Нӕ сафӕг, нӕ ирвӕзынгӕнӕг август

0
488

Фӕндонмӕ гӕсгӕ хъысмӕт нырма никӕй хай фӕцис. Иунӕг адӕймаг, иунӕг наци дӕр разы никуы уыди йӕ хъысмӕтӕй. Истори мах нӕ фӕрсы, йӕ тугӕйдзаг сыфтыл цы ныффысса, уымӕй. Цӕуы, тулы размӕ ӕмӕ Балсӕджы цалхау йӕ быны ссӕнды алкӕйдӕр ӕмӕ алцыдӕр. Фӕлӕ алцӕмӕн дӕр вӕййы кӕрон, райдайӕн ын куыд ис, афтӕ… Мах бирӕ зынтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, истори нын нӕ зӕрдӕхӕлар фыдӕлты аххосӕй нӕ бӕрзӕйыл цы гуырдзиаг ӕфсондз сӕвӕрдта, уый бын. Иу тугуарӕн, иу геноцидӕй-иу нӕма фервӕзтыстӕм, нӕ хъӕдгӕмттӕ-иу кӕронмӕ нӕма байгас сты, афтӕ та-иу ферох кодтам алцыдӕр, нӕ зӕрдӕтӕ-иу ӕрфӕлмӕн сты нӕ цыфыддӕр знагмӕ. Афтӕмӕй та-иу сын иу цагъдуӕлдай фӕлтӕр ног фӕлтӕр схъомыл кодта нӕ Иры зӕххыл — цӕгъдынӕн, амӕттагӕн…

Мах, абоны фӕлтӕр, ӕрмӕстдӕр историйы сыфтӕ фӕлдахгӕйӕ зыдтам, ссӕдзӕм азы нӕ гуырдзы куыд ӕмӕ цы амӕлттӕй цагътой, уый. Ӕхсаргӕрдтӕ ӕмӕ джебогътӕй, сармадзантӕй. Кӕм фистӕгӕй, кӕм — бӕхтыл, афтӕмӕй нӕм ӕрбацыдысты бур нымӕтты. Августы хӕсты та, зӕхх кӕй быны рызти ӕмӕ сыгъди, арвыл  цъӕх арт чи ӕфтыдта, ахӕм нырыккон хӕцӕнгарзӕй уыдысты хӕстифтонг, афтӕмӕй ӕрхъавыдысты нӕ фыдӕлты тугӕй ӕлхӕд зӕххӕй ӕдзӕрӕг быдыр саразынмӕ. Сӕхи ныфс, сӕхи хъаруйӕ нӕ —  америкаг ӕмӕ ныгуылӕйнаг ӕфсад ӕмӕ хӕцӕнгарзы ныфсӕй. Ӕмӕ уӕд, уыцы ӕвирхъау хӕсты цӕхӕры ма ам чи баззад, уыдон иууылдӕр сты хъайтартӕ чысылӕй-стырӕй, сылгоймагӕй-нӕлгоймагӕй. Мардысты, сыгъдысты, алкӕмӕ дӕр дзы уысмӕй-уысммӕ ӕввахсдӕр кодта йӕ мӕлӕт, фӕлӕ йӕ тас ӕндӕртӕн ничи ӕвдыста, тӕрсгӕйӕ, кӕугӕйӕ амӕлын йӕ сӕрмӕ ничи хаста. Уӕддӕр кӕрӕдзийӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтой, кӕд сӕ ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕ никӕйуал уырныдтой, уӕддӕр. Алчидӕр хъуыды кодта ууыл, кӕд дзы ӕнӕмӕлгӕ нал и, уӕд йӕ мӕлӕтӕй уӕддӕр ӕрхӕсса исты пайда йӕ удисӕг горӕтӕн, йӕ удисӕг бӕстӕйӕн… Ам куы ничиуал уыдаид, уӕд ма стыр Уӕрӕсейы хӕстон тыхтӕ кӕй ирвӕзын кӕнынмӕ, цы ‘фсон хъуамӕ ‘рцыдаиккой Хуссар Ирыстонмӕ?.. Дызӕрдыг ничи кӕны ууыл дӕр, Уӕрӕсе нӕм ӕххуысмӕ куы нӕ ӕрцыдаид, уӕд не знӕгтӕн, ӕнӕмӕнг, бантыстаид Хуссар Ирыстонӕй сыгъд быдыр саразын. Фӕлӕ ма ам цы армыдзаг хӕцӕг лӕппутӕ баззад, уыдон райдайӕны фидар куы нӕ фӕлӕууыдаиккой, уӕд ма уырыссаг ӕфсӕдтӕ ардӕм кӕй хъахъхъӕнынмӕ ӕрцыдаиккой?.. Стӕй хъуамӕ ма рох кӕнӕм уый дӕр, ӕмӕ гуырдзыйы тугмондаг, фӕлӕ тӕппуд ӕфсадӕн уырыссаг хӕстонты ӕрцыдмӕ дӕр се уӕнджы мигъ кӕй бадти. Уыдон зыдтой, хохӕн йӕ фаллаг фарс, Захъайы, Зӕрӕмӕджы кӕмтты кӕй ис бирӕ фезмӕлынӕввонг хӕстон техникӕ. ӕмӕ тарстысты, фыртӕссӕй иу къахдзӕф размӕ кодтой, дыууӕ —  фӕстӕмӕ. Фӕлӕ сӕ размӕ ссыдта Саакашвилийы сӕрхъӕн тугмондаг политикӕ. Сӕ тас та алыхуызон хостӕ ӕмӕ наркотиктӕй кӕй хуыдуг кодтой, уый сыл бӕрӕгӕй зынд — чи-иу дзы дӕлгоммӕ ныффӕлдӕхт зӕххыл ӕмӕ, ӕрдӕгӕргӕвст хуыйау, хъыллист кодта, чи та-иу дзы йӕ автомат йӕхиуӕттырдӕм фездӕхта. Афтӕмӕй нал ауӕрстой марыныл, пырх кӕныныл, судзыныл. Горӕт хуыдуг кодта сау ӕмӕ ӕнуд фӕздӕджы. Уыцы фӕздӕджы сӕ удтӕ истой царды мидис ӕмӕ удӕгас баззайыны ныфс…

