Ног киноныв тагъд фенæн уыдзæн

0
278

Дзæуджыхъæуы Афицерты хæ-дзары уыд æхгæд равдыст Денис Казанцевы киноныв «Суворовец 1944». Программæ арæзт æрцыд Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл Федералон агентад «Роспатриот», РЦИ-Аланийы
Фæсивæды хъуыддæгты комитет æмæ Æфсæддон-патриотон хъомылады центры фæрцы.

Киноныв фенынмæ æрбахуыдтой Дзæуджыхъæуы скъолаты 7-9 къласты ахуырдзауты, Суворовы номыл училищæ æмæ Цæгат Ирыстоны университеты æфсæддон центры курсантты.
– Ныры рæстæджы тынг ахсджиаг у нæ фæсивæды патриотон хъомыладыл бацархайын, цæмæй сæ фæзминаг адæм рауайа. Æнæмæнг сæ хъæуы ныртæккæ æрбангом кæнын, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæр раст хъомылад райсой, ма рох кæной хъæбатырты, сæ фыдæлты хъайтардзинæдтæ. Ацы киноныв æвдисы рæзгæ фæлтæрæн, куыд хъæуы хи дарын зын рæстæджыты, цыфæнды кары куы уай, уæддæр дæ лæгдзинад æмæ де ‘гъдау макуы хъуамæ фесæфа, – загъта Цæгат Ирыстон-Аланийы æфсæддон-патриотон хъомылады центры директоры хæдивæг Тъехты Эльбрус.
Киноныв у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты дард Сыбыры хъæуы цæрджыты историйы тыххæй. Сæйраг архайæг – æртындæсаздзыд лæппу Вовка Куликов, кæцы æрцыд хæдзармæ Суворовон училищæйы азы ахуыры фæстæ. Лæппу базыдта, йæ фыд хæсты быдырмæ кæй ацыд, сæ хъæуы та уыцы рæстæг сæвзæрд зын уавæртæ. Кæд гыццыл уыд, уæддæр йæ лæгдзинад рав-
дыста, давджыты æрцахсын кодта.
Киноныв у ног, кинотеатрты рацæудзæн абон. Уазджытæ йæм кастысты тынг цымыдисæй, тынг фæцыд сæ зæрдæмæ, хорз æнкъарæнтæ дзы райстой, кæмдæр худгæ кодтой, кæмдæр-иу сæ цæссыг дæр æруагътой. Мæнмæ гæсгæ, у ахæм, хорзырдæм фæбæрæг уыдзæн хъомыладыл, йæ бакæсæгмæ сæвзæр-
дзæн лæгдзинад æмæ патриотон хъуыдытæ.

Цæгæраты Эльмирæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here