Байгом Таймазты ӕфсымӕрты хъӕбысхӕсты центр

0
460

Знон нӕ республикӕйы кадджын уавӕры байгом Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзаутӕ Таймазты Тимур ӕмӕ Артуры номыл спортивон хъӕбысхӕсты центр.

Уый кадӕн Хъуылаты Бадзийы номыл Спортивон галуаны арӕзт ӕрцыдысты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй командон ерыстӕ, архайдтой сӕ 15-17-аздзыд богӕлтты аст командӕйы. Уыдонӕй фӕйнӕ дыууӕйы уыдысты Дагестан ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй, иннӕтӕ та — Цӕцӕны, Кӕсӕг-Балхъары республикӕтӕй, Азербайджан ӕмӕ Сомихӕй.

Ирыстонмӕ, ацы спорты бӕрӕгбонмӕ Мӕскуы ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕй ӕрцыдысты бирӕ зындгонд адӕймӕгтӕ. Уыдонимӕ — цыппорӕй фылдӕр Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзаутӕ, Уӕрӕсейы Паддзахадон Думӕйы ӕмӕ Федерацийы Советы уӕнгтӕ.

Залы бадӕг адӕмӕн зӕрдӕбын арфӕтӕ ракодтой РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Уӕрӕсейы хъӕбатыр Алексей Романов, Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзаутӕ Владислав Третьяк, Светланӕ Журова, Абдурашид Садулаев, Александр Иваницкий, Михаил Мамиашвили…

Битарты Вячеслав йӕ раныхасы зӕрдиаг арфӕ ракодта Таймазты ӕфсымӕртӕн, нӕ фӕсивӕдӕн спорты бӕрзӕндтӕм схизынӕн ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ кӕй аразынц, уый тыххӕй.

Бибылты Анатоли йӕ арфӕйы куыд загъта, афтӕмӕй Ирыстоны ацы бон цы бирӕ хъуыстгонд адӕймӕгтӕ сӕмбӕлди, уый ӕвдисы Таймазты ӕфсымӕртӕ сӕхӕдӕг дӕр адӕмимӕ ӕнгом кӕй сты, уый.

Командон ерыстӕ рауадысты тынг цымыдисаг ӕмӕ уыдоны тыххӕй бӕлвырддӕр бакӕсдзыстут нӕ газеты иннӕ номыры.

Баскаты Уырызмӕг

Къам систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here