Сразы сты Генералон прокуроры куырдиатимӕ

0
200

«Асӕрд, Уӕрӕсейы Генералон прокуратурӕйы къамис ӕвзӕрста Цӕгат Ирыстон-Аланийы прокуратурӕйы архайд. Сӕйрагдӕр раиртӕста, адӕм прокуратурӕйыл кӕй не ‘ууӕндынц, уый. Ӕрмӕстдӕр иунӕг дӕнцӕг: цыбыр рӕстӕгмӕ къамисмӕ алыхуызон хъӕстытимӕ ӕрбацыд 340 адӕймаджы. Уый ӕвдисы республикӕйы цӕрджыты ӕууӕнк прокуратурӕйыл», — знон Парламенты ӕмбырды раныхас кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуроры хӕдивӕг Дмитрий Демешев.

ӕмбырд амыдта Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ Хицауады уӕнгтӕ. Боны фӕткмӕ хаст ӕрцыдысты кадрты фарстытӕ. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй, Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокурор Юрий Чайка ӕрӕрвыста фыстӕг, уым ӕрхатыд цӕгатирыстойнаг депутаттӕм, цӕмӕй сразы уой республикӕйы прокурорӕй Александр Морозовы сфидар кӕныныл. Парламентон комитеттӕ хъуыддагмӕ ӕркастысты, фембӕлдысты Александр Морозовимӕ, сӕ хъуыды сбӕрӕг кодтой.

Уӕрӕсейы Федерацийы Конституци ӕмӕ «Прокуратурӕйы тыххӕй» федералон закъон цыдӕриддӕр амонынц, уыдӕттӕм гӕсгӕ фарстамӕ ӕркастӕуыд. Фыццагдӕр уал байхъуыстой Дмитрий Демешевмӕ,уый бӕстон радзырдта Александр Морозовы фӕллойадон архайды тыххӕй, куыд бацамыдта, афтӕмӕй у фӕлтӕрдджын, рӕстуд, сыгъдӕгзӕрдӕ специалист ӕмӕ адӕймаг. Сусӕгӕй схъӕлӕс кӕныны руаджы Цӕгат Ирыстоны Парламенты депутаттӕ равдыстой разыдзинад Генералон прокурор Юрий Чайкайы куырдиатимӕ. Ныр ацы уынаффӕ бавдисдзысты Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Владимир Путинмӕ ӕмӕ уый ӕмбӕлгӕ документ бафысдзӕн.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав куыд загъта, афтӕмӕй депутаттӕ иузӕрдиондзинад равдыстой Александр Морозовы кандидатурӕмӕ.

— Ныфс нӕ ис, ӕмӕ йӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Президент куы сфидар кӕна, уӕд прокурор хъуыддӕгтӕй ӕвдисдзӕн йӕ дӕсныдзинад. ӕвӕццӕгӕн, иу регион иннӕмӕй цӕмӕйдӕрты хицӕн кӕны, уыдӕттӕ, ӕнӕмӕнг, хъуамӕ нымад цӕуой. Фӕлӕ закъон ӕмӕ барад фидар куы нӕ уой, уӕд размӕцыд ницы хуызы бантысдзӕн. Хицаудзинады кад баст у йе ‘ппӕт къабӕзты ӕмгуыстадимӕ, ӕмархайдимӕ. ӕппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр конд цӕуынц, Цӕгат Ирыстоны рӕзт ӕмӕ йӕ цӕрджыты фӕрныгадӕн, — фӕнысан кодта Битарты Вячеслав.

Парламентон комитеты сӕрдар Хуыгаты Алан хицауадон ведомствӕйы разамонӕг кӕй ссис, уымӕй йӕ депутаты бартӕ ӕрӕвӕрдта. Политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы хыгъдӕй уыцы мандат лӕвӕрд ӕрцыд Кокойты Тамарӕмӕ. Ацы ӕмӕ иннӕ ахӕм ивддзинӕдты тыххӕй ӕмбырды раныхас кодта Парламенты мандатон къамисы сӕрдар ӕчеты Неля. Депутаттӕ схъӕлӕс кодтой Кокойты Тамарӕйы депутатӕй равзарыныл. Алексей Мачнев арфӕ ракодта ног депутатӕн.

Уымӕй дарддӕр, йӕ депутаты бартӕ ӕрӕвӕрдта Кӕсӕбиты Игорь, уый дӕр кусын райдыдта Хицауады кабинеты. Куыд ма райхъуыст, афтӕмӕй Центрон ӕвзарӕн къамисы уӕнгтӕ Гӕтиты Тамерлан ӕмӕ Карсанаты Валери дӕр куырдиӕттӕ балӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ суӕгъд кӕной сӕ хӕстӕй. Депутаттӕ сразы сты ацы ивддзинӕдтимӕ.

Парламентон ӕмбырдты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ байхъуыстой раздӕры прокурор Владимир Векшинмӕ, арӕх дзуапп лӕвӕрдтой йӕ хӕдивджытӕ дӕр. Фӕлӕ депутаттӕ уӕд ахӕм хатдзӕгмӕ никуы ӕрцыдысты, ӕмӕ дзыллӕтӕ прокуратурӕйыл не ‘ууӕндынц. ӕвӕццӕгӕн, иу хицау иннӕйы куы раивы, ӕрмӕстдӕр уӕд ралӕууы ӕргом ныхасы дуг.

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here