Ӕнкъард мысинӕгтӕ

0
342

Знон, Политикон ӕфхӕрдтыты амӕттӕгты мысӕн бон, мемориалон комплекс «Цӕссыгты дур»-ы раз арӕзт ӕрцыд героикон-патриотон акци «Память скорби и печали».

Ардӕм ӕрцыдысты РЦИ-Аланийы, Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ республикӕйы районты разамынд, Парламенты депутаттӕ, министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты бӕрнон кусджытӕ, ассоциаци «Номарӕн»-ы уӕнгтӕ, скъоладзаутӕ, студенттӕ, ӕндӕр хуынд адӕм.

Мадзал куы байгом, уӕд, фыццагдӕр, раныхас кодта РЦИ-Аланийы национ ахастдзинӕдты фарстыты фӕдыл министр Цуциты Аслан.

«Абон мах мысӕм, ивгъуыд ӕнусы 20-50-ӕм азты ӕнаххосӕй политикон ӕфхӕрдтыты чи бахауд, уыцы адӕмы, уыдон та чысыл нӕ уыдысты. Ӕрмӕст Цӕгат Ирыстонӕй Адӕмон комиссарады уазал ахӕстӕтты сӕ адзал ссардтой 25 мин адӕймаджы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ кӕстӕртӕ рӕстдзинад зоной ӕппӕт ацы ӕнӕзакъон хъуыддӕгты тыххӕй», — загъта министр.

Мидисджын уыдис Дзӕуджыхъӕуы Минӕвӕртты ӕмбырды сӕрдары хӕдивӕг Сӕлбиты Зитӕйы раныхас дӕр. Уый бацамыдта, зӕгъгӕ, ныронг политикон ӕфхӕрдтыты амӕттӕгты хӕстӕджытӕй хатыр ничи ракуырдта. Терчы хъазахъхъаг ӕфсады булкъон Алексей Лозневой та дзырдта, Яков Свердловы амындӕй хъазахъхъӕгты сӕ цӕрӕн бынӕттӕй кӕй сыстын кодтой, уый тыххӕй.

«Мах нӕ ныййарджытӕн уыдыстӕм 5 сывӕллоны. Нӕ фыд Епхиты Иваны 1937 азы 17 августы куы ӕрцахстой, уӕд нӕ хистӕрыл цыд 12 азы, кӕстӕрыл — 2 азы, фӕлӕ нӕ дарӕг нал раздӕхт йӕ бинонтӕм», — радзырдта Епхиты Георги.

Акцийы ма раныхас кодта политикон ассоциаци «Номарӕн»-ы сӕрдар Зураты Ауызби. Уый арфӕ ракодта, мадзалмӕ чи ӕрцыд, уыцы адӕмӕн. Байгом кодта «Зӕрдылдарӕн дзӕнгӕрӕг», кӕронбӕттӕны та, ардӕм чи ‘рцыд, уыдон дидинджытӕ сӕвӕрдтой «Цӕссыгты дур»-ыл.

Тохсырты Къоста

Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here