Ирон театры ӕрттивгӕ стъалы

0
682

Таутиаты Солӕманы райгуырдыл сӕххӕст 110 азы

Таутиаты Солӕман — Ирон театры ӕрттивгӕ стъалы. Чи йӕ зыдта, сценӕйы йӕ чи федта, уыдонӕй абон дӕр нӕ рох кӕны. Зындгонд драматург Цопанаты Хаджумар 1967 азы Солӕманы тыххӕй афтӕ фыста:

«Ирон театралон аивады бындурӕвӕрджытӕн сӕ тӕккӕ курдиатджындӕртӕй иу, Ирон театры фидауц, Ирон театры ӕрттивгӕ стъалы уыд Таутиаты Солӕман. Ӕрдз ӕй йӕ рӕдау къухӕй скодта алцӕмӕй дӕр ӕххӕст. Уый уыдис хӕрзконд, хӕрзуынд ӕмӕ арӕхстджын. Йӕ алы фезмӕлд, йӕ алы ныхас дӕр уыди аив, зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Уыимӕ, Солӕман уыд цӕхӕрцӕст лӕппу, тынг зӕрдӕргъӕвд адӕймаг. Бирӕ уарзта йӕ мадӕлон ӕвзаг. Ӕмбӕрста йын йӕ рӕсугъд миниуджытӕ, ирон адӕмы цардыуаг, адӕмон сфӕлдыстад. Йӕ хъус дардта, ирон советон аивадон литературӕйы ногӕй цы гуырд, уыдонмӕ ӕмӕ сӕ пайда кодта йе стыр сценикон сфӕлдыстады…

Фыццаджыдӕр, ӕз Солӕманы сценӕйы федтон, Ирон театр куы байгом, уыцы бон, 1935 азы 10 ноябры, спектакл «Платон Кречеты» сӕйраг ролы хъазгӕйӕ. Спектаклы архайдта ӕрыгон актерты тыхджын ансамбл, фӕлӕ сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой Таутийы-фырты хъазтыл. Уыцы изӕр сбӕрӕг, ирон аивады кӕй райгуырд стыр драмон актер.

Цавӕр ӕууӕлтӕ уыд нӕ намысджын актермӕ? Фыццаджыдӕр, алы ног фӕлгонцмӕ дӕр цыд зын фӕндӕгтыл.

Стыр ӕмӕ-иу арф хъуыдыты фӕцис ролтыл кусгӕйӕ, ӕмӕ-иу фӕлгонц уый арӕзтӕй фылдӕр хатт рауад, пьесӕйы куыд фыст уыд, уымӕй тыхджындӕр, хъӕздыгдӕр. Уарзта кусын ӕмӕ-иу арӕх сфӕлдыстадон быцӕуы бацыд режиссертимӕ. Ролыл кусгӕйӕ-иу йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ уыдысты зын, фӕлӕ-иу уый фӕстӕ йемӕ кусын, куыд режиссертӕн, афтӕ иннӕ артисттӕн дӕр уыд ӕнцон ӕмӕ ӕхсызгон. Солӕман-иу никуы ныууагътаид йӕ ролы уӕлдай ныхас, никуы-иу скодтаид сценӕйы хъазгӕйӕ, уӕлдай ӕнӕхъуаджы змӕлд. Ӕмӕ-иу йӕ алы гыццыл фезмӕлд дӕр сценӕйы ӕргом кодта цыдӕр ӕнкъарӕн, цавӕрдӕр хъуыды.

Солӕман-иу сценӕйы куы уыд, уӕд-иу залы нӕ фехъуыстаис иу сыбыртт дӕр. Репетициты-иу йе ‘мхъазджытӕй исчи мӕнг архайд куы кодта, уӕд-иу йӕ бон нӕ уыд кусын. Спектаклты ӕппын нӕ быхста ахӕм митӕ.

Ӕнӕкӕрон тых ӕмӕ дӕсныдзинад уыд Таутийы-фыртмӕ. Цыдӕриддӕр ролты ахъазыд Солӕман Ирон театры сценӕйы, алкӕуыл дӕр сӕ ӕмбӕлы хицӕн иртасӕн куыст ныффыссын, уӕлдайдӕр та Къостайы, Олеко Дундичы, ӕфхӕрдты Хӕсанӕ ӕмӕ Амраны ролтыл. Йӕ алы куыст дӕр уыд ӕцӕг  сфӕлдыстад, хаста йын кад ӕмӕ ном, Солӕман йӕ цыбыр сфӕлдыстадон рӕстӕджы цы сценикон сурӕттӕ сарӕзта, уыдон ныр дӕр ма цӕрынц ӕмӕ цӕрдзысты ирон аивады».

