Къуырийы дӕргъы, нӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй чи ссыдис, уыцы 150 ӕрыгон политолоджы сӕ куыст кӕндзысты Цӕгат Ирыстоны рӕсугъддӕр кӕмттӕй иу — Дыгургомы. Уыдонӕн уыдзӕнис сӕ зонындзинӕдтӕ фӕфидардӕр ӕмӕ фӕпарахатдӕр кӕныны фадат, байхъусдзысты Уӕрӕсейы хуыздӕр уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты раззагдӕр специалисттӕ ӕмӕ лектортӕм, эксперттӕ ӕмӕ политиктӕм.
Форумы фыццаг бон ӕрыгон политологты цур раныхас кодта ӕхсӕнадон зондахаст иртасӕг ӕппӕтуӕрӕсеон центры генералон директор Валерий Федоров. Уый радзырдта центры куысты тыххӕй, куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй сӕ сӕйраг нысан у ӕхсӕнадон зондахаст иртасын. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, рӕстӕгимӕ аивта социалон ӕрфарстытӕ кӕныны хуыз дӕр. «Куыдфӕстӕмӕ, афтӕмӕй адӕм фендӕрхуызон сты, ӕргомӕй сӕ хъуыды нал дзурынц. Кӕддӕр-иу нӕ кусджытӕ зылдысты горӕтты уынгтыл, хӕдзӕрттӕм дӕр-иу бацыдысты, адӕм сыл ӕхсызгонӕй ӕмбӕлдысты. Зӕрдиагӕй-иу сын сӕ хъуыдытӕ, сӕ бӕллицтӕ фӕдзырдтой. Ныртӕккӕ уыдӕттӕн бынат нал ис, хӕдзармӕ дӕр дӕ ничиуал бауадздзӕн, цӕмӕй нӕм се ‘ргом раздахой, уый тыххӕй тынг бирӕ рӕстӕг схардз кӕнӕм», — загъта эксперт.
Уымӕй дарддӕр ма Валерий Федоров ӕрныхас кодта ахсджиаг хъуыддагыл: цӕмӕн хъӕуы политологи, политологтӕ.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны цӕуы ӕрыгон политологты ӕппӕтуӕрӕсеон фыццаг форум «Дигорӕ». Йӕ саразыны хъӕппӕрис равдыста ӕппӕтуӕрӕсеон ӕхсӕнадон организаци, «Политологты уӕрӕсейаг ӕхсӕнад» Фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл федералон агентад РЦИ-Аланийы Хицауадимӕ иумӕ. Нӕ республикӕ форумы бынатӕн хуымӕтӕджы ӕвзӕрст не ‘рцыд, Цӕгат Ирыстон нымад у Уӕрӕсейы сӕйраг геополитикон регионыл Цӕгат Кавказы, уымӕй уӕлдай зӕрдӕмӕдзӕугӕ туристон бынатыл.














