæс боны дæргъы цы рæсугъд ерыстæ цыдысты, уыдон. Ацы бонты мах æвдисæн уыдыстæм спорты стыр бæрæгбонæн. Мах иу кæны спортмæ уарзондзинад æмæ уадз æгас дунейы дæр спортивон ерыстæ адæмæн лæвар кæнæнт сабырдзинад æмæ хæлардзинад.

Фæнды нæ, цæмæй ацы стыр ерысты фæстæ хæрзиуджытæй уæлдай Ирыстонæй уæ зæрдæты ахæссат хорз мысинæгтæ æмæ уæ ногæй æрфæнда нæ республикæмæ æрбацæуын». Ацы ныхæстимæ Битарты Вячеслав зæрдылдарæн лæвæрттæ ракодта Франко Фальчинелли, Павел Колобков, Умар Кремлевæн.

Павел Колобков йæ раныхасы загъта: «Æз зæрдиагæй арфæ кæнын, ерыстæн ахæм æмбæлгæ уавæртæ чи сарæзта, уыдонæн. Ахæм стыр ерыстæ боксæй Ирыстоны кæд фыццаг хатт цыдысты, уæддæр ацыдысты тынг хорз уавæрты. Нæ зæрдиаг арфæтæ Ирыстоны разамонджытæн. Уырны мæ, ацы чемпионат хуыздæрыл нымад кæй æрцæудзæн, уый». Ерыстæ аразджытæн зæрдиаг арфæ ракодта Франко Фальчинелли дæр. Европæйы боксы конфедерацийы вице-президент, Уæрæсейы боксы федерацийы генералон секретар Умар Кремлев та ма йæ арфæйы ныхасыл бафтыдта: «Æз ам, Ирыстоны цы уарзондзинад уынын боксмæ, уый нын ныфс дæтты Дзæуджыхъæуы стыр боксы центр саразынæн. Мæн уырны, искæд ам дунеон чемпионат саразæн дæр кæй уыдзæн, уый».

Нæлгоймæгты тохтæ райдыдтой æппæты рогдæр уæзæй (49 кг онг). Ацы уæзы фембæлдысты румынаг боксер Петре Гирлеану æмæ уæрæсейаг Володя Мнацаканян. Сæ ныхмæлæуды чысыл рæстдзæвиндæр разынд Мнацаканян æмæ уый Уæрæсейы нæлгоймæгты командæйæн рамбылдта фыццаг сыгъзæрин майдан. Уый бафæзмыдтой нæ иннæ боксертæ авдæй дæр æмæ чемпионаты цы дæс уæзы вæййы, уыдонæй авды уæлахиздзаутæ систы Уæрæсейы боксертæ. Уазджытæ фæуæлахиз сты æртæ уæзы: 52 кг онг уæзы 1-аг бынат бацахста болгайраг боксер Даниел Асенов, 81 кг фæуæлахиз Олександр Погребняк (Украинæ), +91 кг — Мухаммед Абдуллаев (Азербайджан). Уæрæсейæгтæ фæуæлахиз сты: 56 кг — Сергей Ярулин, 60 кг — Беслан Хамзаев, 64 кг — Абайты Алан, 69 кг — Вахид Аббасов, 75 кг — Алексей Семыкин, 91 кг — Владислав Иванов.

Уæрæсейаг боксертæ сæхи иууылдæр равдыстой сæрæнæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, Ирыстоны спортуарзджытæ уæлдай лæмбынæгдæрæй кастысты Абайты Аланы архайдмæ æмæ нæ уый нæ фæфыдæнхъæл кодта. Алан акодта фондз тохы æмæ дзы алкæцыйы дæр йæхи равдыста хъомысджын æмæ сæрæнæй. Йæ тренер Плиты Роберт куыд зæгъы,афтæмæй йæ алы ныхмæлæууæгимæ тохмæ дæр Алан йæхи цæттæ кодта алыхуызон. Ахæм лæмбынæг архайд æй бахызта рæдыд æруадзынæй æмæ йæ фондз ныхмæлæууæгыл дæр фæуæлахиз.

Ирыстон æнæмæнг сарæхст ахæм стыр ерыстæн рæсугъд уавæртæ саразынмæ. Уый тыххæй сæ хъуыдытæ загътой нæ уазджытæй бирæтæ.

Дунеон боксы федерацийы техникон делегат Драголюб Радович сæрмагондæй аргъ скодта, ерыстæ цы уавæры цыдысты, уымæн: «Мæнмæ гæсгæ, Ирыстон сарæзта иттæг хорз уавæртæ нæ ерыстæн. Алцæмæй дæр мах стæм разы. Бынтон æхсызгон та у уæ адæмимæ базонгæ уæвын. Ахæм уазæгуарзондзинад фенын у зынаргъ лæварау. Сымахмæ саразæн ис дунеон чемпионат дæр æмæ йыл мах хъуамæ бацархайæм».

Нæ Спорты галуаны фæлгонц йæ зæрдæмæ тынг фæцыд Уæрæсейы боксы федерацийы администрацийы сæргълæууæг Татьянæ Кириленкойæн: «Ахæм мидисджын æмæ рæсугъд арæзт къултæ æмæ æмбæрзæнтæ æз иу ран дæр нæма федтон. Цæст рæвдауы залы фæлгонц. Уый тыххæй мах зæгъæм стыр бузныг Ирыстоны Сæргълæууæгæн, уæ Хицауад æмæ республикæйы Боксы федерацийы сæргълæууæг Дзгойты Константинæн. Æнæмæнг, Ирыстон йæхи тынг рæсугъдæй равдыста æгас Европæйы раз».

Æмæ ахæм ныхæстæ уыцы бонты иу æмæ дыууæ нæ фехъуыстам. Уæлдай æхсызгон та уый у, æмæ Уæрæсейы боксертæ Дзæуджыхъæуы афтæ хорз кæй рахæцыдысты. Цы нæ чызджытæ, цы лæппутæ, командон бæрæггæнæнтæм гæсгæ дзæвгар фæразæй сты 38 бæстæйы командæты ерысы.

Хицæн спортсментæй хуыздæртыл банымадтой: чызджыты ‘хсæн Италийы минæвар Ирмæ Тестайы (фæуæлахиз 57 кг онг уæзы), лæппуты ‘хсæн та хуыздæр боксеры лæвар райста Беслан Хамзаев (фæуæлахиз 60 кг онг уæзы).

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here