Гуыриаты Владимир: «Дыууӕ проекты дӕр уыдзысты ӕнтыстджын»

0
493

Арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ дӕргъвӕтин ныхас цы хъуыддаг расайы, уый бакӕнын алы хатт нӕ бантысы. Бирӕ азты нын ныфсытӕ цы туристон комплекс «Мамысон»-ӕй ӕвӕрдтой, уый хъысмӕт дӕр дзырддаг рауад. Ӕхъӕлмӕ йӕм чи каст, ӕппындӕр ыл чи не ‘ууӕндыд — ӕмхуызонӕй йыл сӕ къухтӕ ауыгътой.

Республикӕйы разамынд, комкоммӕ — йӕ Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав проект царды рауадзыныл ногӕй архайын райдыдта, фарста ӕвӕрд ӕрцыд федералон центры размӕ. Ныртӕккӕ нӕ бон у зӕгъын: туристон-рекреацион комплекс бантысдзӕн. Ӕрмӕст федералон ӕмӕ регионалон ӕмархайды фӕрцы нӕ, фӕлӕ ма хъомысджын инвесторты руаджы дӕр.

Бетъырбухы дунеон-экономикон форуммӕ Цӕгат Ирыстон рахаста дыууӕ проекты: «Мамысон» ӕмӕ ирхӕфсӕн «Алани-парк». Не ‘мзӕххон, Красноярскы крайы Новоангарскаг хӕххон-металлургон комбинаты разамонӕг Гуыриаты Владимир у, ацы хъуыддӕгтӕ царды рауадзыныл чи архайы, уыдонӕй иу. Знон Гуырийы-фырт фембӕлд республикӕйы дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты кусджытимӕ ӕмӕ радзырдта дыууӕ ахсджиаг проекты тыххӕй дӕр.

Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, куыд амалхъом, афтӕ арӕх фӕархайы алыхуызон экономикон форумты. «Мамысон»-ы проект дӕр ын рагӕй у зындгонд, ӕцӕгдӕр, йӕ койӕ адӕм зӕрдӕцъӕх фесты. «Мӕ бон у зӕгъын: ӕппӕт уыцы ӕбӕрӕг, дӕргъвӕтин ӕмгъуыдтӕ, ракӕ-бакӕтӕ фӕсте аззадысты. «Мамысон»-ӕн йӕ техникон-технологон проект бацӕттӕ кӕныны тендер рамбылдта зындгонд австриаг компани. Мӕнмӕ хауы проектӕн йӕ социалон-цардыуагон фарстытӕ сӕххӕст кӕнын. Ӕз бар нӕ дарын канатон-ауындзгӕ фӕндӕгтӕм, бырӕн тӕлмытӕн лӕггад кӕнынмӕ, ӕрмӕстдӕр мӕм хауы социалон ӕппӕт хъӕугӕ структурӕтӕ бацӕттӕ кӕнын. Цыдӕриддӕр «Мамысон»-имӕ фарстытӕ баст ис, уыдон хорз зонын. Цалдӕр боны размӕ фембӕлдыстӕм Битарты Вячеславимӕ, фӕбӕрӕг та кодтам ахсджиаг бакӕнинаг нысантӕ», — загъта инвестор.

Куыд бацамыдта, афтӕмӕй Бетъырбухы форумы ног проект «Алани-парк» куы равӕрдта, уӕд йемӕ базонгӕ уӕвыны охыл уырдӕм ӕрбацыдысты Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты тыххӕй министр Сергей Чеботарев, УФ-йы Президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгат Кавказы федералон зылды Александр Матовников. «ӕз уыдоны цур загътон:    «Мамысон»-ы архайдзынӕн социалон-цардыуагон уавӕртӕ саразыны хъуыддаджы. Уыдон уыдзысты уазӕгуӕттӕ алыхуызон туристтӕн, ома, тынг хъӕздгуытӕн нӕ, фӕлӕ рӕстӕмбис, уымӕй къаддӕр ӕфтиӕгтӕ кӕмӕ хауы, ахӕмтӕн. Чи зоны, комплекс куы скуса ӕппӕт тыхтӕй, уӕд бавналдзыстӕм «фондз стъалыимӕ» уазӕгуӕттӕ аразынмӕ дӕр», — загъта Гуыриаты Владимир.

Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, «Мамысон»-ӕн ис стыр фидӕн, хъуамӕ хаст ӕрцӕуа дунейы ӕртӕ хуыздӕр лыжӕтӕй бырӕн бынӕттӕм. Ныридӕгӕн бӕрӕггонд ӕрцыдысты йе ‘ппӕт ӕрдзон авналӕнтӕ дӕр, суанг дзы мит цас вӕййы, кӕдмӕ ахӕссы, бырӕн бынӕтты ӕдасдзинад, иннӕ фӕзилӕнтӕ. Уыимӕ, сӕ иумӕ дӕр хуымӕтӕг цӕстӕй кӕсӕн нӕй. «Хъуыды кӕнӕм ӕдас бырӕн тӕлмытыл, фӕлӕ дунейы ныртӕккӕ экстремалон, ома, тӕссагдзинӕдтимӕ баст лыжӕты спорт у тынг агуырд. Куыд инвестор ӕмӕ амалхъом, афтӕ гуырысхо нӕ кӕнын, уӕндонӕй цӕуын ацы проекттӕм, нӕ тӕрсын, ме ‘хца кӕмдӕр ауыгъдӕй кӕй баззайдзысты, уымӕй. Ӕнӕмӕнг, архайд дзы бирӕ уыдзӕн, фӕлӕ нысантӕм гӕсгӕ 2022 азы «Мамысон» цӕттӕйӕ сӕмбӕлдзӕн йӕ фыццаг туристтыл — хӕххон лыжӕтыл бырын чи уарзы, уыцы спортсментыл», — загъта Гуырийы-фырт.

Уый уацхӕсджытӕн дарддӕр радзырдта иннӕ стыр проекты тыххӕй. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, «Алани-парк» йӕ хъомысмӕ гӕсгӕ «Мамысон»-ӕй къаддӕр нӕу, бавӕрдзысты дзы фылдӕр фӕрӕзтӕ. Ацы ран дӕр, куыд хъавынц, афтӕмӕй хъуамӕ ирхӕфсӕн парк бахауа дунейы фондз ахӕм зындгонд бынаты нымӕцмӕ. «ӕппӕт дунейы дӕр зындгонд сты «Европа-парк», «Дисней-ленд», ӕндӕр ирхӕфсӕн бынӕттӕ. Адӕм сӕм цӕуынц, уымӕн ӕмӕ сӕ ирхӕфсӕн мадзӕлтты ӕмвӕзад у бӕрзонд. Цы саразынц, уыдӕттыл нӕ банцайынц. Архайынц, цӕмӕй сӕм аттракционтӕ ногӕй-ногдӕр кӕной, уымӕй ӕлхӕнынц адӕмы зӕрдӕтӕ. Мах парк дӕр хъуамӕ дӕлдӕр ма ‘рлӕууа, уыимӕ йӕм хъуамӕ цӕуой нӕхи республикӕйы, Цӕгат Кавказы, Фӕскавказы, Уӕрӕсейы, фӕсарӕйнаг бӕстӕты цӕрджытӕ. Проект у федералон ӕмвӕзады, нымад дзы ӕрцыдысты ахъаззаг хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, Фӕскавказмӕ хонӕг фӕндаг Дзӕуджыхъӕуы фӕрсты саразын ӕмӕ ӕндӕр логистикон, инфраструктурон коммуникацитӕ», — фӕбӕрӕг кодта инвестор.

Гуыриаты Владимир куыд загъта, афтӕмӕй ирхӕфсӕн парк скусдзӕн 2022 азы, фыццаг аз хъуамӕ суазӕг кӕна 300-350 мин туристы. Цӕттӕ кӕнын хъӕуы специалисттӕ, байгом дзы уыдзӕн 1500 бынаты. Ӕнӕмӕнг дыууӕ проекты дӕр хъуамӕ архайой амалхъомтӕ, байгом кӕной алыхуызон лӕггӕдтӕгӕнӕн куыстуӕттӕ, цӕмӕй фӕндаггонтӕ — туристтӕ уыдӕттӕй пайда кӕной. Уӕдӕ нӕ курдиатджын фӕсивӕд уыцы ирхӕфсӕн, туристон бынӕтты ӕвдисдзысты сӕ арӕхстдзинад, сӕ аивад. Ома, уый сын уыдзӕн цавӕрдӕр сфӕлдыстадон фӕзы хуызӕн. Ӕрбацӕуӕг адӕм та культурон программӕйы руаджы хуыздӕр базондзысты Цӕгат Ирыстоны хъӕздыг истори, аивад. Уӕдӕ дзы фӕзындзӕн чысыл ӕрмадзтӕ, уыцы ран дӕсны кусджытӕ цӕттӕ кӕндзысты алыхуызон, национ фӕлгонцимӕ сувениртӕ, зӕрдылдарӕн дзаумӕттӕ. Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ  ирхӕфсӕн паркӕн йӕ ном «Алани» кӕй хуыйны, уый фидаргонд цӕудзӕн ахӕм культурон, сфӕлдыстадон мадзӕлтты фӕрцы.

