Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы бӕрӕгбонмӕ

0
342

Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы сарӕзты 100 азы бӕрӕгбонмӕ цӕттӕгӕнӕг организацион комитеты сӕргъы ӕрлӕууыд УФ-йы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Виталий Мутко. Уый тыххӕй фехъусын кодта информацион агентад «ТАСС».

Информацион хъусынгӕнинаджы куыд загъд ис, афтӕмӕй организацион комитеты хӕдивджытӕ уыдзысты Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Сергей Чеботарев.

«Фидаргонд ӕрцӕуӕд бӕрӕгбонмӕ цӕттӕгӕнӕг организацион комитеты сконд», — загъд ис хицауадон уынаффӕйы. Уӕлдӕр амынд бӕрнон кусджытӕй уӕлдай, оргкомитеты сконды сты: РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова, УФ-йы транспорты министры фыццаг хӕдивӕг Иннокентий Алафинов, УФ-йы арӕзтад ӕмӕ цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады министры хӕдивӕг Юрий Гордеев, УФ-йы финансты министры фыццаг хӕдивӕг Леонид Горнин, УФ-йы рухсады министры хӕдивӕг Андрей Николаев, УФ-йы спорты министры хӕдивӕг Павел Новиков, УФ-йы культурӕйы министры хӕдивӕг Ольгӕ Ярилова. ӕдӕппӕт комитеты ис 22 бӕрнон кусӕджы.

Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы сарӕзты 100 азы кадӕн бӕрӕгбоны мадзӕлттӕ 2024 азы саразыны тыххӕй Указ УФ-йы Президент Владимир Путин бафыста 2019 азы майы.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстонӕн автономон облӕсты статус лӕвӕрд ӕрцыд 1924 азы 7 июлы, 1936 азӕй фӕстӕмӕ та уыд автономон республикӕ.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here