Хохмӕ экскурси

0
451

Ирыстоны алӕмӕты ӕрдз,  бӕрзонд хӕхтӕ ӕмӕ абухгӕ цӕугӕдӕттӕ дзыллӕтӕм кадджын сты. Архайд цӕуы рагфыдӕлтӕй баззайӕг бынтӕ бахъахъхъӕныныл ӕмӕ сӕ фӕфылдӕр кӕныныл, рӕзгӕ фӕлтӕры ӕргом ахуырад ӕмӕ хъомыладмӕ тынгдӕр здахыныл. Афтӕ кӕй у, уый рахатыдысты ирыстойнӕгтӕн табуйагыл нымад «Реком»-ы кувӕндон бабӕрӕггӕнӕг Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институты  фӕсарӕйнаг студенттӕ.

Бӕлццӕттимӕ уыдысты уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны ректор, администрацийы минӕвӕрттӕ ӕмӕ  студентты иугӕндты раздзӕуджытӕ.

— Нӕ хӕс у фӕсарӕйнаг студенттӕн канд хӕрзхъӕд нырыккон ахуырад раттын нӕ, фӕлӕ сын сӕрибар цардмӕ фӕндаг бацамонын дӕр. Нӕ институты ахуыр кӕныны заман алы студент дӕр схъомыл вӕййы, хъомыл адӕймаджы хӕс та у хӕрзӕгъдау уӕвын ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ зонын. Уыимӕ ахуырдзау фӕсивӕды хӕс у, уазӕгуарзон Ирыстоны ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ культурӕ райсын ӕмӕ сын аргъ скӕнын.

Рекомы кувӕндон банымайӕн ис ӕппӕт Кавказы арӕзтады дӕсныйады ӕвӕджиауы ӕвдисӕныл. Дзыллӕтӕ ацы кувӕндонмӕ рагӕй дӕр ӕххуысагурӕг цӕуынц. Студенттӕ ӕвӕджиауы кувӕндоны уындӕй разыйӕ кӕй баззайдзысты, уый мӕ уырны. Уымӕй уӕлдай, Цъӕйгом банымайӕн ис Цӕгат Кавказы удӕгас туристон тугдадзиныл. Зымӕджы ардӕм ӕрбацӕуынц лыжӕтыл бырынмӕ ӕмӕ сноубордӕй хъазынмӕ, сӕрды та — хохаг цӕугӕдӕттӕ, ӕхсӕрдзӕнтӕ ӕмӕ ӕрдзы ӕвӕджиауы цыртдзӕвӕнтӕ фенынмӕ, — загъта институты ректор Юрий Дмитрак.

Алы экскурси дӕр банымайӕн ис алфамбылай дунейы чысыл иртӕстыл.

— Хӕххон-металлургон институт мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Ахуыры фыццаг бонтӕй нырмӕ фӕсарӕйнаг студенттӕм уӕлдай фылдӕр ӕргом здахынц. Ӕз дӕн бархион ирвӕзынгӕнджыты студентон корпусы уӕнг, ис мын бирӕ зонгӕтӕ, саразынц нын мидисджын экскурситӕ. Ирыстоны ис рӕсугъд хӕхтӕ, рӕвдз згъорӕг цӕугӕдӕттӕ. Бынӕттон сыгъдӕг уӕлдӕф  адӕймагӕн ног хъарутӕ дӕтты, — зӕгъы Узбекистанӕй ӕрбацӕуӕг студент Мухаммед Хамитов.

Фӕстӕдӕр фӕсивӕд ӕрбацыдысты спортивон-дзӕбӕхгӕнӕн лагер «Цъӕй»-мӕ ӕмӕ ам ӕрцӕттӕ кодтой хӕрзад узбекаг плау, кавказаг лывзӕ ӕмӕ ирон чъиритӕ, фӕссихор та студенттӕ лагеры фӕзтыл раргом кодтой се сфӕлдыстадон курдиат ӕмӕ спортивон арӕхстдзинад.

— Ахӕм дзыллон мадзӕлттӕн ис стыр ахадындзинад. Спортивон фӕзыл кӕрӕдзиимӕ ерыс кодтам, фӕстӕдӕр та нӕ иумӕйаг хъуыддӕгтыл ӕрныхас кодтам, — зӕгъы ӕхсӕзӕм курсы студент Владислав Пятаха.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here