Гъе ахӕм уыд Таутиаты Солӕман. Хаджумар дзы цы загъта, уыдонӕй ницы ис аппарӕн. Ис сӕм бафтауӕн бирӕ. Уым мын, ӕнӕмӕнг, ӕвдисӕн фӕуыдзысты, чи йӕ зыдта, сценӕйы кӕимӕ хъазыд, чи йӕм каст, уыдон. Уый нӕ, фӕлӕ ма, дам, Ирон театры йӕ хӕдӕфсарм ӕмӕ уӕздандзинад уыдысты алкӕмӕн дӕр фӕзминаг, йӕ фарнӕй ӕнгом ӕмӕ фидар кодта коллектив.

Таутиаты Солӕманы тыххӕй йӕ фыды ӕфсымӕры чызг Таутиаты Заретӕ та йӕ мысинӕгты афтӕ фыста: «ӕз рагӕй дӕр бирӕ уарзын Ирон театр. Солӕманы рӕстӕджы та йӕм уӕлдай арӕхдӕр цыдтӕн. Солӕман-иу сценӕйы куы уыд, уӕд-иу цыма адӕм улӕфгӕ дӕр нал кодтой, афтӕ-иу мӕм каст. Иухатт нӕ Солӕман мӕ фаззон хо Лизӕимӕ театрмӕ акодта. Цыд «ӕфхӕрдты Хӕсанӕ» Сбадын нӕ кодта разӕй. Уый афтӕ ӕцӕгӕй ӕвдыста Хӕсанӕйы мӕлӕт, ӕмӕ мах дыууӕйӕ дӕр кӕуын райдыдтам. Театрдзаутӕй нӕм ничи раздӕхта йе ‘ргом, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр ахӕм уавӕры уыдысты. Спектаклы кӕрон сценӕмӕ худгӕ куы рацыд, адӕмӕн куы акуывта, адӕм куы сыстадысты, ӕмӕ сӕ къухӕмдзӕгъдӕй нӕ хъустӕ къуырма куы кодтой, уӕд нӕ маст цыдӕр фӕци, нӕ цинӕн кӕрон нал уыд».

Ацы къам мын нымдгӕнгӕ ӕмӕ рӕдауӕй къорд азы размӕ радта уӕды 15-ӕм посты кусӕг Таутиаты Заретӕ. Цардӕй ахицӕн. Рухсаг уӕд. Йӕ фыд Моисей дзы бады дыккаг рӕнхъы дыккаг. Къамы сты Беслӕны нартхоры комбинаты фыццаг аразджытӕ. Азты сӕрты нӕм дзы кӕсынц, йӕ кары чи бацыд, ахӕм куыстхъом лӕгтӕ ӕмӕ ӕрыгон лӕппутӕ. Сӕ кусӕнгарз — сӕ къухы. Бӕрӕг у, уӕхскуӕзӕй, уӕнгдыхӕй кӕй архайдтой, уый. Бел ӕмӕ гиркъайӕ, мӕцъис ӕмӕ сынтӕй, лӕггуыфӕй. Зӕгъынц, комбинаты бынаты зӕхх, дам, туацъӕгонд уыд. Лӕхъир, цъымара мӕр фӕлдӕхтой ацы лӕгтӕ ӕмӕ лӕппутӕ, фӕлӕ фӕллад нӕ зыдтой, ӕмӕ сӕ фӕллой фӕстагӕттӕн арфӕйаг фӕци. Ранымайӕм сӕ номхыгъдӕй. Фӕсте лӕууынц (галиуӕрдыгӕй рахизӕрдӕм) фыццаг — бӕрӕг нӕу, чи у, уый, дарддӕр — Хуытиты Михал, Хуыцъистаты Габе, Цомартаты Мӕхӕмӕт, Сидахъаты Гӕбӕт; бадынц — Токаты Андрей, Таутиаты Моисей, Токаты Бушан, Бесолты Знауыр, Цомартаты Батырбег, Таутиаты (йӕ ном ын нӕ зонӕм); зӕххыл ӕрхуыссӕгау кодтой Хъуппеты Ханчер, Таутиаты Солӕман ӕмӕ Хадыхъаты Уырысби.

Мӕ ранымады, бафиппайдтаиккат ӕй, ис Таутиаты Солӕман дӕр. О, о! Уый уыцы Солӕман у! Нӕ диссаджы артист хӕрзӕрыгонӕй архайдта Беслӕны нартхоры комбинаты арӕзтады. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Ирон театры сценӕйы йӕхиуыл куыд нӕ ауӕрста, афтӕ уым дӕр — уыд хъазуатон. Чи зоны, уыцы ӕгъатыр фыдниз йе ‘взонг буармӕ уӕд бахылд, ӕмӕ нын ӕй ӕргомӕй-сусӕгӕй кусын, цӕрын нӕ уагъта, стӕй йӕ байста.