Паркӕн уыдзӕн алайнаг архитектурӕ, йе скондмӕ гӕсгӕ дзы туристтӕн уыдзӕн Цӕгат Кавказы иннӕ адӕмты истори ӕмӕ культурӕ базоныны фадат. Мах хъуамӕ равдисӕм, алкӕимӕ дӕр куыд хӕларӕй цӕрӕм, бастдзинӕдтӕ фидар кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй стӕм, уазӕджы ӕрбацыд нын стыр ӕхсызгондзинад кӕй у, уыдӕттӕ.

— Бауырнӕд уӕ, ӕппӕт уыцы фарстытыл кусӕм иу азӕй фылдӕр, алы хъуыддагыл дӕр бӕстон ахъуыды кӕнӕм, сбарӕм ӕй. Проект царды рауадзыныл чи кусы, уыдонӕн сӕ архайд суткӕйы дӕргъы рауайы дӕс — цыппӕрдӕс сахаты. Ӕмгуыстад сын ис, ахӕм паркты сарӕзты фӕлтӕрддзинад кӕмӕ ис, ахӕм фӕсарӕйнаг компанитимӕ. Хъуыддагмӕ бавналыны агъоммӕ бабӕрӕг кодтон цалдӕр зындгонд дунеон ирхӕфсӕн парчы, мӕ хъуыды сфидар, ома, хъуамӕ Ирыстоны фӕзына ахӕм парк. Уыдӕтты фӕрцы Цӕгат Ирыстоны сфидар уыдзӕн туристон егъау комплекс, ныртӕккӕ хицӕнтӕй цы чысыл ӕмӕ стыр туристон инфраструктурӕ ис, уыдӕттӕ баиу уыдзысты. Ӕнӕмӕнг, турист цы маршрутыл змӕла, уыцы фӕндӕгты фӕрсты хъуамӕ кусой хӕринаггӕнӕнтӕ, цыбыр рӕстӕг фӕллад кӕм суадзой, ӕндӕр лӕггӕдтӕгӕнӕнтӕ. Уыдон та ратдзысты ног куысты бынӕттӕ, — загъта Гуыриаты Владимир.

Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, ацы проект ӕвдисы паддзахады ӕмӕ хицӕн инвесторы ӕмгуыстад, ӕнтысгӕ дӕр уый фӕрцы бакӕндзӕн. Куыд амалхъом, егъау комбинаты разамонӕг, Гуыриаты Владимир ма фӕбӕрӕг кодта хъалонтӕвӕрӕн бындуртӕ фӕхъомысджындӕр кӕныны, куысты бынӕтты нымӕц фӕфылдӕр кӕныны ӕмӕ ӕндӕр, Цӕгат Ирыстоны экономикӕйӕн пайдайаг нысантӕ. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕппӕт уыцы туристон къабазӕн специалисттӕ, туристтӕн лӕггӕдтӕгӕнӕг кусджытӕ бацӕттӕ кӕнын у сӕйрагдӕр фарстытӕн сӕ иу. Цӕмӕй дӕм цавӕрдӕр фӕсарӕйнаг бӕстӕйӕ турист ӕрбацӕуа, йӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕт уавӕртӕ ӕмӕ лӕггӕдтӕ фӕцӕуой, ӕмӕ ма йӕ бафӕнда Ирыстонмӕ ӕрбаздӕхын, уый домы стыр бӕрнондзинад алкӕмӕй дӕр. Кӕд ӕмӕ ирхӕфсӕн паркӕн зӕхх радих кӕныны хъуыддаг бынтон ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр фарст лыггонд ӕрцыд.

— Абон Цӕгат Ирыстоны инвесторы ӕрбацыдӕн цы уавӕртӕ конд ӕрцыд, ахӕмтӕ дзы никуы уыд. Мах хъуамӕ ӕмбарӕм, рӕстӕг размӕ згъоры, уымӕй куы нӕ спайда кӕнӕм ӕмбӕлгӕ хуызы, уӕд ӕгӕр байрӕджы кӕндзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алчидӕр йӕхирдыгӕй зӕрдиагӕй архайа, цӕмӕй проекттӕ царды бантысой, — ахӕм уыд Гуыриаты Владимиры хатдзӕг.

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here