«Беслӕны мадӕлты» балц — Дагестанмӕ

0
413

Ацы бонты Цӕгат Ирыстоны республикон ӕхсӕнадон организаци «Беслӕны мадӕлты» уӕнгтӕ балцы уыдысты Дагестаны республикӕйы. Уый тыххӕй фехъусын кодта информацион агентад «РИА Дагестан».

Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ Махачкалайы цӕрджыты базонгӕ кодтой, 2004 азы Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы цы ӕвирхъау террористон фыдракӕнд ӕрцыд, ууыл дзурӕг ӕрмӕджыты равдыстимӕ. Уыцы равдыст куыста Махачкалайы Хӕлардзинады хӕдзары.

«2004 азы сентябры нӕ царды цы уӕззау цаутӕ ӕрцыд, уыдоны размӕ никуы хъуыды кодтам ӕхсӕнадон архайдыл, хуымӕтӕг цард кодтам, нӕ сывӕллӕттыл узӕлыдыстӕм. Фӕлӕ нын уыцы террористон фыдракӕнд нӕ хъысмӕт цӕхгӕр фӕивта. Ныртӕккӕ та нӕ сӕйрагдӕр сагъӕс у, цӕмӕй ахӕм цаутӕ макуыуал ӕрцӕуой», — журналисттӕн радзырдта «Беслӕны мадӕлты» комитеты сӕрдар Дудиаты Сусаннӕ.

Республикӕйы уазджытӕн фембӕлдтытӕ уыд Дагестаны ӕхсӕнадон палатӕ ӕмӕ Нациты хъуыддӕгты фӕдыл министрады бӕрнон кусджытимӕ, Махачкалайы фыццӕгӕм скъолайы ахуырдзаутӕ ӕмӕ ӕхсӕнады иннӕ минӕвӕрттимӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here