Хабæрттæ Къора-Урсдонæй

0
1361

Бæркæдтæ зæххæй цæуынц. Йæ цæхæрадон кусын чи нæ фæразы, ацы хъæуы ахæм зивæггæнаг бинонтæ нæй. Рæзы хиæххуысадон хæдзарæдты нымæц. Нырмæ уал 300-йæ фæфылдæр сты. Хицауадмæ экономикон æгъдауæй бæлвырдгонд программæтæ бавдыстой. Æхсæз бинонтæн фарон бынæттон хиуынаффæйады администрацийы æххуысæй кредиттæ радтой. Сæ хæстæ ныридæгæн афоныл фидын райдыдтой.

Кредиттæй дыгæрдгуытæ чи балхæдта, уыдоны нымæц гыццыл нæу. Скъæттæ сарæзтой, æхсыры, дзидзайы куыст кæнын райдыдтой. Хæдзармæ æфтиаг куы цæуа, уæд йæ хъалонтыл дæр æххæссы. Бынæттон бюжетмæ 2018 азы 480 мин сомы бацыд.

Годзойты Юри æмæ Хъамбол, Боциты Гæбул, Диамбегты Роберт, Джызыгты Балег, Булаты Таму æмæ Махъоты Викторы хиæххуысадон хæдзарæдтæ азæй-азмæ стырæйстырдæр бавæрæн бахæссынц. Бынæттон товаруадзджытæ фарон, æндæр азимæ абаргæйæ, æхсыр æмæ дзидза 10 проценты фылдæр райстой. Диамбегты Брус æмæ Чекойты Зæирæ та хизæнтæм фысты дзугтæ аскъæрдтой.

Мидфæрæзтæй хæдзардзинæй архайгæйæ, лыстæг фос даргæйæ, кæм къуымбил, кæм дзидзайы базарадæй æфтиæгтæ æрбацæуы. Къабазы рæзтæн хъæуы æрдзон уавæртæ хорз ахъаз сты. Алы сæдæ мадæл фысæй дæр сæдæ уæрыччы райсынмæ тырнынц. Сæ къухы рæхджы уыцы бæрæггæнæн бафтдзæн.

Айларты Русланмæ та зæххы хæйттæ ис. Дыргъдон сарæзта. Уым кусын хуымæтæджы хъуыддаг нæу. Арæхстджын къухты æрмдзæф æмæ дзы сæрмагонд зонындзинæдтæ хъæуы. Йæхæдæг уыдонæй — æххæст. Фæлæ адæммæ бадзуры, кæм — бæлæстæ садзгæйæ, кæм — къалиутæ æхсæдгæйæ, кæм — тыллæг тонгæйæ. Æнцад бадыны бæсты уыдон рæстæгмæ базмæлынц æмæ сæ мызд афоныл райсынц.

Къора-Урсдоны аст уынджы ис. Адæм сæ хæдзæртты фæлгонцыл архайынц. Бæстыхæйттæ сæ хуыз цыбыр рæстæгмæ скалдтой. Æцæг, фæндæгты уавæр раздæр куыд уыд, ныр дæр афтæмæй баззад, ома, капиталон æгъдауæй стыр рацарæзт домынц. Районы бюджет уыцы хæрдзтыл нæ аххæсдзæн. Администрацийы сæргълæууæг Гулаты Ремæ архайы, цæмæй уыцы куыст федералон программæмæ бахæссой.

Къора-Урсдон рæсугъд æрдзы хъæбысы æрæнцад. Ам бирæ цымыдисаг цаутæ æрцыд, удварны æмæ историон æгъдауæй цæттæ æвдисæнтæй баззадысты. Хорхоры æмæ Стыр Хуыцауы кувæндæттæ, æхсæрдзæнтæ, Турмойнаг кæй хонынц, ахæм фæдзæхст бынат. Хъæд алыхуызон зынаргъ бæлæстæй — хъæздыг. Уæдæ Бадилаты æмæ Хъуыбадты цæрæнты бæрджытæ фыццагау лæууынц. Сæ зæппæдзтæ, Нарты къуылдым, Сырх хæхтæ æмæ афтæ дарддæр.

Ацы хъæуы бынаты кæддæр раджы ногъайæгтæ дæр цардысты. Сæ уæлмæрд ныры онг лæууы. Цыбыр ныхасæй, уазджытæ, цæмæ æркæсой æмæ цы феной, уый ис. Туристон бизнес йæ чемы куы бацæуа, уæд бынæттон бюджетыл, æнæмæнг, фæбæрæг уыдзæн. Цалдæр æфсымæрæй иумæ кæм цæрынц, хъæубæсты ахæм хæдзæрттæ ис. Лæппутæ хъуыддаг бакодтой. Æртæ сывæллоны дзы кæмæн рацыд, уый хъæуы администрацимæ зæххы хай райсыны тыххæй куырдиат балæвæрдта. Минæвæртты æмбырды йæм депутаттæ æркастысты. Фарон æртæ æрыгон бинонтæн, æмбæлгæ уагыл, бæстыхæйттæ саразынæн фæйнæ 6 сотыхы радтой. Ацы хъæуæн Гулаты Æхсары хорздзинæдтæ бирæ сты. Бæрнон бынæтты бакуыста, йæхи хъæппæрисджынæй равдыста. Уый æххуыс райстой æмæ Турмоны бæрзæндæй нуазыны дон 10 километры хæтæлтыл æруагътой. Урсдоны сæрты цы хид сарæзта, уый дæр хъæубæстæн стыр удæнцойдзинад æрхаста. Ацы хъæуы курдиатджын фæсивæдæй бирæты разамонæг бынæттæм барвыста. Разæй цæуæгæн йе ‘ппæт лæггæдтæ бафидыны фадат та кæмæн ис, фæлæ йæ хъуамæ ныхасы хорзæй æрхъуыды кæнай. Æцæг Гулаты Ремæйы та адæм равзæрстой. Бирæ цæрæнбынæтты сылгоймаг хъæуы хицæуттæ басгуыхтысты. Ремæ уыдонæй дæлдæр никæмæй лæууы. Уæрæх быдыры иунæг бæлас куы ныссадзай, уæддæр пайда у. Бирæ разамонджытæ цардмæ иу боны цæстæй кæсынц, фæлæ Къора-Урсдоны бынæттон хиуынффæйады администрацийы сæргълæууæг уыдонмæ дæрддзæф лæууы. Ремæ хъæуы хистæрты бафæрсы зондæй. Бахъуыды заман фæсивæдмæ æххуысагур бацæуы. Минæвæртты æмбырды депутаттимæ уынаффæтæн сæ хуыздæр рахæссы. Разамонæджы курдиат ын æрдзæй лæвæрд у. Стыр нысантæ йæм ис. Бантысæнт ын!

ДЗУЦЦАТЫ Къоста Авторы ист къамтæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here