Цæгатирыстойнаг сылгоймæгты клуб «Разæнгарддзинад»-ыл 25 азы кæй сæххæст, уый кадæн Дзæуджыхъæуы Адæмты хæлардзинады республикон хæдзары ацæуæг æмбырды архайдтой регионы æххæстгæнæг Хицауад, Парламент, горæты администраци æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.
Æмбырды архайджыты раз ныхас кæнгæйæ, нæ республикæйы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан загъта:
– Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы æмæ мæхи номæй уын уæ юбилейы фæдыл зæрдиаг арфæ кæнын. Разæнгардæй архайгæйæ, уе ’хсæнадон организаци дыууын фондз азмæ бирæ арфæйаг
хъуыддæгтæ сарæзта. Зынаргъ сылгоймæгтæ! Уæ хæстæ цæмæй æнцон æмæ зæрдæрухсæй æххæст кæнат, уый уын мæ цæст уарзы. Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырдзинад, æнтыстдзинæдтæ æмæ æвидигæ разæнгарддзинад.
Æхсæнадон организацийæн арфæгæнджыты ‘хсæн уыдысты: нæ республикæйы Парламенты Национ политикæйы комитеты сæрдар Джиоты Георги, Дзæуджыхъæуы администрацийы ахуырады управленийы сæйраг специалист Маринæ Кенкадзе, Уæрæсейы Адæмты ассамблейы регионалон хайады сæрдар æмæ змæлд «Нæ Ирыстон»-ы разамонæг Лагкуты Вячеслав, стæй Хæлардзинады республикон æмæ Мæздæджы районы хæдзæртты директортæ Александр Охотников æмæ Павел Михайлянц.
– Сылгоймаг у иугæнæг æмæ разæнгардгæнæг зæрдæхæлар хъару. Иумæйагæй кæй архайут æмæ хорздзинæдтæ скæнынмæ кæй тырнут, уый мын æхсызгон у. Уæ клуб «Разæнгарддзинад» цæмæй бирæ азты дæргъы æнтыстджынæй архайа, уый уын мæ цæст уарзы, – арфæ кæнгæйæ, загъта Джиойы-фырт.
Юбилейы кадæн клубы минæвæрттæн Цæгат Ирыстоны Парламент æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы номæй радтой кады грамотæтæ. Фæстæдæр æмбырдмæ ’рбацæуæг адæмæн равдыстой «Разæнгарддзинад»-ы архайдыл дзурæг цыбыр документалон киноныв. Сфæлдыстадон коллективтæ æмæ хицæн артисттæ сæ аивадæй бæрæгбоны архайджыты зæрдæтæ барухс кодтой.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: 1999 азы Цæгат Ирыстоны Адæмыхæттыты хъуыддæгтæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрады фæндонæй сарæзтой сылгоймæгты клуб «Разæнгарддзинад». Ацы клуб баиу кодта респуб-
ликæйы национ-культурон центрты сылгоймæгты æппæт советтæ. Змæлд «Нæ Ирыстон» сылгоймæгты клубы сæвзæрдмæ стыр æвæрæн бахаста.
Темыраты Альбинæ














