Дзæбæхгæнæн лагер «Металлург» йæ куыст дарддæр кæндзæн

0
293

 

Дзæбæхгæнæн лагер «Металлург» йæ архайд адарддæр кæндзæн æмæ суыдзæн ресурсон центр «Кавказы бархион»-ы дæлхайад. Ууыл сæ фембæлды рæстæг æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав æмæ УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат ТАЙМАЗТЫ Артур

Зындгонд куыд у, афтæмæй завод «Электроцинчы» куыстадон архайд æруромыны уынаффæйы фæстæ Урайлаг хæххонметаллургон компани æмæ Цæгат Ирыстоны разамынд баныхас кодтой, цæмæй куыстуаты социалон объекттæ суой республикæйы исбонад. «Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы объекттæ дарынæн уæлæмхасæн хæрдзтæ бахъæудзæн республикон бюджетæй. Уыцы æууæл хынцгæйæ, мæнæн бантыст æнæбюджетон гуырæнтæ бацагурын, æмæ ныр лагер йæ куыст адарддæр кæндзæн ресурсон центр «Кавказы бархионтæ»-йы æххуысæй», — республикæйы Сæргълæууæгæн радзырдта депутат.

Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы Президент Владимир Путины уынаффæйæ 2018 аз Уæрæсейы Федерацийы уыд Бархионы аз. Уыцы уынаффæйы бындурыл, куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр арæзт æрцыд бирæ алыхуызон дзыллон мадзæлттæ. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд волонтертæ æмæ бархионты æмбырд «Кавказы рæсугъд фæндтæ». Уæд байгом центр «Кавказы бархионтæ» дæр. Фембæлды рæстæг ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Зæгъæм, Таймазты Артур Мæскуыйы мэриимæ куыд баныхас кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстонæн лæвар ратдзысты бæлццæттæласæн автобустæ. Ныртæккæ лыггонд цæуынц уыцы хъуыддаджы техникон фарстытæ.

— Бузныг дын зæгъын, де ‘мзæххонты цардмæ алкæддæр лæмбынæг кæй æркæсыс, уый тыххæй, — фембæлды кæронбæттæны фæнысан кодта Битарты Вячеслав.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here