1 апрел Ирыстоны у Хетæгкаты Къостайы мысæн бон. Поэтæн кад кæнын æмæ йын йæ рухс ном зæрдыл дарын алы ирон адæймаджы хæс дæр у. Знон Ирыхъæуы Къостайы ингæнмæ дидинджытимæ цыдысты РЦИ-Аланийы Культурæ æмæ Нациты ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрадты, æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы, нæ республикæйы æхсæнады алы минæвæрттæ. Мысæн бон райдыдта райсомæй дæс сахатыл. Æмæ кæд уазал бон уыдис, уæддæр нæ Къостайы уды хъарм тавта. Нарæй кæддæр цы стъалы стахт, уый абон дæр цæхæр калы Ирыстоны сæрмæ. Уый Къоста у, немæ æмдзу кæны дугивæнты, рæстæджы цыдимæ æмæ ныл фарн тауы, хъахъхъæны нæ фыдвæндагæй. Нæ республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдар, зындгонд фыссæг АГЪНАТЫ Гæстæн номарæны архайджытæн радзырдта, Къостайы ном нын æнустæм рохгæнинаг кæй нæу, уый тыххæй.
— Мах амондджын стæм, Къоста нын кæй уыд. Уый хуызæн лæгтæ бирæ адæмтæм нæ уыд æмæ нæй. Кæд рæстæг рацыд, уæддæр йе ‘мдзæвгæты мидис уынæм абоны царды æмæ æхсæнады. Бирæтæ мæнæ ацы ранмæ, йæ размæ æрбацæуынц æмæ йын сæ мæстытæ, рис, зæгъинæгтæ радзурынц. Махæй Къостайæн зындæр уыд, фæлæ йæ цард йæ адæмы сæрвæлтау радта. Иудадзыг мæгуыр æмæ æфхæрд чи уыд, уыдоны рухс фидæныл тох кодта йæ хъару æмæ йæ зондыл нæ ауæрдгæйæ. Къоста гени у, стæм дзы æмæ уыдзыстæм кæддæриддæр сæрыстыр, — загъта Агънаты Гæстæн.
РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Къубалты Эльбрус дæр загъта, ацы аз, Къостайы азыл нымад кæй у Ирыстоны æмæ поэты райгуырæн боныл кæй æххæст кæны 160 азы, уый фæдыл.
— Æрвылаз дæр, ацы бон — йæ мæлæты бон цæуæм Къостайы ингæнмæ, цæмæй йын йæ ном æрымысæм. Ацы аз ма нæм ноджы фылдæр мадзæлттæ кæсы. Поэты райгуырæн боны кадæн арæзт цæудзысты бирæ алыхуызон цымыдисаг равдыстытæ, фембæлдтытæ, кадджын мысæн изæртæ. Сæйрагдæр мадзал та уыдзæн октябры Нары, — загъта министр.
САУТÆТЫ Тамилæ Къамтæ систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт