Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы йӕ куыст кӕны культурон-ахуырадон лагер «Аланты фӕд». Проект ӕрӕмбырд кодта алы бӕстӕты цӕрӕг ирӕтты. Арӕзт цӕуы республикон программӕ «ӕмбӕстӕгтӕн — ӕххуыс» ӕххӕст кӕнгӕйӕ. Ӕдӕппӕтӕй дзы архайы 36 адӕймаджы.
Ардӕм хуынд ӕрцыдысты, Уӕрӕсейы регионты ӕмӕ дунейы алы бӕстӕты цы ирон адӕм цӕры, нӕ адӕмы истори, мадӕлон ӕвзаг базонын кӕй фӕнды, йӕ фыдӕлты райгуырӕн бӕстӕ фенынмӕ чи бӕллыд, уыдон.
Иннӕ азтимӕ абаргӕйӕ, ацы сӕрд арӕзт арцыд этнолагеры дыккӕгӕм радон къорд дӕр. Уымӕн ӕмӕ азӕй-азмӕ, йӕ фыдӕлты зӕххыл сӕмбӕлын кӕй фӕнды, йӕ адӕмы истори ӕмӕ культурӕ базонынмӕ чи тырны, уыдоны нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Уыдон сты Францӕй, Германӕй, Ирландийӕ, Швейцарийӕ, Казахстанӕй, Таджикистанӕй, Туркӕй ӕмӕ Сирийӕ, Уӕрӕсейы регионтӕ — Бетъырбухӕй, Ханты-Мансийскӕй ӕмӕ Екатеринбургӕй. Цӕуы сыл 18 азӕй уӕлӕмӕ.
Национ ахастдзинӕдты фарстыты фӕдыл министрады хъӕппӕрисӕй арӕзт цӕуынц ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр, цӕмӕй, этнолагеры цы ӕрыгон чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ архайынц, уыдон зонгӕ кӕной нӕ адӕмы историимӕ, не ‘гъдӕуттӕ ӕмӕ культурӕимӕ. Уымӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыд хъӕздыг ӕмӕ бирӕвӕрсыг культурон-ахуырадон программӕ.
Знон Алагиры районы рӕсугъд ӕрдзы хъӕбысы Уыналы хъӕуы Цӕллагты мыггаджы мӕсыджы цур арӕзт ӕрцыд форум. Уым этнолагеры архайджытӕ фембӕлдысты РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолиимӕ.
Битарты Вячеслав арфӕ ракодта этнолагеры архайджытӕн ӕмӕ загъта:
— Азӕй-азмӕ фылдӕр кӕны этнолагеры архайджыты нымӕц. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, алы бӕстӕты цы ирон фӕсивӕд цӕры, уыдоны фӕнды зонын сӕ уидӕгтӕ, сӕ истори, нӕ адӕмы культурӕ. Уый тынг пайда у ирон адӕмы ӕнгомдзинадӕн, нӕ адӕмыхатт бахъахъхъӕнынӕн. Ныртӕккӕ Ирыстоны бирӕ мыггӕгтӕ бавнӕлдтой сӕ мӕсгуытӕ ногӕй рацаразынмӕ. Бузныг зӕгъын Цӕллагты мыггагӕн, абон нын сӕ мӕсыджы цур ахӕм рӕсугъд фембӕлд кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй. ӕхсызгон мын у, ацы форумы нӕ фарсмӕ нӕ хуссайраг ӕфсымӕртӕ, сӕ сӕргъы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли кӕй ӕрбалӕууыдысты, уый. Мах дих не стӕм, мах иу адӕм стӕм, иу туг, иу стӕг!
Дарддӕр этнолагеры архайджытӕн арфӕйы ныхас загъта Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли:
— Уӕ бонтӕ хорз уӕнт уе ‘ппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас цӕут Ирыстонмӕ! ӕхсызгон мын у, ацы форум ахӕм рӕсугъд историон бынаты кӕй цӕуы, дыууӕ Иры астӕу, уый. Ноджы ӕхсызгондӕр та мын уый у, ӕмӕ, ӕндӕр бӕстӕйы цӕргӕйӕ, уӕ фыдӕлты истори ӕмӕ культурӕйыл цымыдис кӕй стут. Ирон адӕмӕй Туркмӕ чи алыгъд, уыдонимӕ бирӕ азты не ‘хсӕн бастдзинад нӕ уыдис, кӕрӕдзийӕ фӕиппӕрд стӕм. ӕмӕ ахӕм уавӕрты ирон ӕвзаг бахъахъхъӕнын уыд зын ӕмӕ стыр хъуыддаг. Алы адӕймаджы зӕрдӕйы, суанг ма йӕ туджы дӕр, вӕййы цавӕрдӕр бастдзинад йӕ фыдӕлтимӕ. Уыцы бастдзинад уӕ разӕнгард кӕны уӕ фыдӕлты истори базонынмӕ. Ирон адӕмы истори та, райдай сӕрмӕттӕ ӕмӕ алантӕй ӕмӕ фӕу ныры ирон адӕмӕй, тынг хъӕздыг у. Йӕхи ирон чи хоны, уый фӕнды зонын йӕ адӕмы истори, йе ‘взаг, йӕ культурӕ.
Форумы архайджытӕм уыдис бирӕ фарстытӕ, ӕмӕ сын дыууӕ республикӕйы разамонджытӕ бӕстон дзуаппытӕ радтой. Се ‘ппӕтмӕ дӕр уыдис иу куырдиат — фӕнды сӕ мадӕлон ӕвзаг ахуыр кӕнын, фӕлӕ, хъыгагӕн, алкӕй бон нӕу Ирыстонмӕ ӕрбацӕуын. Уый фӕдыл сын Битарты Вячеслав зӕрдӕ бавӕрдта, национ телеуынынады тагъд рӕстӕджы сӕрмагонд программӕ арӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ирон ӕвзаджы уроктӕм ӕндӕр бӕстӕйы дӕр бакӕсӕн кӕй уыдзӕн. Уымӕй дарддӕр ирон ӕвзаг ахуыргӕнӕн фӕрӕзтӕ фӕзындзысты Интернеты тыгъдады дӕр.
Уыналӕй этнолагеры архайджытӕ абалц кодтой Нары хъӕумӕ — Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн хӕдзармӕ, уырдыгӕй та — Хуссар Ирыстонмӕ.
Хъойбайты Галинӕ














