Уынал ӕмӕ Зынцъары цӕрджытӕ сулӕфдзысты

0
234

Уӕлладжыры комы фӕндагыл цы бӕлццӕттӕ цӕуы, уыдоны цӕст ӕнӕрхӕцгӕ нӕ уыд, Уыналмӕ ӕввахс ӕрыдоны доны атагъайы Садоны раздӕры здыйы-цинчы комбинатӕн цы ӕппарӕццӕгтӕ ӕфснайӕн бынат уыдис, ууыл. Уый ахста 19 гектары ӕмӕ кӕддӕриддӕр дзаг уыдис, Мызуры ӕрзӕтыссӕн фабрикӕй ардӕм хӕтӕлтыл цы промышленнон дӕттӕ цыдысты, уыдонӕй.

Фӕлӕ кӕддӕры хъомысджын комбинат ӕхгӕд куы ‘рцыд, уӕд «хӕххон цад»-мӕ цӕстдарӕг нал уыд, ӕмӕ хус кӕнын райдыдта. Уымӕ гӕсгӕ хӕххон дымгӕтӕ ӕппарӕццӕгты алыхуызон химион буаргъӕдтӕ хастой алыварс ӕрдзон бынӕттӕм.

Тӕссаг экологон уавӕр ӕвзӕрӕрдӕм зынд Уынал ӕмӕ Зынцъары канд дыргъдӕттыл нӕ, фӕлӕ ма сӕ цӕрджыты ӕнӕниздзинадыл дӕр, ӕмӕ уыдӕтты фӕдыл бирӕ хъӕстытӕ цыдис республикӕйы ӕрдзхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕм.

Рӕхджы туристон-фӕлладуадзӕн комплекс «Мамысон»-ы арӕзтад кӕй райдайдзӕн, уый та ноджы фылдӕр хӕстӕ ӕвӕры нӕ размӕ. Хъуамӕ нӕ хӕхбӕсты ӕрдз уа сыгъдӕг, ӕнӕниз, цӕмӕй нӕм сомбон йӕхи ирхӕфсынмӕ чи цӕуа, уыцы  адӕм алфамбылай ӕрдзон уавӕрӕй разы уой. Уымӕ гӕсгӕ РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, нӕ республикӕйы ахуыргонд экологтӕ бӕстӕйы уӕлдӕр паддзахадон оргӕнты размӕ фарст афтӕ ӕвӕрдтой, цӕмӕй, ӕрдзӕн ӕмӕ адӕмӕн знаггад чи кӕны, комбинаты уыцы ӕппарӕццӕгтӕ ӕфснайӕн бынат иуварсгонд ӕрцӕуа.

Кӕд ацы куыст бакӕнынӕн дзӕвгар фӕрӕзтӕ хъуыд, уӕддӕр хъуыддаг фӕрӕвдз Уӕрӕсейы Хицауады ӕххуысӕй. Ӕмӕ мах бабӕрӕг кодтам арӕзтад, тӕссаг ӕппарӕццӕгтӕ сӕдас кӕныны тыххӕй дзы цы  куыстытӕ кӕнынц, уый базоныны тыххӕй. Дзӕуджыхъӕуккаг ӕнӕххӕст бӕрнондзинады ӕхсӕнад «Гарантпромбизнес»-ы прораб Джимиты Аслан нын куыд радзырдта, афтӕмӕй сӕм ӕрвылбон ӕнӕкъуылымпыйӕ кусы алыхуызон техникӕ: экскаватортӕ, грейдертӕ, бульдозертӕ, машинӕтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ — ӕдӕппӕт фӕндзайӕ фылдӕр.

«Нӕ куыст райдыдтам «хӕххон цад»-ы дон ауадзынӕй, — загъта дарддӕр прораб. — Йӕ уӕлцъар куы схус, уӕд мах дӕр бавнӕлдтам нӕ алывӕрсыг куыстытӕ кӕнынмӕ. Кӕм архайӕм, уыцы ӕрдзон бынат зӕйцӕуӕн кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бахъуыд, сӕ дӕргъ 75 метры кӕмӕн у, ахӕм бетон къултӕ амайын. Дарддӕр ацы куыст цӕуы бригадир Нодар Попандойы разамындӕй, цӕмӕй тӕссаг хӕххон фӕзындтытӕ арӕзтадӕн мацы знаггад ракӕной. Ӕппӕт архайд дӕр цӕуы тӕссаг бынат сӕдас кӕныны федералон программӕмӕ гӕсгӕ».

Цӕмӕй ӕппарӕццӕгтӕ ӕфснайӕн раздӕры бынатӕй тӕссаг мауал уа, уый тыххӕй ныртӕккӕ хъомысджын «КамАЗ»-тӕ змисхӕццӕ хуыр ардӕм ласынц 100 метры бӕрц ӕддӕдӕр къӕдзӕхы фахсӕй, ӕмӕ дзы «хӕххон цад»-ы ӕвӕрд цӕуы 2-3 метры бӕзнӕн фыццаг фӕлтӕр. Ныртӕккӕ ма дзы ӕнӕхгӕдӕй баззад 3-4 гектары, кӕнӕ дзы змисхӕццӕ хуыр ӕркалын хъӕуы 200 мин кубометры бӕрц, ӕмӕ уый дӕр мӕймӕ фӕуыдзӕн.

Фӕлӕ уымӕ аразджытӕ ӕнхъӕлмӕ дӕр нӕ кӕсынц. Уыцы-иу рӕстӕг ӕвӕрд цӕуы дыккаг фӕлтӕр дӕр, ӕмӕ уый та, Алагиры агуыридургӕнӕн заводы цур цы ӕлыг къахт цӕуы, уымӕй. Дарддӕр ӕртыккаг фӕлтӕр ногӕй та змисхӕццӕ хӕххон хуырӕй 1 метры бӕзнӕн ӕвӕрын бахъӕудзӕн раздӕры ӕппарӕццӕгтӕ ӕфснайӕн бынаты.

«Кӕм къахт цӕудзӕн, уыцы ран ныртӕккӕ ӕрвылбон фӕкусы 7-8 экскаваторы. Уымӕ гӕсгӕ “КамАЗ”-ты бирӕ рӕстӕг лӕууын нӕ бахъӕуы рады. Уайтагъддӕр Зӕгъойты Тимур, Хъайтыхъты Сослан, Тугъанты Ермак ӕмӕ иннӕ шофыртӕ ӕрбалӕууынц арӕзтады ӕмӕ та атындзынц экскаваторты размӕ. Арӕзтады алыхуызон куыстытӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕнынц Черчесты Уырызмӕг ӕмӕ Цопанаты Зауыр дӕр», — загъта Джимиты Аслан.

Иу ныхасӕй, раздӕр химион буаргъӕдтӕй тӕссаг кӕм уыд, уыцы ран иу куыст иннӕйы ӕййафы. Рӕхджы ам цыппӕрӕймаг фӕлтӕр ӕвӕрын бахъӕудзӕн сау мӕрӕй ӕмӕ бӕлӕстӕ ныссадзын дӕр, цӕмӕй Уыналмӕ ӕввахс ӕрыдоны доны ацы атагъа суа Уӕлладжыры комы хӕхбӕсты райдзастдӕр ӕмӕ ӕнӕниздӕр бынат.

Тохсырты Къоста

Къамтӕ систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here