Таутиаты Солӕманы курдиаты, аивады тых, йӕ лӕгдзинад ӕмӕ рухс ном ын зӕрдӕхӕларӕй ӕрымысыны тыххӕй  та къам абон мыхуыр кӕнӕм. Ацы къам ис, Таутиаты  Солӕманы цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй чиныгуадзӕн «Ир»-ы 2003 азы цы чиныг рацыд, уым дӕр. Мыхуырмӕ йӕ бацӕттӕ кодта зындгонд журналист ӕмӕ чиныгаразӕг Таутиаты Лидӕ. Уырдӕм уый бахаста, Солӕманимӕ Ирон театры цы артисттӕ, режиссертӕ куыстой, хорз ӕй чи зыдта, уыдоны мысинӕгтӕ, фысджыты уацмыстӕ, йе стыр ӕмӕ бирӕвӕрсыг курдиаты фӕдыл ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕджытӕ. Уымӕй Лидӕ стыр лӕвар ракодта ирон театралон аивады кусджытӕн, ирон адӕмӕн, уый фӕрцы йӕ мыггаджы намысы кадджын лӕг Таутиаты Солӕманы сфӕлдыстадон тых ӕнкъардзысты абоны ӕмӕ фидӕны фӕлтӕртӕ дӕр. Уый ныфсӕй йыл зӕрдиагӕй бафыдӕбон кодта.

О, фӕлӕ ацы аз августы райдайӕны Таутиаты Солӕманы райгуырдыл 110 азы кӕй сӕххӕст, йӕ юбилей кӕй уыд, уый дыууӕ Ирыстоны никӕцӕй райхъуыст. Афтӕмӕй нӕм дыууӕ Ирон театры ис, стӕй Театралон аивады кусджыты ӕхсӕнад. Раздӕры азты ахӕм ахсджиаг цау ӕвдыст ӕмӕ бӕрӕггонд ӕрцыдаид мидисджын ӕмӕ бирӕвӕрсыгӕй. Уымӕн ӕвдисӕн сты Таутиаты Лидӕйы чиныджы ӕрмӕджытӕ. Ис дзы «Таутиаты Солӕманы зарӕг», ныффыста йӕ Чеджемты ӕхсар, йӕ музыкӕйы автор — Моргуаты Юри. Ирон театры 65 азы ӕмӕ Таутиаты Солӕманы 90 азы бонмӕ Хъайттаты Сергей ныффыста, Солӕман сӕйраг архайӕг кӕм у, ахӕм пьесӕ, композитор Магкоты Ацӕмӕз — симфонион поэмӕ.

Чиныджы Солӕманы  тыххӕй ис Тедеты Ефимы ӕмӕ Тыджыты Юрийы ӕмдзӕвгӕтӕ, нӕ театралон аивады куырыхондӕртӕ Брытъиаты Зариффӕйы, Еленӕ Марковайы, Тӕбӕхсӕуты Балойы, Саламты Къолайы, Сланты Къостайы, Хъариаты Тамарӕйы, Плиты Грисы, Калоты Барисы, Хуыгаты Георы ӕмӕ ӕндӕрты уацтӕ. Уым Солӕманы хонынц «Фыццаг адӕмон артист», «Ирон театры фидауц», «Бог сцены», «Сокровище народа», «Любимец осетинского народа» ӕмӕ ӕндӕртӕ. Цы фӕци ирон адӕмы уыцы уарзондзинад Таутиаты Солӕманмӕ?

Ацы аз Къостайы райгуырдыл ӕххӕст кӕны 160 азы. Ӕмӕ уый фӕдыл дӕр цы арӕзт цӕуы? Сабырдзинады проспекты, йӕ хъомыс, йӕ нысаниуӕг ын къаддӕр чи кӕны, уыцы цыртдзӕвӕн ныр дӕр ма уым лӕзӕры!

Цы ныл ӕрцыд, ирон адӕм? Цард ӕрмӕст ӕхца, бахӕр, бануаз ӕмӕ зынаргъ дарӕс скӕнынӕй нӕу. Уыдон адӕймагӕн йӕ буарӕн сты. Йӕ удӕн та хъӕуы рӕстдзинад, стӕй — базыртӕ. Базыртӕ йыл бакӕнынц аивады алы хуызтӕ, царды рӕстдзинад ӕм хӕссынц фӕлгонцджын, нуарджын, ныфсдӕттӕг литературон ӕвзаджы ныхӕстӕ. Уыдон фӕрцы йӕ цард кӕны мидисджындӕр ӕмӕ дзы адджынӕй цӕрын зоны!

Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here