Дунейы Кубок рамбылдтой Уæрæсейы богæлттæ

0
339

 

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Дунейы Кубок рамбулыныл ерыстæ ацы аз цыдысты Уæрæсейы, сыбираг горæт Якутскы.

Уæрæсейы иугонд командæ ацы ерысты уæлахиздзау нал уыди 2011 азæй фæстæмæ. Уымæ гæсгæ нæ бæстæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат йе ‘ххуысгæнджытимæ ацы аз сæхицæн хæсыл банымадтой æнæмæнг фæуæлахиз уæвын. Уый тыххæй лæмбынæгæй бакуыстой, Уæрæсейы иугонд командæмæ æвзæрст чи æрцыд, уыцы богæлтты ерыстæм бындуронæй бацæттæ кæныныл. Ерыстæ куыд равдыстой, афтæмæй Дзамболат æмæ йе ‘мбæлттæ нæ фæрæдыдысты сæ равзæрст фæндагæй. Уæрæсейы богæлттæ Якутскы рахæцыдысты иттæг æнтыстджынæй.

Кубок рамбулыныл цы аст командæйы тох кодтой, уыдон дихгонд уыдысты дыууæ къордыл. Уæрæсейы къорды уыдысты: Кубæ, Япон æмæ Турчы командæтæ. Иннæ къорды ерыс кодтой: АИШ, Иран, Гуырдзыстон æмæ Манголы командæтæ.

Ерысты фæткмæ гæсгæ кæронбæттæны хъуамæ фембæлдаиккой дыууæ къорды фыццаг бынæттæ бацахсæг командæтæ.

Уæрæсейы командæ йæ фыццаг фембæлды фæуæлахиз Кубæйы богæлттыл 9:1 хыгъдæй.

Сæ ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз сты: 57 кг — Арыйан Тютрин, 65 кг — Гаджимурад Рашидов, 70 кг — Байаты Давид, 74 кг — Сидахъаты Зауырбег, 79 кг — Хусей Суюнчев, 86 кг — Даурен Куруглиев, 92 кг — Магомед Курбанов, 97 кг — Байцаты Владислав, 125 кг — Зелимхан Хизриев. Уæрæсейæгтæй фæхæрд æрмæстдæр Зелимхан Абакаров (61 кг) æмæ уый дæр 5:5 хыгъдæй фæстаг балл йæ ныхмæлæууæг Иовлис Бонне кæй бакуыста, уый фæрцы.

Кубæйаг богæлттимæ тынг хорз рахæцыдысты ирыстойнаг богæлттæ. Байаты Давид 10:0 хыгъдæй фæуæлахиз Франклин Кастильойыл, Сидахъаты Зауырбег та Коломбат Риверæйы йе уæнтыл сæвæрдта. Байцаты Владислав дæр йæ ныхмæлæууæг Рейнерис Саласыл фæуæлахиз æнæкъуылымпыйæ 4:0 хыгъдæй. Уæрæсейæгтæй ма сыгъдæгæй рамбылдтой Хусей Суюнчев æмæ Зелимхан Хизриев.

Уæрæсейы командæйы дыккаг фембæлд уыди Японы богæлттимæ æмæ та ам дæр нæ богæлттæ рамбылдтой 8:2 хыгъдæй.

Сæ ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз сты: 65 кг — Гаджимурад Рашидов, 70 кг — Анзор Закуев, 74 кг — Тимур Бижоев, 79 кг — Магомед Рамазанов, 86 кг — Уалыты Владислав, 92 кг — Алихан Жабраилов, 97 кг — Байцаты Владислав, 125 кг — Павел Кривцов.

Уæрæсейы командæ йæ æртыккаг фембæлды 10:0 хыгъдæй рамбылдта Турчы богæлттæй æмæ рацыд кæронбæттæнмæ. Ам йæ ныхмæлæууæг уыди Ираны иугонд командæ.

Тедеты Дзамболат Иранимæ фембæлды гауызмæ ракодта æппæты тыхджындæр богæлтты æмæ йæ уыдон нæ фæфыдæнхъæл кодтой. Ирайнæгтæн бантыст æрмæстдæр иу уæзы рамбулын. 92 кг онг уæзы Магомед Курбанов 1:2 хыгъдæй фæхæрд Мохаммаджавад Эбрахимизивлаийæн. Уый хыгъд сæрæн хæцт ракодтой æмæ сæ ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз сты нæ иннæ фараст богалы.

57 кг — Арыйан Тютрин — Алиреза Сарлак — 11:2; 61 кг — Рамазан Ферзалиев-Иман Садегикукандех — 8:2, 65 кг — Виктор Рассадин — Хассанали Гиази — 10:2, 70 кг — Байаты Давид — Майсам Насири — 6:1, 74 кг — Сидахъаты Зауырбег — Реза Афзалипаемами — 6:0, 79 кг — Магомед Рамазанов — Юсефали Осмавандани — (йе уæнтыл æй сæвæрдта), 86 кг — Даурен Куруглиев — Мерсад Маргзари 10:0, 97 кг — Байцаты Владислав — Али Шабанибенгар — 2:1, 125 кг — Зелимхан Хизриев — Амин Тахери — 10:0. Афтæмæй Уæрæсейы богæлттæ авд азы фæстæ ногæй рамбылдтой Дунейы Кубок.

3-аг бынат бацахсыныл ерысы АИШ-ы богæлттæ 6:4 хыгъдæй рамбылдтой Японы командæйæ.

Ирыстоны спортуарзджытæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон у, Уæрæсейы командæйы уæлахизмæ нæ богæлттæ хорз æвæрæн кæй бахастой, уый.

Нæ лæппутæ: Байаты Давид, Сидахъаты Зауырбег, Уалыты Владислав æмæ Байцаты Владислав цы фараст хæцты ракодтой, уыдоны се ‘ппæты дæр фæуæлахиз сты сæ ныхмæлæуджытыл.

Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты уæлахиздзау, нæ таурæгъон богал Фадзайты Арсен Сидахъаты Зауырбеджы архайдæн скодта стыр аргъ: «Мæнмæ гæсгæ, абон Сидахъаты Зауырбег йæ æрхъуыдыджын архайдæй у фæзминаг. Æхсызгон у, йæ арæхстдзинад æмæ фæлтæрддзинад бæрзондæйбæрзонддæр кæй кæнынц, уый. Раппæлинаг сты нæ иннæ лæппутæ дæр», — загъта Фадзайты Арсен æмæ ма бафтыдта: «Стыр арфæйы аккаг сты Якутийы Сæргълæууæг Айсен Николаев, зындгонд богал Виктор Лебедев æмæ се ‘ххуысгæнджытæ, Дунейы Кубок рамбулыныл ерыстæн ахæм диссаджы уавæртæ кæй сарæзтой, уый тыххæй. Хорз уаид, ацы ерыстæ кæм цæуой, уыдон нæ якутаг фысымты куы фæзмиккой, уæд».

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here