Уӕрӕсейы дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ фӕйнӕрдӕм фӕдисы дзӕнгӕрджытӕ цагътой, ӕгас дунейӕн хъусын кодтой, гуырдзы ирон адӕмы бынсӕфт кӕнынмӕ кӕй ӕрхъавыдысты, фӕлӕ, Гуырдзыстоны уыцы тугуарӕн хӕстмӕ чи разӕнгард кодта, уыцы ныгуылӕйнаг бӕстӕтӕ Америчы Иугонд Штатты ардыдӕй къуырмайы ‘фсон скодтой, кӕд алцыдӕр зыдтой, уӕддӕр. Зыдтой, уымӕн ӕмӕ сӕхи сценаримӕ гӕсгӕ уыдис августы хӕст. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ сӕ уырныдта, Уӕрӕсе йӕ ныфс кӕй нӕ бахӕсдзӕн, уыцы тугуарӕн хӕсты йӕхимӕ бӕрнондзинад райсын, армытъӕпӕны йас Хуссар Ирыстон фесафынӕй ахсджиагдӕрыл кӕй банымайдзӕн йе стыр политикон-экономикон ахастытӕ ма фесафын, ӕмӕ сын кӕй ратдзӕн уыцы-иу рацъыккӕй Хуссар Ирыстон фӕнык фестын кӕнын ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ гуырдзыйы хъуыры атъыссыны бар. Фӕлӕ сӕ сӕ фын фӕсайдта. Уӕрӕсе ахызт ӕппӕт политикон, экономикон тасдзинӕдты сӕрты дӕр. Сӕйрагыл банымадта лӕгдзинад ӕмӕ паддзахадон сӕрыстырдзинад. Ӕвӕццӕгӕн, Саакашвилийы йӕ сӕрхъуызойтӕ куыд бауырнын кодтой «йӕ цыбыррӕстӕгмӕйы уӕлахиз», афтӕ йыл уый та йӕ тӕппуд ӕфсады бауырнын кодта, ӕмӕ Хуыцауӕй дӕр нал тарстысты, цыфыддӕр, цыӕбуалгъдӕр хъуыддӕгтыл ӕлгъ нал кодтой

Фӕлӕ алцӕмӕн дӕр кӕрон кӕй ис, уый нӕ фидарӕй бауырныдта августы хӕсты фӕстӕ. Уӕд нӕм афтӕ фӕкаст ӕмӕ нӕм ныр дӕр афтӕ кӕсы, цыма истори «фаг у» загъта нӕ фыдӕвзарӕнтӕн. Чи зоны, мӕлӕты, бынсӕфт фӕуыны тас уӕдӕй тынгдӕр кӕй никуы банкъардтам, фӕлӕ кӕй фервӕзтыстӕм, уый тыххӕй… Чи зоны, фӕлӕ «чи зонытӕ» ӕгӕр бирӕ сты, хъысмӕты ӕгъатырдзинад ӕмӕ знаджы фыдӕх зӕххон лӕгимӕ лымӕн кӕм не сты, уыцы уӕлзӕххон дунейы… Фӕлӕ, ӕцӕгдӕр, афтӕ уыд, уӕды хуызӕн нӕ никуы бауырныдта, уыцы хӕст нын кӕройнаг хӕст, фӕстаг геноцид кӕй уыдзӕн, уый. Уымӕн ӕмӕ мах, уыцы хӕстӕн ӕвдисӕн чи уыд, уыцы фӕлтӕр, нӕхи цӕстӕй федтам, нӕхиуыл бавзӕрстам, стыр Уӕрӕсе нын цы иузӕрдион ӕххуыс бакодта, уый. Уыцы ӕххуыс йӕ гуырахст ӕмӕ йӕ политикон нысанмӕ гӕсгӕ ахӕм хъомысджын уыд, ӕмӕ нӕ бауырныдта, ахӕм хъомысджын ӕххуыс ӕмӕ вазыгджын политикон къахдзӕфы фӕстӕ Уӕрӕсейӕн цыфӕнды вазыгджын геополитикон интерестӕ дӕр йӕ къух кӕй никуыуал сисын кӕндзысты йӕ равзӕрст фӕндагыл.

Гӕбӕраты Юри,

Цхинвал

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here